Сæ хуыз скалдзысты

0
41

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй дарддæр цæуынц æхсæнадон фæзуæттæ банывыл кæныны куыстытæ. Ацы аз национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты сæ хуыз скалдзысты 40 æхсæнадон тыгъдады.

Уыдон сты, адæм сæ сывæллæттимæ кæм фæтезгъо кæнынц, сæ фæллад кæм фæуадзынц, сæ хиуæттæ æмæ се ‘мбæлттимæ кæм фембæлынц, уыцы сквертæ, парктæ, аллейтæ. Æртæ объекты сног кæндзысты Дзæуджыхъæуы Терчы донбыластæрды. Специалисттæ дзы æвæрынц ног æмбæрзæн дуртæ, бордюртæ, ивынц рухсгæнæнтæ.

Æрыдоны куыстытæ цæуынц Дзугаты æфсымæрты уынджы. Проектмæ гæсгæ ам сараздзысты æртæ зонæйы – сывæллæттæн, спортивон æмæ бинонтимæ рæстæг æхсызгонæй арвитынæн. Фæзындзæн дзы фистæгæй цæуæн зонæтæ, сæвæрдзысты дзы фæхсбадæнтæ, урнæтæ, рухсгæнæнтæ баивдзысты, бакусдзысты фæзуаты цъæх фæлындыл.

2019 азæй Цæгат Ирыстоны нывылгонд æрцыд 300 æхсæнадон зонæйæ фылдæр. Фидæны аз ма республикæйы районты сног кæндзысты 40 объекты. Регионы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы куыстытæ дарддæр дæр иудадзыг æххæстгонд цæудзысты.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here