РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд, 27-28 июны Бетъырбухы бæрæгбон «Алые паруса»-йы Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæй чи архайдта, уыдонимæ.
Уæрæсейы Адæмты иудзинады аз Цæгат Ирыстонæй 12 рауагъдоны, уыдонимæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ дæр, Ленинграды облæсты мидполитикæйы вице-губернатор Константин Патраевы (йæ фæсномыг – «Мир»), къорд «Алани»-йы раздæры хæстоны хуындмæ гæсгæ архайдтой рауагъдонтæн арæзт традицион бæрæгбон «Алые паруса»-йы. Делегацийы уæнгтæ уыдысты ахуыры бæрзонд бæрæггæнæнтæ æвдисæг ахуырдзаутæ, олимпиадæты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ, конкурстæ æмæ æндæр интеллектуалон ерысты фæуæлахизуæвæг рауагъдонтæ.
Республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлды чызджытæ æмæ лæппутæ дзырдтой сæ балцы тыххæй. Бæрæгбоны темæ 2026 азы уыдис рæзты истори æмæ хи фæндаг ссарын. Сергей Меняйлоимæ рауагъдонтæ дзырдтой сæ профессионалон фидæныл, цымыдисаг сын уыдис регионы разамонæджы цæстæнгас дæсныйад равзарыны хъуыддаджы.
Сергей Меняйло фæсивæдæн арфæ ракодта, скъола æнтыстджынæй кæй фесты, уый фæдыл, бафæдзæхста сын, цæмæй сæ размæ æвæрой бæрзонд нысантæ æмæ сæм æндон къахдзæфтæй цæуой.
– Мæ зæрдæ уын зæгъы стыр ирд уæлахизтæ. Уæ хъарутыл æууæндут, алкæддæр тырнут уæ зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнынмæ. Ут намысджын, цæсгомджын, æууæнкджын. Мах, хистæртæ, алкæддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ. Æз æууæндын, уæ царды уын æнæмæнг алцыдæр кæй бантысдзæн! – загъта Сергей Меняйло.
Бетъырбухы Ирыстоны минæварадæн бацæттæ кодтой хъæздыг культурон программæ – экскурситæ горæты историон бынæттæм, Паддзахадон музей «Петергоф»-мæ, Выборгмæ. Балцы сæйраг нысан уыдис, цæмæй рауагъдонтæ сæ зæрдыл бадарой уыцы бæрæгбон, иудзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ фæфидардæр кæнын, сæ зонындзинæдтæ сын фæуæрæхдæр кæнын – чызджытæ æмæ лæппутæ базыдтой уырысы Паддзахы хæдзары традицитæ, базонгæ сты горæты астæуккаг æнустæ æмæ хæстон хъæздыг историимæ, базонгæ сты музейы экспозицитимæ. Бетъырбухы ма рауагъдонтæ атезгъо кодтой, афтæмæй, горæт цæмæй æмæ куыд цæры, уый бамбæрстой, федтой йын йæ архитектурон æмæ культурон нысантæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














