Социалистон Фæллойы Хъæбатыр
Мæрзойты Хъазыбеджы 100 азы райгуырды бонмæ
Мæрзойты Хадзымуссæйы фырт Хъазыбег – Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, йæ цард, йæ хорз хъуыддæгтæй ХХ æнусы, 60-80-æм азты бæрзонд систа Кировыхъæуы фарн æмæ кад. Уый æдзухдæр архайдта йæ адæмы иудзинадыл, æппæт мадзæлттæ арæзта йæ дæлбар хæдзарады рæзтæн æмæ, йæ царды уалдзæджы ауæдзы цы нæмгуытæ акалдта, уыдон ын йæ царды фæззæджы бæркадджын фæллой раттой.
Хъазыбеджы ныййарджытæ Хадзымуссæ æмæ Басион Анутæ(Нана) кæд зæхкусджытæ уыдысты, мæгуыр цард кодтой, уæддæр уарзондзинад тыхджын у, æмæ сыл цард бацайдагъ. Уыдис сын дæс хъæбулы, дыууæ дзы гыццылæй амардысты, фæлæ сæ цыппар лæппуйы æмæ цыппар чызджы сарæзтой царды рæсугъд фæндæгтыл, сахуыр сæ кодтой ирон хæдзары скъолайы æгъдæуттыл, адæм æмæ фæллоймæ уарзондзинадыл.
Хъазыбег уыд цоты хистæр, райгуырд 1926 азы 13 июлы. 1943 азы фæцис Кировыхъæуы 9-азон скъола иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ.
Астæуккаг скъолайы фæстæ, бинонты уæззау уавæртæм гæсгæ, кусын райдыдта колхозы прицепщикæй, уый фæстæ сбадт тракторыл.
1950-1951 азты Советон Æфсады рæнхъыты службæйы рæстæг æнæнхъæлæджы йæ фыд амард, æмæ йæ æмгъуыдæй раздæр суæгъд кодтой йæ службæйæ.
Мæрзойы-фыртæн гуырдзæй нæ баззад хъæздыгдзинады хордзен, уый хыгъд йæ удварн æххæст уыд ирон фарн, æгъдау, уæздандзинады æууæлтæй, фæзминаг – алы хъуыддаджы. Рухс фидæнмæ тырнынæн ын ахуыр æмæ фæллой систы царды дыууæ базырау. Уыдон ын лæвæрдтой ныфс, æмæ 1954-1956 азты фæсаууон ахуырмæ бацыд Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон скъоламæ. 1956-1957 азты та райста уæлдæр партион скъолайы ахуырад. Назраны хъæууон-хæдзарадон техникум каст фæци фæсаууонмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ, 1970 азы та – Хæххон хъæууонхæдзарадон институты экономикон факультет.
Æрдзон курдиат æм уыд æхсæны куыстмæ, разамонæджы дæсныйадмæ, адæмимæ цæрынмæ. Хъæубæстæ йын хистæрæй-кæстæрмæ кодтой стыр аргъ, æууæндыдысты йыл æмæ йæ 1957 азы, колхозы активы уынаффæмæ гæсгæ, уæлдайдæр – Козаты Сафонкайы хъæппæрисæй равзæрстой колхозы сæрдарæй.
Кировыхъæуы хæсты ветерантæ æмæ йæ цæрджытæ архайдтой стырæй-чысылæй хæдзарады райрæзтыл, æмæ æрыгон, æвæлтæрд сæрдары фарсмæ ‘рбалæууыдысты колхозы раздæры сæрдартæ, фæлтæрдджын æмæ куырыхон хистæртæ Къозонты Къоста, Хъайтмазты Къоста, Козаты Сафонка æмæ Спиридон, Гаджиты Матвей æмæ иннæтæ. Уый сæм лæмбынæгæй хъуыста, пайда кодта сæ зонындзинæдтæй. Фæзынд иудзинад адæм æмæ хицауады астæу дæр. Колхозы активисттæ Дзалаты Солтан æмæ Гаппо, Сихъоты Кота æмæ Адæбе, Мурасты Чермен, Козаты Гуыбе, Гаджиты Алыбег, Бирæгъты Кирил, Куыдзæгты Уалент, Къадзаты Евген, Андрей Дьяченко, Баситы Замирæт, Гаджиты Ксеня, Магкаты Разиат, Дзалаты Наталья æмæ иннæтæ, фидар цæджындзтау, æрбалæууыдысты Хъазыбеджы алыварс æмæ удуæлдайæ архайдтой хъæздыг тыллæг æрзайын кæныныл алыхуызон халсартæй: нартхор, цæхæра, джитъри, бадырджан, сысджы, мæнæу, харбыз æмæ афтæ дарддæр. Уыдоны уæлдай быдырты тыдтой гæн. Ацы культурæйы куыстæй бæлвырд фылдæр æфтиаг хауын райдыдта хæдзарады къазнамæ æмæ хъæуы цæрджытæм. Цард хуыздæрæй-хуыздæр кодта экономикон æмæ культурон æгъдауæй.
Хетæгкаты Къостайы номыл колхозонтæ цалдæр азы мидæг сæ хъазуатон фæллойадон æнтыстыты тыххæй Мæскуыйы уыдысты ССР Цæдисы Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдыстыты архайджытæ. Раззагдæртæ хорзæхджын æрцыдысты Равдысты майдантæ, дипломтæ æмæ хæрзиуджытæй.
Цымæ цал æгъуыссæг æхсæвы арвыста Хъазыбег йæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны охыл. Уый йæ адæмы, йæ хъæубæстæ æмæ зæххы куыст афтæ тынг куы нæ уарзтаид, уæд сын йæ царды æрыгондæр азтæ дæр не снывонд кодтаид. Æрмæст Кировыхъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы сæрдарæй бакуыста 27 азæй фылдæр, æртæ азы та – Мичурины хъæуы фæстæзад колхозы. Хъазыбег ам дæр дысвæлдæхтæй æхсæвæй-бонæй архайдта. Йæ рæстдзæвин разамындæй цыбыр рæстæгмæ Мичурины колхозы активимæ, хъазахъхъæгтæ æмæ фæсивæды æвзыгъдтимæ йæ къухы бафтыд ног æнтыстдзинæдтæ хорæрзады, фос дарыны хабæртты, æмæ фæстæзад колхоз раззагдæрты æмрæнхъмæ рацыд. Мичуринæгты цинæн кæрон нал уыд. Социалон æмæ экономикон æгъдауæй сæ царды уавæртæ фæхуыздæр сты.
Æгæрон сты Мæрзойы-фырты æнтыстдзинæдтæ хъæууонхæдзарады рæзты, фæлæ уæддæр, Хъазыбег йæ райгуырæн Кировы хъæубæстæн цас хæрзты бацыд, уыдон нымайæг нымад нæ фæуыдзæн. Сæ сæйрагдæртæй: æрдзон газ фæзынд алы хæдзары, хъæуы уынгты æфсæйнаг хæтæлтыл рацыд нуазыны дон, адæм сæ ведратимæ иу тигъæй-иннæмæ цъайтæй дон нал хастой. Уый цас удæнцойдзинад æрхаста цæрджытæн! Уæдæ алы хæдзары фæзынд радио, телевизор, телефонтæ. Хъæуы уынгтæ æмæ фæндæгтæ лæгъз æрцыдысты, сæйрагдæр уынгтæ – асфальтæй æмбæрзт. Телыхъæдтыл фæзындысты электрон цырæгътæ.
Ног скъола, ног культурæйы хæ-дзар, рæвдауæндон, алыхуызон дуканитæ, уæлæйы дзаума æмæ дзабыртæ хуыйæн цехтæ, библиотекæ, æхсырытоварон, лыстæг фосы, цъиутæдарæн фермæтæ – иууылдæр арæзт цыдысты кусæг лæджы цардыуаг фæрогдæр кæнынæн. Хъæуы цæрджытæй бирæтæн бантыст цæрæн хæдзæрттæ саразын колхозы æххуысæй.
Радих-иу сын кодтой зæххы хæйттæ, фæкаст-иу сæм арæзтадон æрмæгæй. Зæгъæм, Хъазыбеджы фæндонмæ гæсгæ, правлени рахаста уынаффæ, поэт Туаты Сергейæн колхозы хардзæй саразын дыууæуатон хæдзар зæххы хайимæ. Ацы фæндон царды æххæст дæр æрцыд. Ахæм хабæрттæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты йе ‘нæрынцой куысты. Бонæй-бонмæ йæ царды рифтаг дзагæй-дзагдæр кодта фæзминаг хъуыддæгтæй. Гаджиты Витя æмæ Нинæйæн уыд æхсæрдæс сывæллоны. Колхоз сын материалон æгъдауæй æрвылаз æххуыс кодта. Уый уæлдай ма сын ног хæдзар сарæзта стыр зæххы хайыл æмæ афтæ дарддæр.
Культурон æгъдауæй дæр хъæуы Культурæйы галуаны цард цæджджинагау фыхт. Ирон театры, Куклаты театры артисттæ, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон кафджыты ансамбылы кафджытæ арæх æвдыстой колхозы хардзæй сæ спектакльтæ æмæ концертон программæтæ. Цымыдисаг фембæлдтытæ арæзта Фысджыты цæдисы уæнгтимæ. Клубы алы изæр дæр æвдыстой кинонывтæ хистæртæн, сабат æмæ хуыцаубонты та – сывæллæттæн.
Уыд ын парахат бастдзинад Горькийы номыл автомобилон заводы хицауимæ дæр. Сæ лымæндзинады фæрцы йæ цыдæриддæр техникæ хъуыд колхозæн, уыдон ногæй-ногмæ ивтой.
Хъазыбег уыд Æрыдоны райкомы партион организацийы активондæр æхсæнадон архайджытæй, СЦКП-йы XXIV съезды делегат, Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Совет æмæ Æрыдоны райсоветы депутат, СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обком æмæ Æрыдоны райкомы, Уæрæсе Колхозты Цæдисы уæнг, адæмон депутат. Йæ фæллойадон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд Советон Цæдисы Фæллойы Хъæбатыры номæй, Ленины орден æмæ майдан «Дзæбуг æмæ Æхсырф» æмæ ма бирæ æндæр Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны хæрзиуджытæй. Уæлдæр хицауад ын йе ‘вæллайгæ куыстæн кодтой стыр аргъ, æмæ ссис нæ республикæйы хуыздæр хъæууонхæдзарадон фæллойы организатортæй иу. 1984-1986 азты та сси нæ республикæйы хъæууонхæдзарадон Паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæг, 1986-1989 азты уыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон аграрон промышленнон транспортон дæлбархайады хицау. 1989 азæй йæ царды фæстаг бонтæм разамынд лæвæрдта мыдыбындзыты совхоз «Бехъан»-æн.
Хъазыбег царды къæпхæнтыл афтæ бæрзонд не схызтаид, йæ фарсмæ фидар цæджындзæн йæ цардæмбал Калоты Барисы чызг Лидæ куы нæ уыдаид, уæд. Лидæ уыд уæздан æмæ сæрæн, æцæг нæртон сылгоймаг, къонайы фарн. Уарзонæй йын уырдыг фæлæууыд йæ царды фæстаг бонмæ, фæлæггад ын кодта æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ, æдзух йæ фæстæ цы бирæ ‘мгæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, суанг ма фæсарæйнаг уазджытæ цыд, уыдонæн дæр. Лидæйы фæрцы йæ бинонтæм йæ зæрдæ никуы ‘хсайдта. Сæ ахуыры хабæрттæ, хæдзары зылдтытæ, хъомыладон фарстатæ бындуронæй иууылдæр бæрнонæй уæз кодтой Лидæйы уæхсджытыл, цæмæй Хъазыбегæн æнцондæр уа, æмæ йæ куысты хабæрттæ æнæкъуылымпыйæ цæуой.
Лидæ хæрзæрыгон чызгæй баззад сидзæрæй. Хъазыбегимæ кæрæдзийы бауарзтой, æмæ фарны къах æрбавæрдта Мæрзойты бинонтæм. Бинонтæ йæ хи чызгау сбуц кодтой. Хъазыбег та йын йæ фæлмæн уарзты ахадындзинæдтæй йæ зынтæ æмæ сидзæры бонтæ ферох кæнын кодта. Сæ уарзондзинады фæрцы фидар ахстон сбыдтой. Равзæрд сын цыкурайы фæрдгуыты хуызæн æртæ чызджы: Светæ, Беллæ, Аллæ æмæ къонайы бындар – Вячеслав (Славик).
Хъазыбег царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл фæцыд хæрзгæнæгæй, сыгъдæгзæрдæйæ. Цард адæмы хорзæхæн, фæсивæды сомбоны амондæн. Фæлæ хъысмæты фæндаг æдзух æмхуызон лæгъз нæ вæййы. Йæ тæккæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд уæззау низæй фæрынчын. Дохтырты хуыздæртæ йæ разы цырагъау фæлæууыдысты дæргъвæтин рæстæг. Буц æмæ рæвдыд уыд йæ кæстæртæй, æмхуызонæй йын зæрдиагæй лæггад кодтой, фæлæ адзалæн мадзал нæй… 1991 азы 23 августы банцад йæ куыстæй – адæмæн уарзон, хорз адæймаг, арæхстджын æмæ хъæппæрисджын разамонæг, хъæууонхæдзарадон куыстады курдиатджын организатор, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Мæрзойты Хадзымуссæйы фырт Хъазыбеджы зæрдæ. Кад æмæ намысимæ æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы.
ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ,
Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг














