Ирыстоны хæхтæ æнхъæлмæ кæсынц…

0
25

РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ, сæ сæргъы – Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, афтæмæй Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты закъонæвæрынадон оргæнты депутаттимæ схызтысты Цæгат Ирыстоны хæхтæй иу – Лæхурæн-Хохмæ. Ацы рæсугъд хъуыддаг арæзт æрцыд Уæрæсейы Адæмты иудзинады боны кадæн.

Хохы цъупмæ хизгæйæ, Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иу – Уæллаг Зджыд – федтой Цæцæны республикæйы Парламенты Сæрдар Шаид Жамалдаев æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг, грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй олимпиаг чемпион Мурат Карданов. Сæ фарсмæ балæууыд Цæгат Ирыстоны цыппæрæм равзæрст Парламенты депутат, грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй олимпиаг чемпион Хуыгаты Алан дæр.

Уæрæсейы алы регионты парламентаритæн уый у æртыккаг ахæм балц парламентты ‘хсæн æмгуыстад фидар кæныны нысанимæ. Уыцы хорз хъæппæрис равдыста цæгатирыстойнаг закъонæвæрынадон оргæны разамонæг Тускъаты Таймураз. Цæгатирыстойнаг хæхтæм фыццаг ахæм балц арæзт æрцыд горæт Бетъырбухы Закъонæвæрынадон Æмбырды юбилейы кадæн, дыккаг та – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты 30 азы юбилейы кадæн.

Ацы хатт хохы цъупмæ депутаттæй уæлдай схызтысты нæ абоны хъайтартæ – сæ намыс æмæ лæгдзинад хæсты быдыры чи равдыста, уыдон – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, стæй ма кæстæр фæлтæр – Фæсивæдон парламенты депутаттæ æмæ æхсæнадон змæлд «Адæмон фронт»-ы минæвæрттæ.

Балц хуымæтæг нæ рауад. Йæ архайджытæ физикон æгъдауæй хъуамæ уыдаиккой иттæг хорз цæттæ, хъаруджын æмæ фæразон. Кæм – уарынтæ, кæм – мигъ – ахæм æрдзон уавæрты сæ уæлæмæ хизын бахъуыд сахат æмæ æрдæг. Хохы цъупмæ куы схæццæ сты, уæд дзы цы чысыл фæз уыд, уым сарæзтой флешмоб: Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырысайы алыварс æрсагътой нæ бæстæйы 89 регионты тырысатæ, стæй хæхтыл азæлыд Уæрæсейы Паддзахадон гимн. Тускъаты Таймураз та балцы архайджытæн загъта арфæйы ныхæстæ.

– Ацы хорз хъуыддаг мах сарæзтам Уæрæсейы Адæмты иудзинады боны кадæн, нæ цытджын бæстæйы сæрвæлтау хъæбатырæй чи хæцыд æмæ нын уæлахизтæ чи хаста, нæ уыцы хистæрты кадæн. Нæ иудзинад нын бантыст Уæрæсейы адæмы фæллойадон æмæ хæстон сгуыхтыты фæрцы, æмæ нæ уый рох хъуамæ ма кæна. Нæ балц хохы цъупмæ æнцон кæд нæ уыд, уæддæр уыдонæн сæ царды фæндæгтæ уыдысты бирæ-бирæ зындæр. Фæлæ фæрæзтой, фидæны фæлтæртыл, махыл хъуыды кæнгæйæ, æмæ уый нæ зæрдыл хъуамæ бадарæм. Æнæ зынтæ бавзаргæйæ, уæлахизтæ нæй.

Фæсивæдмæ йе ‘ргом аздахгæйæ та нæ республикæйы Парламенты депутат загъта, цæмæй, сæ тыхтæ æмæ сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, ахуыр кæной æмæ кусой, æмæ уæд царды цыфæнды бæрзæндмæ схизын дæр сæ бон бауыдзæн.

Ирыстоны рагон хæлар, Цæцæны Парламенты спикер Шаид Жамалдаев, ахæм балцытæ аразыны хъуыддаг хорзыл банымайгæйæ, загъта, ацы фæлтæрддзинадæй сæхæдæг дæр пайда кæнын кæй райдайдзысты.

– Проект у иттæг хорз. Уый хъуамæ суа интернационализмы бындур, уымæ гæсгæ йæм хъæуы фæсивæды æргом тынгдæр аздахын. Уæрæсейы цæры 191 адæмыхаттæй фылдæр æмæ дзурынц 200 бæрц æвзæгтыл æмæ æвзаджы здæхттыл. Абон кæй сарæзтам, ахæм хорз хъуыддæгтæ сты адæмты иугæнæг тых, – бафиппайдта Шаид Жамалдаев.

Мурат Карданов дæр Тускъаты Таймуразæн арфæ ракодта, иудзинады ахæм рæсугъд бæрæгбон арæзт кæй æрцыд, уый фæдыл æмæ загъта, ацы аз Кæсæг-Балхъары кæй сарæзтой æфсымæрон цалдæр фембæлды æмæ патриотон акцитæ.

– Ахæм иумæйаг цаутæ арæхдæр кæй араздзыстæм, уый мæ уырны, – загъта Кæсæг-Балхъары Парламенты Сæрдары хæдивæг.

Уæдæ мах дæр нæ зæрдæ дардзыстæм, ацы балц йæ архайджыты зæрдæты рæсугъд æнкъарæнтæ кæй ныууадздзæн, ууыл, æмæ, Тускъаты Таймуразы загъдау, радон ахæм балц дæр тынг дард нæу. Ирыстоны хæхтæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хъайтартæм.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here