Сæрдыгон хæхбæсты уæлдай тынгдæр цымыдисаг у. Адæймаджы зæрдæскъæфт фæкæнынц йе ‘вдадзы уæлдæф, æрдзон нывтæ æмæ фыдæлты рагон арæзтæдтæ.
Æппæты уарзондæр кæмттæй нын иу Куырттаты ком у. Æвæццæгæн, хæстæгдæр кæй у, æнцонвадатдæр, уый тыххæй. Канд туристтæ нæ, фæлæ нæхи ирон адæмæй дæр бирæтæ не схызтысты, Дзывгъисы сæрмæ дардмæ коммæ сау æндæргау чи зыны, уыцы рагон хъæу Гулимæ. Зæгъæн ис, æмæ ма ацы иунæг хъæу баззад æнæивдæй, рагонхуызæй. Æнхъæл дæн, æмæ хъæу чидæр йæхицæн уæтæртæн дары, уымæн æмæ, Гулимæ куы ссыдтæн, уæд къæдзæхфæхстæ æмæ къуылдымтыл фысты дзугтæ хызтысты. Ацы ран киноисæг къордтæн замманай фадат ис незаманты царды тыххæй кинонывтæ исынæн. Баззад дзы тъæпæнсæр хæдзæрттæ дæр. Уыдонæй иу у Кцойты хæдзар. Кцойты мæсыг та фæлгæсы сæрбæрзондæй дæлæмæ коммæ. Хъæу раджы федзæрæг, цы мыггæгтæ дзы цардис, уыдон хæххон зынвадæттæй быдырмæ алыгъдысты. Æнувыдæй Гулийыл баззад, æрмæст хъæуы астæу цы суадон кæлы, уый. Йæ рæсуг æмæ сатæг донæй йын сæхи æнæхай нæ кæнынц фыййæуттæ. Хъæу у æдзæм, æрмæст райхъуысы фысты уасын, куыйты рæйын æмæ фыййæутты æхситт.
Гули цæмæн хуыйны, уый абон ничиуал зоны, фæлæ, чиныг «Века и люди»-йы уый тыххæй куыд фыст ис, уымæ гæсгæ, Сыгъзæрин Ордайы ныббырстыты рæстæг Тимур алайнæгты куы ныццагъта, уæд се ‘хсæн уыдысты алайнаг раздзæуджытæ Кулу æмæ Тауыс. Сæ дыууæйы фидæрттæ дæр Куырттаты комы уыдысты. Уыдонæй иу Гулийы ис. Ахуыргæндтæ куыд загътой, уымæ гæсгæ дзырд «Гули» фылдæр баст у алайнаг къниаз Кулуйы номимæ æмзæлимæ, æмæ хъæу дæр уый номæй рахуыдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, монголы ныхмæ хæсты рæстæг хъæу нæма уыдис, ирон адæм хъахъхъæнæн фидæрттæ Дзывгъисы Хъæриуы фахсыл бæрзонд ран самадтой. Уым цардысты сæ хъæбатыр раздзог Кулуимæ, æмæ уый йæ адæмы сæрвæлтау тохы куы фæмард, уæд ма, уый фæстæ адæмæй чи аирвæзт, уыдон Дзывгъисы сæрмæ ног хъæу сарæзтой æмæ йæ Кулуйы номæй схуыдтой. Бындуронæй та хъæу Кцойты мыггаджы у. Кцойты рагфыдæлтæ Хъæриуы хохы фахсыл къæдзæхлæгæтæй сæ цæрæн бынат æривтой дæлдæр æмæ хъугæмтты æрцардысты, Гули кæм ис, уым. 1720 азы мыггаджы хистæртæ сæ ноггуырд лæппуйыл сæвæрдтой ном – Кцо. Уый ном мыггагæн рахастой фæлтæртæ. Кцойæн уыдис æртæ фырты: Хамырзæ, Астархан æмæ Тола. Æстдæсæм æнусы астæу Кцойты Толайы фырттæ Кос æмæ Кæкуыс фæтуджджын сты. Цæмæй хæрамдзинад дарддæр ма сырæзыдаид, уый тыххæй æфсымæртæ æфцæгыл ахызтысты. Кæкуыс æрцард Дыгуры. Уым ын бынæттон цæрджытæ баххуыс кодтой. Раттой йын зæххы хай, сарæзта дзы хæдзар æмæ ракуырдта Малиты чызджы. Уыимæ йын Малитæ чызг æнæ ирæдæй раттой. Райгуырд сын иунæг лæппу – Гуйда. Дыгуры Кцойтæ уый байзæддæгтæ сты. Цæрынц Лескен, Налцыкк æмæ Дзæуджыхъæуы. Иннæ æфсымæр Кос Хуссармæ алыгъд æмæ æрцардис Сыбайы. Йæхи Костæй рахуыдта. Абон дæр ма Сыбайы йæ номыл баззад Косты фæз. Косы фырт Смайлы уыдис къобаг Туаты хæрæфырт. Йæ мадыфсымæртæ та уыдысты авд. Уыдонæй фылдæр зæххытæ Къобы никæмæ уыд. Сæ хæдзарвæндагæн бындур нæ баззад, иунæг идæдз усæй фæстæмæ. Уыцы идæдз Сыбайæ æркодта йæ хæрæфырт Смайлыйы. Смайлыйы хо дæр идæдзæй баззад Абайты дыууæ сывæллонимæ. Афтæ, Къобы Абайтæ та Смайлыйы хойы лæппуйæ равзæрдысты. Смайлы йæ бинойнаг Хъалæгонимæ схъомыл кодтой цыппар фырты æмæ иу чызг. Сыбайæ Косы байзæддæгтæй иу æнæус лæппу афтыдис Гуырдзыстонмæ. Душеты комы Залисы хъæуы æрфысым кодта гуырдзиаг къниазмæ. Къниаз райсомæй раджы цыдис йæ зæххытæ бæрæггæнæг, ирон лæппуйы дæр йемæ акодта. Фæндагыл сæ разæй агæпп кодта сычъи. Лæппу цырд фæлæууыд, асырдта йæ æмæ йын йæ фæстаг къæхтæ хъамайæ ахауын кодта. Къниазы цурмæ йæ æрбахаста. Лæппуйы сæрæндзинад йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йын Залисы ратта зæххы хай, стæй гуырдзиаг мыггаг Гатенашвили. Бинонтæ скодта, æмæ ныр Гуырдзыстоны Залисы Гатенашвилитæ сты Кцойты Толайы фырт Косы байзæддæгтæ.
1902 азы Кцойты Тотырбег алыгъд Туркмæ. Ныр йæ цоты цот — цыппар лæппуйы æмæ цыппар чызджы кæстæртæ цæрынц Стамбулы. Кцойты Тебо та революцийы размæ Америкæмæ фæцыд куыстагур æмæ уым цæргæбонтæм баззад, йæ фыдыуæзæг мысгæйæ. Революцийы фæстæ советон хицауад хохæгтæн быдыры зæххытæ ратта, æмæ райдыдтой лидзын сæ ног бынæттæм. 1944 азы ма Гулийы цардис Кцойтæй дыууæ хæдзары. Уæдæй фæстæмæ Гули федзæрæг. Æнæуи ма дзы æндæр мыггæгтæ дæр цард: Хуыдзиатæ, Къаболатæ, Гугкатæ æмæ æндæртæ. Гулийы ис кувæндон. Уырдæм алы сæрд дæр æрбамбырд вæййынц хъæуæй рацæугæ мыггæгтæ æмæ сыгъдæгзæрдæйæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ фæндтимæ скувынц, сæ фыдæлтæ кæуыл æууæндыдысты æмæ кæмæ куывтой, уыцы дзуæрттæм. Ацы хабæрттæ мын ракодта цалдæр азы размæ Кцойты Хъазыбег. Ныр не ‘хсæн нал ис, фæлæ мæ зæрдыл бадардтон йæ цымыдисаг рагон хабæрттæ.
Саутæты Тамилæ














