Граждайнаг бæрнондзинад фæдзæхсын кæй хъæуы, уый хæдтулгæскъæрджыты зæрдыл лæууын кæны паддзахадон автоинспекци.
2002 азы 25 апрелы фидаргонд №40 «Транспортон фæрæзты хицæутты граждайнаг бæрнондзинад æнæмæнг фæдзæхсыны тæххæй» федералон закъонмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы территоритыл æппæт хæдтулгæскъæрджыты хæс у ОСАГО-йы полис сæхимæ дарын. Хæдтулгæскъæрæгмæ фæдзæхстадон полис кæй нæй, уый нымад у закъонæвæрынады фехæлдыл канд уый нæ, фæлæ ма ацы æууæл хæдтулгæскъæрæгæн йæхицæн æмæ фæндагыл цыды иннæ архайджытæн дæр расайы стыр финансон фæстиуджытæ.
Æнæ цæттæгонд полисæй транспортон фæрæз скъæрыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы «Административон барадхæлдтыты тыххæй» кодексы 12.37-æм статьяйы дыккаг хаймæ гæсгæ, адæймагæй бадомдзысты административон бæрнондзинад. Закъон фыццаг хатт фехалыны тыххæй адæймаджы фæивар кæндзысты 800 сомæй. Афæдзы дæргъы закъон дыккаг хатт хæлд кæд æрцæуа, уæд ивары бæрц 3000-5000 сомы онг фæфылдæр уыдзæн.
Фæндаггон-транспортон фыдбылыз кæд æрцæуа, уæд фæдзæхстадон фиддонтæ райсынæн фæндагыл цыды дыууæ архайæджы хæс у архайæг ОСАГО-йы полис дарын.
Фыдбылыз кæд æрцæуа, уæд дын дæ зианы аргъ фыдбылызы ‘рцыдæй аххосджын адæймаджы нæ, фæлæ, фæдзæхстадон компанийы хардзæй кæй бафиддзысты, ОСАГО-йы полис дарыны æууæл ууыл дзурæг кæй у, уый уæ рох ма уæд. Аххосджын хæдтулгæскъæрæгмæ цæлцæггæнæн куыстытæ баххæст кæнынæн æхца ис æви нæй, дæ уавæр уымæй аразгæ кæй нæу, амынд æууæл ууыл дзурæг у – фæдзæхстадон компанийы хæс у закъоны фидаргонд гæрæнтæм гæсгæ компенсаци дын бафидын. Полис дæ исбонадон интерестæ хъахъхъæны. Полис банымайæн ис фæндагыл æдасдзинады финансон базыл.
Паддзахадон автоинспекци æппæт хъæдтулгæскъæрджытæн фæдзæхсы фæдзæхстады хъуыддаг бæрнонæй æххæст кæнын, полистæ афоныл цæттæ кæнын, стæй бадзырды æууæлтæ биноныг рахатын. Амынд уагæй архайæг адæймаджы исбонон интерестæ хъахъхъæд æрцæудзысты, стæй фæндагыл æрцæуæг æнæнхъæлæджы уавæрты заман фæдзæхстадон фиддонтæ райсынæн æмбæлгæ бындуртæ фæзындзысты.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады паддзахадон автоинспекцийы пресс-службæ














