Хæдтулгæты бауадзæн бынат «Дæллаг Зæрæмæг» бабæрæг кæнгæйæ, Цæгат Кавказы Таможняйы управленийы хицау Дзугаты Никъала дзы бæстæйы Транспорты министрад æмæ арæнхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттимæ сарæзта хъуыддаджы фембæлд.
Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой ацы бауадзæн бынаты куысты фæтк фæнывыл кæнын æмæ цæстдарæг службæты æмархайды фарстатыл, хæдтулгæтæ «Дæллаг Зæрæмæджы» раз цæмæй ма фæстиат кæной, афтæ. Бауадзæн бынат нымад у регионы транспортон инфраструктурæйы ахсджиагдæр объекттæй иуыл. Æрвылбон мин рог транспортон фæрæзæй фылдæр æмæ 65 уæзласæн хæдтулгæйы арæны сæрты кæй бахизынц, уый нымайгæйæ, транспорты æнæкъуыхцы цыдæн аразын æмбæлы ахадгæ фадæттæ.
Уæрæсейы Транспорты министрады минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, рæхджы транспорты цыдæн фæзындзæн æртæ уæлæмхасæн уадздзаджы (æдæппæт ацы уадздзæгты нымæц схæццæ уыдзæн иуæндæсмæ) æмæ афтæмæй транспорты æппæт хуызтæ арæны сæрты цæудзысты нырæй рæвдздæр.
Бауадзæн бынаты куысты фæткмæ ивддзинæдтæ бахæсдзысты: Уæрæсейы Федерацимæ чи цæуы æмæ нæ бæстæйæ фæсарæнтæм чи афты, уыцы транспортон фæрæзтæ арæны сæрты цæудзысты хицæн фæндæгтыл, æмæ афтæмæй уыдзæн транспортон гуылфæнтæ ахадгæ уагæй байуарыны, стæй æнхъæлмæкасты рæстæг фæцыбыр кæныны фадат.
Фембæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, куыст æнæкъуыхцыйæ цæмæй цæуа, уый тыххæй ведомствæтæ дарддæр дæр хъуамæ æмархайд кæной.
Цæгат Ирыстоны Таможняйы пресс-службæ














