Дзæуджыхъæуы кадджын уагæй сæхгæдтой æртыккаг Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой». Ацы егъау культурон цауы кæронбæттæн равдыстой гала-концерт. Архайдтой дзы Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ.
Фестивалы архайджытæ æмæ уазджыты раз раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. «Дзæуджыхъæу ныр æртыккæгæм хатт фестиваль суазæг кодта, æмæ театралон аивад уарзджытæн уый ссис æцæг бæрæгбон. Нæ республикæ фылдæр æмбæлттæ æмæ хæлæрттæ ссардта ацы фестивалы руаджы, уæлдай бузныг Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл театры разамонæг Кирилл Крокæн, актертæн. Сымах æрмæст уе сфæлдыстад нæ равдисут Цæгат Ирыстоны, фæлæ ма рæгъмæ рахæссут æгæрон уарзондзинад уæ дæсныйадмæ. Кирилл æмæ театры коллектив, бузныг уын фæуæд, уæ зæрдæйы хъарм ам кæй ныууадзут, уый тыххæй», – загъта Сергей Меняйло.
Куыд зонут, афтæмæй Дзуджыхъæуы 6-12 июлы скодтой Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой». Йæ скæныны хъæппæрис равдыстой, фæрæзтæ радих кодтой Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл театр, РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ацы аз сæйраг темæ уыд Уæрæсейы Адæмты иудзинад.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ,
къам систа Татьяна Шеходанова












