Хуры тыны рухсау уыд йæ фæзынд…

0
46

Хетæгкаты Хъазыбеджы райгуырды 90 азы бонмæ

Цард кæмæй фидауы, цæстытæ кæй сурæт агурынц, йæ уды фарн зæрдæйы кæмæн баззад, йæ аивад та – Ирыстоны аивады хæзнадоны къæбицы бæрзонд æвæрдæй кæмæн у æмæ уыдзæн æнусты фæстæ дæр, уый у Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Хетæгкаты Хъазыбег. Абон ыл сæххæст уыдаид 90 азы.

Райгуырд 1936 азы 10 июлы Къостайыхъæуы. Хъæууон скъолайы фæстæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы педагогон училищæйы аивадон-графикон хайад. Уый фæстæ уæлдæр ахуырад райста Ленинграды И.Е. Репины номыл нывкæнынад, скульптурæ æмæ архитектурæйы институты. 1985 азы Уæрæсейы Аивæдты академи Хъазыбегæн йе сфæлдыстадон сгуыхтдзинæдты тыххæй саккаг кодта æвзист майдан. Хъазыбег уыд курдиатджын нывгæнæг, Ленинграды академийы къамисы уæнгтæ ацы хæрзиуæджы аккаг Ирыстонæй фыццаг уый скодтой. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн… Нывгæнæг цæрæнбонты цы сфæлдыстадон бынтыл фæфыдæбон кодта, уыцы бæлæстæ нæртон дидинæг куы ракалдтой æмæ йæ царды рагвæззæджы дыргътæ æмбырдгæнæн афон куы ‘рхæццæ, уæд… Уæд ын сæ ад базонын нал бантыст.

Уæззау цау æрцæуыны размæ æрдз дæр цыдæрхуызон ныссабыр вæййы. Ныггоби вæййынц цъиутæ дæр, æмæ сæ цъыбар-цъыбур нал фæхъуысы. Раст ахæм уыд 1985 азы 5 декабрь Хъазыбеджы амæлæты бон. Аскъуыд æрдæгыл йæ цард. Цы сты 49 азы цæрынæн? Уысм. Сфæлдыстадон адæймагæн та – уысмы ‘мбис. Хъазыбегæн Ленинграды ацы стыр хæрзиуæг цы бон снысан кодтой, уыцы бон æй Дзæуджыхъæуы та Иры дзыллæ фæндараст кодтой йе ‘нусон дунемæ. Бæстæ баталынг. Дыдзы цырагъау Иры фарнæн нывгæнæджы уд басыгъд.

Фæлæ ма искуыдæр æцæг адæмон нывгæнæгæн амæлæн уыд? Нæ. Цы бинонтæ æмæ бирæ хæлæрттæ ныууагъта йæ фæстæ, уыдоны фарнæй цæры нæ зæрдæты, йæ ахуыргæнинæгты мысинæгты, цæры йæ конд кæттæгтыл, цæры Ирыстоны аивады историйы, газеттæ, журналтæ æмæ чингуыты фæрстыл… Цæры æмæ нæ хъуыдытыл æфтауы. Хъустыл та ауайы йæ диссаджы зарæг… Уæдæ цæры…

Æгæрон сты Хъазыбеджы сфæлдыстадон бынтæ Ирыстоны нывкæнынады. Нывгæнæг дзы ссардта йæхи фæндаг æмæ йыл кадимæ кæронмæ ацыд. Уый уыд, йæ цард æнæхъæнæй дæр аивадимæ чи сбаста, ахæм адæймаг. Йæ куыстытæй бирæтæ абон сты Уæрæсейы стырдæр музейты экспонаттæ. Паддзахадон Уырыссаг музейы, Скæсæны адæмты паддзахадон музейы, Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы Мæскуыйы, Ленинграды Е.И. Репины номыл Аивæдты академийы фонды, уыимæ – Ростовы, Гуыр-дзыстоны, Болгарийы, Кæсæджы…

Ирыстоны нывкæнынады историйы Хъазыбег баззад ирон Рембрандтæй. Уыцы хъуыды сæ рæстæджы загътой Ирыстоны зынгæ аивадиртасæг Дзантиаты Анатоли, скульптор Дзбойты Михал, нывгæнджытæ Бедойты Шалва, Джыккайты Мурат, дзæнæтыбадинаг Æрчъегкаты Аслæнбег æмæ Гæгойты Таймураз.

Йе сфæлдыстадыл цæст ахæсгæйæ, æнцонæй рахатæн ис, йæ куыстытæн сæ фылдæр хай кæй сты бирæфигурон нывтæ. Алы нывгæнæг нæ бахæс-дзæн йæ ныфс ацы хуызы нывтæ кæнынмæ. Хъазыбег та фæлтæрд уыд куыстмæ. Йæ бирæфигурон композициты райтыгъта йæ адæмы, фыдæбонгæнджыты сурæттæ. Йæ хъайтартæ агуры куыстуæтты, колхозон быдырты, æрзæткъахæнты сын æвдисы сæ цард, сæ уды конд, се ‘гъдау, фæтк… Семæ хорз зонгæ уæвгæйæ, уыдон разындысты йæ бирæфигурон  куыстыты: «Металлургтæ», «Киров хохæгтимæ», «Зырнæйзилджытæ», «Хохкъæртгæнджытæ», «Хоры куывд», «Чындзæхсæв», «Зиан» æмæ æндæрты.

Нывгæнæг цы портреттæ ныффыста, уыдон йе сфæлдыстады ахсынц зынгæ бынат. Сты æххæст æмæ уæззау сурæттæ. Уыдонæй иу у, цæстытæ атонын кæмæй нал фæкомынц, уыцы «Телойы портрет». Уæдæ йæ иннæ портреттæ:
«Хъæуккаг постхæссæг», «Зæронд салдат», «Адæйы портрет», «Мæ цардæмбалы портрет», «Сылгоймаджы портрет» дæр сты удæгас шедевртæ.

Хорз фыста пейзажтæ дæр. Йæ нывты зарыд ирон æрдзы алæмæты аивдзинадыл. Хъазыбе-джы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсы Къостайы сурæт. Нывтæ «Номарæн», «Къоста хасты фæстæ», «Хæрзбон поэтæн», «Къостайы зиан», «Зиан», «Трагикон этюд»… Æвдисынц нывгæнæджы ахаст поэтмæ. «Къостайы зиан» ссис Иры артдзæсты шедевртæй иу. Хъазыбег равдыста, поэты мæлæт адæмæн цы хъыг æрхаста, уый.

Æрмæст кæттагыл нæ нывтæ кодта, фæлæ дæсны уыд графикон куыстытæ кæнынмæ дæр. Ручкæйæ, кърандасæй, тушæй, гуашæй йæхицæн арæзта цæттæгæнæн куыстытæ, эскизтæ стыр кæттæгтæм. Фæлæ, алы эскиз хицæнæй райсгæйæ, йæхæдæг у æнæхъæн аивадон дуне. Уæлдайдæр та хорз арæхст акварелæй кусынмæ, кæцы у йæ технологимæ гæсгæ уæззаудæр, домы арæхстгай бавнæлд.

Хетæгкаты Хъазыбеджы номы цардысты адæймаджы удыхъæды хæзнатæ: цард æмæ адæммæ уарзондзинад, бæрнондзинад, æнæхиндзинад, уды сыгъдæгдзинад. Йæ зæрдæ гом уыд алкæмæн дæр, сывæллонау цин кодта алкæй циныл дæр. Хъазыбег уыд Ирыстонæн — фарнхæссæг хъæбул, йæ ныййарæг мадæн — коммæгæс фырт, йæ хæлæрттæн — ныфсы мæсыг, æфсымæрæн — фидар уæхск, йæ бинойнагæн — хорз цардæмбал, йæ цотæн — хорз фыд. Йæ хъæбулты хъæбултæн дæр уыдаид æппæтæй хуыздæр дада… Æмæ у. Уымæн æмæ сæм уыцы бæстæйæ дæр йæ фарн хæццæ кæны, уæлæуыл цы кад ныууагъта, уый та сын кæны рухс сæ цардвæндаг.

Хъазыбег уæззау æмæ мæгуыр уавæрты бахъомыл. Йæ равзæрст ахорæнтæ дæр сты морæ-хуыз, тар, хуымæтæг. Ахæм хуызтæй банкъардта нывгæнæг цард. Уый æмбæрста, цард æцæгæй трагеди кæй у. Чи зоны, йæ адзал дæр æмбæрста æмæ æппынæдзух кодта тагъд, йæхиуыл æнауæрдгæйæ куыста йæ æрмадзы. Йæ фæстæ цы бынтæ ныууагъта, уыдон сты 600 куыстæй фылдæр. Фæлæ цы гыццыл азтæ рацард, уыдонæй хаста йæ адæмæн рухс æмæ хъæлдзæг бонтæ. Раст хуры тыны рухсау уыд йæ фæзынд…

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here