Ахуыргæнæн семинар

0
60

Нæ республикæйы дарддæр цæуы «Хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты разамонджыты разамынд дæттыныл ахуыр кæнын»-ы проект.

Хъуыддаг æххæстгонд цæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй, цæстдарæг æм у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.

Ацы хатт ахуыргæнæн семинартæ арæзт æрцыдысты Наукон библиотекæйы. Амыдта сæ республикон Æвзарæн къамис. Семинарты архайджытæн арфæйы ныхас загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы хæдивæг Бясты Игорь.

Разамынд дæттыны ахуыртæ ивгъуыд аз куыд арæзт цыдысты, стæй, ацы аз цы хуызы хъуамæ ацæуой, уый фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ.

Хицæн ныхас цыд фæсивæдон æвзарæн къамисы куыстыл. Ахуырты архайджытæ æрныхас кодтой æвзарæн процессмæ æрыгæттæн се ‘ргом раздахыны фарстатыл.

Куыд зонæм, афтæмæй проекты нысан у разамынд дæттыныл ахуыргæнæн
хуыздæр уынаффæтæн аргъ скæнын æмæ уыцы хуыддаджы фæлтæрддзинадимæ кæрæдзийы базонгæ кæнын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here