Хетæджы Уастырджийы бон
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой Хетæджы Уастырджийы бон.
Рагон æгъдаумæ гæсгæ, республикæйы æппæт районтæй адæм кæдæм æрбацыдысты, сæйраг бæрæгбон уыд уым – Хетæджы къохы.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр уынаффæдон»-ы хуссар-ирыстойнаг хайады разамонæг Тыбылты Леонид æрбацыдысты кувæндонмæ бæрæгбон æмзæххонтимæ сбæрæг кæнынмæ. Дзыллон мадзалы архайдтой хицаудзинады оргæнты разамонджытæ, депутаттæ, æхсæнады минæвæрттæ. Æгъдау æххæст кæнгæйæ, Хетæджы къохмæ ’рбацæуæг хистæртæ гаджидæуттæ рауагътой.
– Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын! Бирæ азты дæргъы ацы бæрæгбон нæ адæмæн нымад у ахсджиагдæртæй иуыл. Арфæйаг хъуыддæгтæ аразынмæ разæнгардгæнæг ацы бæрæгбон мах иу кæны. Абон алы хæдзары дæр сабырдзинады, фæрныгад æмæ æнæниздзинады фæдыл цы сидтытæ зæлы, уыдон Дунесфæлдисæгмæ фæхæццæ уæнт. Нæ уарзон Ирыстонæн мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад æмæ райрæзт, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Хуссар Ирыстоны Президенты хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты номæй Тыбылы-фырт дыууæ республикæйы адæмæн дæр раарфæ кодта.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-слжбæ












