РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд хæстон-патриотон фарстаты фæдыл уынаффæгæнджытимæ. Уыдон царды уадзынц ног проект, баст у ахуырады къабазы рæзгæ фæлтæры ‘хсæн патриотон хъомылад фæтыхджындæр кæнынимæ, уымæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ хæстон цауты ветерантæн æххуыс кæнынимæ.
Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Бясты Игорь, ахуырады министр Алыбегты Эллæ, хæстон-патриотон ахуырадон центр «Авангард»-ы разамонæг Хъантемыраты Барис, скъолаты директортæ, профессионалон ахуырады разамонджытæ.
Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй уынаффæгæнджытæ хъуамæ æмгуыст кæной ахуырады оргæнты разамонджытимæ, хъомылады фарстатæн бæрнон хæдивджытимæ. «Уæ куыст куыд саразат, уымæй аразгæ уыдзæн алцыдæр. Уыдон æрмæст райдайæн хæстон цæттæдзинад, фæллой æмæ хъахъхъæнынмæ цæттæдзинад кæнæ цард бахъахъхъæныны бындуртæ нæ уыдзысты, фæлæ, фыццаджыдæр, фæсивæды хъомылад. Сымах хъуамæ рæзгæ фæлтæртæн суат, кæддæриддæр уынаффæ, амынддзинадмæ кæмæ æрхатой, ахæм адæймæгтæ. Хъуамæ сæм байхъусат, раст фæндагмæ рахизын сын бацамонат, цавæрдæр тæссаг уавæртæй сæ бахизат», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Куыд зонут, афтæмæй 2026 азæй ахуырадон кусæндæтты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй фæзынд хæстон-патриотон фарстаты фæдыл уынаффæгæнæджы ног дæсныйад. Уый фæрцы республикæ алыг кæндзæн дыууæ ахсджиаг нысаны – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ хæстон цауты ветерантæ социализацийы хъуыддæгтæ æнцондæрæй ацæудзысты, скъолаты ахуырдзаутæ æмæ студенттæ райсдзысты патриотизм æмæ Райгуырæн бæстæйы историйæн кад кæныны фидар æууæлтæ.
Абоны онг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй 18 адæймаджы кусын райдыдтой хæстон-патриотон ахуырадон центр «Авангард»-ы, сæ дарддæры куыст уырдыгæй райдайдзæн. Алкæмæ дæр сæ фидаргонд æрцыдис æххуысгæнæг,
æмхуызонæй сты ахуырады кусæндæтты разамонджытæ, хæдивджытæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














