Хуымæтæг, æнæхин, æргомзæрдæ…

0
7

(Дойаты Оледжы райгуырды 75 азы бонмæ)

Цæгат Ирыстоны телеуынынады рæзтыл, журналистты ног фæлтæр хъомыл кæныныл нæ ауæрста йæхи, бирæ телепроектты автор, республикæйы Культурæйы сгуыхт кусæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады ордены кавалер, Уæрæсейы Журналистты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы Парламенты информацион-аналитикон управленийы разамонæг Дойаты Олег. Йæ æнæкæрон хъару æмæ зондæй йæ хæлæрттæ, æмкусджытæ æмæ фæдонтæн уыд, абон дæр сыгъдæг хъуыдытимæ кæй мысынц, ахæм адæймаг.

Уæздандзинады уæлдæр къæпхæныл Леонардо да Винчи нымадта хуымæтæгдзинад, æнæхин æмæ æргомзæрдæйы хицæутты. Æппæт уыдæттæй хайджын уыд Дойаты Олег. Райгуырд Елхоты, бинонтæ сæ фæллад уадзынмæ куы ссыдысты, уыцы рæстæг. Йæ фыд Рамазан æфсæддон уыд, æмæ бинонтæ иу ранæй иннæмæ йемæ цыдысты, службæ кæнынмæ йæ кæдæм æрвыстой, уыцы рæттæм. Йæ ныййарæг Иринæ дохтыр-эпидемиолог уыд, Олегæн та йæ хоимæ сæ сабибонтæ Вильнюсы, Ростовы, бирæ æндæр рæтты цыдысты. Фæлæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы 4-æм скъола. Йæ уд, йæ дзæцц – футболæй хъазын, кæд æм Иринæ тынг хæцыд, уæддæр. Нæ йæ фæндыд, йæ хъæбул футболист суа, уый. Хатт-иу лæдзæг дæр райста йæ къухмæ – йæ фырт æгас уæгъд рæстæг дæр æрвыста стадионы. Футбол æмæ чингуытæ – уыдоныл æнувыд уыд лæппу.

Мады та фæндыд, цæмæй йæ хо Бэлæйау Медицинон институтмæ бацæуа скъола каст фæуыны фæстæ. Йæ хорз хæларимæ сæ гæххæттытæ балæвæрдтой, æмбал бахауд, Олег – нæ. Уæдæ, афæдз ма фесæфа, зæгъгæ, кусынмæ бацыд Тельмæны уынджы типографимæ. Бауарзта ацы куыст, чиныгимæ баст уыд, лæппуйæн та уый табуйаг уыд. Уыцы уарзондзинад æй ахуыдта Мæскуыйы Иван Федоровы номыл Мыхуыры паддзахадон университетмæ. Низау ын уыд футболæй хъазын, канд ацы ахуыргæнæндоны футболон командæйы кад нæ хъахъхъæдта, фæхуыдтой йæ иннæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты футболон командæтæ дæр.

Дыккæгæм курсæй ацыд æфсады рæнхъытæм, службæ кодта Ферганайы, десантон æфсæдты. Ныр дæр ма бинонты архивы ис уыцы бынаты ист къам, балæвар ын æй кодта йе ‘мслужбæгæнæг, бортмеханик Георгий, иуырдыгæй – йæ хуызист, йæ фæстæ та – йæ къухфыст: «Фæнды мæ, цæмæй нæ салдæттæ иууылдæр дæу хуызæн уой, Дойы-фырт», зæгъгæ, ныхæстимæ. Йæ службæ куыд хаста, уый уымæй дæр бæрæг уыд. Æфсадæй куы ссыд, уæд æй йæ ныййарджытæ Мæскуымæ нал ауагътой æмæ уæд ЦИПУ-йы уырыссаг филологийы факультеты йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта. Сæ курсы студенттæ æмдзæвгæтæ, кæрæдзиуыл хъæлдзæг рæнхъытæ фыссынмæ дæсны уыдысты, шаржтæ фыстой хъуыстгонд поэтты уацмыстыл. Суанг ма Александр Гончаров, Гæззаты Ларисæ, Æгъуызарты Руслан æмæ иннæты уацмыстæй Гæззаты Ларисæ æмбырдгонд дæр рауагъта. Зæрдæмæ хъаргæ рæнхъытæ дзы ныффыста Олег, уæлдайдæр – йæ фыдыл.

Ахуыры рæстæг кæронмæ æрхæццæ æмæ филфачы рауагъдон бацыд кусынмæ республикон газет «Молодой коммунист»-мæ, уыцы-иу рæстæг æрмæджытæ цæттæ кодта газет «Социалистическая Осетия»-йæн дæр. Куыста дзы Бицъоты Барис, æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, Олег йæ фыды хойы тыххæй ахæм æрмæг ныффыста, æмæ йæ диссагæн хастой. Æгъуызарты Æхсарбег Цæгат Ирыстоны телестудийы сæргъы лæууыд, йæ фырт Русланимæ та хорз хæлæрттæ уыдысты. Студимæ ‘рбацæугæйæ йын раттой, телевизормæ кæсджыты курдиæттæм гæсгæ программæйæн текст ныффыссыны хæс. Йе ‘рмдзæф дзы бæрæг дардта, иннæтæй тынг хицæн кодта, студийы сфæлдыстадон кусджытæ уый æнæ бафиппайгæ нæ фесты. Иумæйаг æмбырды дзы алчидæр раппæлыд, уый та йæ куыстмæ тынгдæр сразæнгард кодта.

Уыцы æмбырд абоны хуызæн йæ зæрдыл дары йæ бинойнаг Риммæ, уыцы цауы фæстæ йæ, зæгъы, Æгъуызары-фырт кусынмæ айста «Юность»-ы редакцимæ. Кусын райдыдта Томайты Адæ, Бызыккаты Светæ æмæ Сихъоты Фатимæимæ. Йæ фидæны бинойнагимæ хæстæгдæр ам базонгæ сты, иумæ куыстой равдыст «Осетия спортивная»-йыл, Риммæ уыд равдысты режиссер. Диссаджы адæймæгтæ куыста сæ алыварс: Бесаты Сашæ, Исмель Шаов, арæх сæ бæрæг кодта бирæвæрсыг курдиаты хицау Торчынты Эммæ. Скодта сын-иу æмдзæвгæтæ фылдæр кæсынæй, кæй фыст сты, уыцы авторты рахатыны ерыстæ. Риммæйы фæндыд кинокритик суæвын, фæлæ йын нæ бантыст, йæ ныййарджыты кæмæн ныууагътаид?.. Фæлæ киномæ уарзондзинад йæ уды нæ бамынæг, йæ мад обкомы кусæг уыд, æмæ йын кинонывты æхгæд равдыстытæм уыд фадат цæуын. Уæгъд рæстæг сын-иу куы аззад, уæд кабинеттæй искæцыйы ныхас кодтой сфæлдыстадыл. Афтæ, цадæггай кæрæдзимæ хæстæг кодтой дыууæ æрыгон адæймаджы.

Цавæр уыд бинонты ‘хсæн? Сæумæйæ саудалынгтæм уыд йæ куысты, æнафон-иу хæдзармæ бацыд, йе ‘хсæвæр – цæттæ, уый фæстæ-иу газеттимæ йæхиуыл дуар бахгæдта, рудзынг-иу байтыгъта, цæмæй тамакойы фæздæг бинонты ма хъыгдара æмæ-иу фыста фæсахсæвæртæм.

Эфиры ивддзинæдтæ цыд, фæзынд информацион программæ, диктортæ нал уыдысты, фæзынд дзы амонджытæ. Текст кæсынæй уæлдай, цыма адæмимæ ныхас кæныс, афтæ хъуамæ дардтаид йæхи амонæг. Уый та алкæйы къухы не ‘фтыд, иутæн уад, иннæтæн – нæ. Уымæ гæсгæ-иу бирæ нæ бафæстиат сты. Эфирæй сæ айсыны фæндон Олегæй кæй нæ цыд, уый сæ иутæ абоны онг дæр нæ зонынц. Информацион программæйы сарæзтимæ уырдæм кусынмæ бацыдысты Толпарты Ларисæ, Люда Карпенко, Алексей Козаков, редактор – Юрий Ясько, афтæмæй. Бирæ барста, эфир-иу зæрдæйы фæндиаг куы рауад, уæд-иу дзы æппæт дæр айрох. Кабинеты бадгæйæ дæр, эфирмæ лæмбынæг каст, йæ цæсгом-иу ныррухс, разыйæ-иу куы баззад, уæд. Искæйы æнтыстытыл алчи нæ бацин кæны, Рамазаны фырт уыдонæй нæ уыд. Уарзта эфир, фæлæ аууоны дардта йæхи æдзух, цæстæй-иу æй агуырдтой алы хатт, уымæн æмæ зыдтой, кæмдæр хæстæг лæуд кæй у. Куыд цин кодта чысыл æнтыстыл дæр, йæ редакцийы, фæстæдæр та æгас эфирыл дæр дзуапп куы лæвæрдта, уæд!

Уæлдай зынаргъ ын уыд Хуссар Ирыстон, арæх цыд уырдæм, хæсты бонты дæр, æндæр рæстæг дæр. Иуахæмы сæ къорды зæй æрæййæфта, куыддæртæй хæдтулгæйæ рахызтысты видеокассетæимæ æмæ сæ фазыл фæбырыдысты æдасдæр ранмæ. Хæдзары ницы схъæр кодта, фæстæдæр сын æй радзырдта къорды оператор Дзугаты Юри. Ирон-мæхъæлон быцæуы, Хуссар арты куы сыгъд, уыцы бонты æрмæджытæ истой оператор Битарты Русланимæ. Бинонтæ уымæй базыдтой, æхстыты рæстæг акъоппыты цытæ бавзæрстой, уый. Йæхицæй никуы ницы схауд. Куыд уарзта Хуссар Ирыстоны цæрджыты, йæхи цæуыны сæр куынæуал хъуыд, уæддæр-иу сæм ацыд æххуысмæ. Уыдон дæр æм уыцы зæрдæ дардтой. Парламенты кусгæйæ дæр йæ æрмæджыты архивæй цæстуарзонæй лæвæрдта ног сарæзт телеуынынадæн. Бирæ баххуыс кодта йе ‘мкусджытимæ, цæмæй тагъддæр рацæуой эфиры.

Телеуынынады куыст æмбаст у, программæты аразджытæн ахсджиаг уыд йæ хъуыды фехъусын, йæ куысты йын бирæ бантыст ногдзинæдтæ сæххæст кæнын. Хистæртимæ хистæр уыд, кæстæртимæ – кæстæр. Иуахæмы йæ кабинетæй рахызт студент, йæ цæсгом, цымæ йыл хур ракаст, уый æнгæс æмæ уыцы амондджынæй, Олег Рамазаны фырт мын мæ текстæй ницы сраст кодта, зæгъгæ, цингæнгæйæ фæраст. Фæлмæн, фæлæ хъæддых уыд, разæнгард кодта адæймаджы, кæдфæнды æмæ кæмфæнды дæр. Уымæн уыд хæстæг, Парламенты информацион-аналитикон управленийы разамонæг кæй сæргъы лæууыд, уыдонæн.

Куы æррынчын, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, æууæндыд, кæй сдзæбæх уыдзæн, ууыл. Мæскуыйы Блохины номыл Наукон медицинон иртæстыты институты дохтыр ма дзы афтæ дæр загъта, хъаст чи кæны, уыдонæй нæу, æцæг лæг у, ахæмты та зындæрæй дзæбæх кæнынц, зæгъгæ… Операцимæ йæ цæттæ кодтой, фæлæ низ тыхджындæр разынд. Сразы Америкаг программæйы архайыныл дæр, иртæстой ног хос, бахаста йæм йæ ныфс. Афæдзы дæргъы Риммæ боныгмæ хаста боны дæргъы йæ уавæры бæрæггæнæнтæ, æрвыста сæ центрмæ, фæлæ йын уыцы хос дæр ницыуал баххуыс. Дохтыртæ йын хъуамæ раттаиккой фыццæгæм къорды инвалиды гæххæтт. Нæ сæ бауагъта, йæ куыст куыд хъуамæ ныууагътаид… Куыстмæ цыд æмæ фæстæмæ здæхт фистæгæй, бинонтæн æй не схъæр кодта, фæлæ иуахæмы фæбырыд æмæ ахауд. Æрмæст æм Æгъуызарты Руслан бæрæггæнæг куы ‘рбацыд, уæд уымæй базыдтой хабар. Мæй дæр нал ахаста уый фæстæ…

Йæ бæллиц уыд футболы тыххæй чиныг ныффыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæнын. Фыссынмæ йæм бавнæлдта, куы фæрынчын, уæд. Йæ къухфыст фыццагау каллиграфион нал уыд, фæлæ дзы йæхи къухæй чингуытæ сæмбырд кодта æмæ сæ байуæрста. Йæ царды фæстаг бон æм йе ‘мбæлттæ æрбамбырд сты, сæ ныхас уыцы чиныджы тыххæй, куыд мидисджын æмæ йæ хорз ныффыста, ууыл. Хъыгагæн, дыууадæс азы рацыд, йæ фæстаг фæндон та нырма æххæстгонд не ‘рцыд.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here