Æфсæддонты бинонтимæ фембæлд

0
58

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтимæ. Уыдон республикæйы Сæргълæууæгмæ æрбацыдысты сæ фарстатæ æмæ зæгъинæгтимæ. Сæ фылдæр агуырдтой социалон æххуыс, сæ курдиæттæ баст уыдысты хъæугæ документтæ райсын æмæ æндæр хъуыддæгтимæ.

Фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Бясты Игорь æмæ РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Мамайты Анджелæ.

Сергей Меняйло лæмбынæг байхъуыста алы æрбацæуæг адæймагмæ дæр, цæстуарзонæй сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта.

Дзуапдæттæг бæрнон кусджытæй кæмæн æмбæлы, уыдонæн бахæс кодта æмæ сын загъта, иудадзыг дæр сын бастдзинад куыд уа æфсæддонты бинонтимæ, сæ царды уавæртæ сын фæхуыздæр кæнын, æндæр сæвзæргæ къуырцдзæвæнтæй рацæуынæн сын афойнадыл алывæрсыг æххуыс кæнын.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ республикæйы хицауады социалон политикæйы фыццаградон хæс кæй у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнын. Ахæм фембæлдтытæ фадат дæттынц, Райгуырæн бæстæ, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, чи хъахъхъæны, уыдоны, стæй сæ бинонтæн алывæрсыг æххуыс бакæнынæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here