Профессионалон ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæм – æргом

0
54

Республикæйы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис дзы разамынд лæвæрдта, афтæмæй уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Хицауады уæнгтæ, министрадтæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытимæ ныхас цыд республикæйы экономикон æмæ социалон рæзтимæ баст фарстатыл.

Республикæйы оперативон уавæры тыххæй доклад бакаст Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Александр Хоружий.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Республикæйы быдираг районты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы ахуыссын кæнын бантыст 23 зынгсирвæзты. Хъыгдард æмæ дзы зиантæ ничи баййæфта. Республикæйы фæндæгтыл 13 июлæй 19 июлмæ æрцыд 88 фæндаггон фыдбылызы. 8 адæймаджы дзы хъыгдард баййæфтой, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты транспорты æппæт хуызтæн дæр. Ныртæккæ республикæйы фæндæгтыл электронон рады лæууынц 125 транспортон иуæджы. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 29425 автотранспортон иуæджы æмæ 100225 адæймаджы, – загъта Александр Хоружий.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 116 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 66. Дзæуджыхъæуы медицинон æмæ федералон тæрхондоны уагдæтты рæмудзæн æрмæг ис, зæгъгæ, ахæм мæнг хъусынгæнинæгтæ цалдæр хатты æрбарвыстой мидхъуыддæгты хайадмæ. Уый фæдыл арæзт цæуынц æмбæлгæ оперативон мадзæлттæ.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Цæстдард цæуы нуазыны доны хæрзхъæддзинад æмæ сыгъдæгдзинадмæ. Ног коронавирусон инфекци республикæйы бæрæггонд не ’рцыд.

РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæдзинады куыстытæн уал ныридæгæн баххæст кæнын бантыст сæ 54 проценты бæрц. Ноджы ма ведомствæйы министр Хъараты Тимуры ныхасмæ гæсгæ, республикæйы артаг фаг ис æппæт уæлрадон службæтæн æнæкъуыхцыйæ куыст. «Роснефть» æмæ «Газпром»-мæ æрвылбон дæр ласт цæуы артаг. Федералон антимонополон службæимæ иумæ куыст цæуы, хицæн адæймæгты къухы цы заправкæтæ ис, уым æргътæ уæлæмæ сисын ма бауадзыныл. Ныртæккæ уал, иннæ республикæтимæ абаргæйæ, заправкæты, артагмæ рады лæугæйæ, 30 минутæй фылдæр ничи афæстиат вæййы.

Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы бындуронæй цалцæггонд цæуынц 24 скъолайы. Цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ, агдæттæ æмæ трансформатортыл.

– Ноджы ма, æппæт ведомствæты разамонджыты æргом аздахын хъæуы профессионалон ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæн куысты бынæттæ ссарынæн, – загъта министр.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here