Фæсивæды патриотон хъомыладæн

0
44

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта, Уæрæсейы хæстон-историон æхсæнад Уæрæсейы хæстон намысы мемориалтæн РЦИ-Аланийы Национ музейы цы равдыст бацæттæ кодта, уый.

Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн къуырийы дæргъы фадат уыдзæн равдысты экспозици фенын. Æвæрд дзы ис, Уæрæсейы хæстон-историон æхсæнад нæ бæстæйы регионты кæй цы мемориалон комплексты къамтæ æрæмбырд кодта, уыдон. Экспозицийы сæрмагонд бынат ахсынц Цæгат Ирыстоны хæстон-историон бынтæ, республикæйы цæрджыты – Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъайтардзинады æвдисæнтæ алы рæстæджыты – Уæрæсейы империйæ сæрмагонд æфсæддон операцийы онг. Æхсæнады регионалон хайад, скъолаты сæрдыгон лагерьты йæ фæллад чи уадзы, уыцы сывæллæттæн экскурси сарæзта. Сабитæ экспозициимæ базонгæ сты æмæ байхъуыстой Уæрæсейы хæстон намыс æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты бавæрæны тыххæй бæстæ бахъахъхъæнынмæ тематикон лекцимæ. Сарæзтой ма сын лæгдзинады урок æмæ мастер-класс.

Дзанайты Барис зæрдиаг арфæ ракодта Национ музейы кусджытæ æмæ Уæрæсейы хæстон-историон æхсæнады активисттæн рæзгæ фæлтæримæ сæ хъомысджын патриотон куысты фæдыл. Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй историон цаутæ зæрдыл дарын æрмæст Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæн цыт кæнын нæу, фæлæ фидæны фæлтæрты раз бæрнондзинад.

– Нæ сывæллæттæ хъуамæ зоной нæ бæстæ æмæ нæ республикæйы истори, сабыр царды аргъ æмæ æмбарой, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад кæй у не ‘хсæнады бындур. Ахæм равдыстыты руаджы нæ бон æууæнкджынæй дзурын у историйы тыххæй, – бафиппайдта Дзанайты Барис.

Æмбырды фæлгæты Хицауады Сæрдар кусæг æмбырд сарæзта Уæрæсейы хæстон-историон æхсæнады регионалон хайады уæнгтимæ. Йæ архайджытæ æрныхас кодтой æхсæнады æрвылбонон куысты, рухстауæн æмæ мемориалон проектты, фæсивæдон æмбалæдтæ æмæ ахуырадон уагдæттимæ æмгуыстадыл.

Дзанайты Барис фæбæрæг кодта куысты дарддæры ахсджиагдæр фæзилæнтæ æмæ сæвæрдта хæстон-историон рухстауæн куыст фæуæрæхдæр кæныны, цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалон объекттæ бахъахъхъæныны, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты нæмттæ сæнусон кæныны, сывæллæттæ æмæ фæсивæды патриотон проекттæм æрбаздахыны нысантæ. Дзанайы-фырт, Уæрæсейы хæстон-историон æхсæнады регионалон хайады сæрдар, æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин фæсивæды патриотон хъомылад бæрзонд æмвæзадмæ сисыны хæс æхсæнады раз кæй сæвæрдта, уый. Уыцы куыстмæ стыр æргом здахы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

– Цæгат Ирыстонæн ис хъæздыг хæстон традицитæ. Мах сæрыстыр стæм нæ хъайтартæй. Стыр куыст кæнæм нæ хæстон-историон цаутæ зæрдыл дарынæн. Абон нæ нысан у уыцы куыст фæпарахатдæр кæнын, цæмæй регионы æрыгон фæлтæртæ зоной æмæ сæрбæрзонд уой нæ республикæйы хæстон историйæ. Уымæн нæм ис æппæт гæнæнтæ дæр, – хатдзæг скодта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here