«Æнкъард нæм ничи кодта»

0
48

Ныр æхсæзæм аз Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы, æрдзы хъæбысы, лагерь «Стъалы»-йы бындурыл кусы профилон рад «Медиа кэмп». Фидæны йæ цард журналистикæимæ бабæттын кæй фæнды, уыцы кæстæртæ сæ рæстæг куыд æрвитынц, уый фенынмæ араст стæм Дайраны коммæ Чмийы хъæумæ. Алырдыгæй – хъæдæй æхгæд цъæх бæрзæндтæ, алыхуызон кæрдæджыты хæрздæф… Фæндаг нæ бынатмæ фæхæццæ кодта. Аив кæртæй хъуыст сывæллæтты хъæлдзæг ныхас.

Фыццаджыдæр, сæмбæлдыстæм лагеры хицау Рæмонаты Нателлæимæ. Куыд загъта, афтæмæй дзы бæрнон куыст домы æнувыд æмæ зæрдиаг архайд.

– Хорз кусынæн, сывæллæттæн та сæхи ирхæфсынæн лагеры ис æппæт уавæртæ дæр. Ууыл алывæрсыг бакуыстой республикæйы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитет æмæ сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы редакци. Не стырдæр нысантæ, не ‘ппæт фæндтæ баст сты сабиты хæрзхъæд фæлладуагъдимæ. Ныййарджыты лæггад сын кæнынц иууылдæр, дуаргæсæй райдай æмæ хъомылгæнджытæ, хæринаггæнджытæй фæу, – хæларæй, уарзонæй архайæм. Нæ лагерон рад кæронмæ фæхæццæ.  Æстдæс бонмæ хæлæрттæ суæвын нæ къухы бафтыд. Нæ лагерь чысыл у – 35 чызджы æмæ лæппуйы суазæг кодтам. Иууылдæр сты æмбаргæ, коммæгæс, хæрзæгъдау сывæллæттæ. Фæхицæн сæ кодтам дзыппыдаргæ телефонтæй, æрмæст-иу сæ цыбыр рæстæг хæдзармæ бадзурынæн райстой. Раст зæгъгæйæ, сæ боны фæтк ахæм хъæздыг, цымыдисаг уыдис, æмæ-иу телефонтæ мысгæ дæр не ’ркодтой.

Фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ Таухъазахты Фатимæ æмæ Дзукъаты Зураб хорз зонынц, сфæлдыстадон хъæзтытæм сывæллæтты куыд æрбаздахын хъæуы, уый.

– Иу бон иннæйæ хицæн кодта лагеры: уыдис нæм нæ республикæйы зындгонд адæмимæ фембæлдтытæ, спортивон ерыстæ, викторинæтæ, æнæферохгæнгæ бæрæгбæттæ. Иу ныхасæй, æнкъард нæм ничи кодта, – зæгъы Нателлæ.

Уыцы бон сывæллæттæм уазæгуаты уыд блогер, концерттæ, чындзæхсæвтæ æмæ æндæр бæрæгбæттæ зындгонд амонæг Багаты Хетæг. Интернеты тыгъдады йæ бафысджытæ мингай сты, уымæ гæсгæ рæзгæ фæлтæрæн дæр зонгæ у. Æрыгон, хъæлдзæг, дзырдарæхст лæппу уайтагъд иумæйаг æвзаг ссардта семæ. Сæ бирæ фарстатæн сын дзуапп дæтгæйæ, радзырдта йæхи сабибонты, йæ равзæрст дæсныйады тыххæй, цавæр цымыдисаг цаутæ-иу ыл æрцыдис, уыдоныл. Хетæг загъта, йæ куыст бæрæгбон кæй у, уымæн æмæ фембæлы бирæ адæмимæ, райсы ног æнкъарæнтæ – уырдыгæй исы хъарутæ.

– Сымах тæхудиаг стут, уымæн æмæ уæ цард нырма разæй ис. Уæхиуыл кусут, зивæг ма кæнут æмæ уын алцыдæр рауайдзæн. Телефонтæм къаддæр кæсут, уый бæсты хъазут, ма тагъд кæнут хистæр суæвынмæ, сабибонтæн аргъ нæй, – загъта 33-аздзыд блогер, сабитæн арфæ кæнгæйæ. Фембæлд сæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уымæн мах дæр æвдисæн уыдыстæм.

– Ахæм зæрдæмæдзæугæ фембæлдтытæ, мастер-класстæ нæм арæх вæййы. Зæгъæм, сывæллæттæ базонгæ сты кинологон службæйы куыстимæ, уыдис нæм ирон чъиритæ кæнынæй, национ куклатæ аразынæй æмæ æндæр мастер-класстæ. Зындгонд модельер Уататы Зæринæ йæ удыхъæды хорз миниуджытæ нæ бавгъау кодта сывæллæттæн, æрбацыд сæм зæрдылдарæн лæвæрттимæ, модæйы сусæгдзинæдтимæ сæ базонгæ кодта. Информацион агентад æмæ национ журналистикæйы куыстимæ дæр базонгæ сты. Сæрдыгон æнтæф бонты сын уæлдай уарзон уыдысты бассейны хъæзтытæ. Æнæмæнгæй, бафсæдынц сыгъдæг уæлдæфы тезгъо кæнынæй, æнæзивæгæй уайынц зарядкæмæ, уарзынц футбол, теннисæй хъазын. Кафынмæ, зарынмæ хорз арæхсынц.

– Изæрыгæтты дæр æнкъард нæ кæнæм – арты алыварс æрæмбырд вæййæм, цымыдисаг хабæрттæ фæдзурæм. Цы ма уа уыцы рæстæгæй æхсызгондæр? – загъта  Нателлæ æмæ зæрдæбын арфæ ракодта йе ’мкусджытæн сæ алывæрсыг æххуысы фæдыл – легеры директор Тотойты Валерийæн, йæ хæдивæг Сигъаты Этерийæн, куратор, «Медиа кэмп»-ы программæ бацæттæгæнæг Сæлбиты Дианæйæн. Арфæйы ныхæсты аккаг сты сæрæн æмæ хъæппæрисджын хъомылгæнджытæ, хъахъхъæнджытæ, хæринаггæнджытæ æмæ иннæтæ.

Лагеры кæртмæ бахизгæйæ, сывæллæттимæ, хъомылгæнджытимæ аныхас кæнгæйæ, сæ уавæртæ фенгæйæ, адæймаджы зæрдæ рухс кæны. Ахæм ранмæ сывæллоны бакæнын алы ныййарæгæн дæр амонд у.

– Æрвылбон Чмимæ æхсызгонæй цыдтæн, раст нæхимæ цæуæгау. Бацархайдтам цымыдисаг программæ бацæттæ кæныныл. Алывæрсыг зонындзинæдтæ райстой сывæллæттæ. Алкæцыйы фæзилæн дæр баст уыд журналистикæимæ. Ме стыр бæллиц у, цæмæй нæ кæстæртæ уарзой æмæ зоной сæ мадæлон æвзаг, нæ истори æмæ рæсугъд æгъдæуттæ. Сæрды каникултæ цæмæй зæрдæмæдзæугæ рауайой, цæмæй сывæллæттæ уæнгрогæй ацæуой сæ фæрныг хæдзæрттæм æмæ æхсызгонæй мысой сæ фæлладуагъд, ууыл бацархайдтам иумæйаг хъарутæй. Уырны мæ, алкæмæ дæр дзы кæй баззайдзæн бирæ æхсызгон æнкъарæнтæ, – загъта Сæлбиты Дианæ.

Фæцис 2026 азы лагерон рад. Стыр бæрæгбон сарæзтой, фæхуыдтой уазджыты, уыдонимæ – РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Эльдар Афашоков. Равдыстой сæ арæхстдзинад кафынæй, зарынæй æмæ загътой: «Нæ иннæ фембæлдмæ».

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here