Стырзæрдæ цæмæн систæм

0
22

Иу дæр нæ не сразы уыдзæн дæ къæсæрæй рахиз æмæ дæ къах бырæттыл скъуырыны уавæримæ. Кæддæр, не стыр бæстæ хæлынæввонг куыд уыд, уæд мæ бахъуыд машинæйыл дард Иркутскæй Цраумæ цæуын.

Уæд ма фидардæр уыдысты сыгъдæгдзинады домæнтæ, уыйас бырон, æнæхъуаджы арæзтадон æппарæццæгтæ, бæлæсты сæстытæ, къалиутæ нæ федтаис. Фæндæгтæ дæр нывылгонд уыдысты. Фæстæдæр, афтæ зæгъæн ис, æмæ быроны бын фестæм. Акæс, уæд бырæтты контейнертæ сæ былтæй кæлынц, сæ фарсмæ дæр – быроны егъау кæлдтытæ. Сыгъдæгдзинадыл бæрнон «ЭРА» бырæттæ нæ ласы, уый зæгъæн нæй, фæлæ кæмдæр цавæрдæр къуылымпытæ  сæвзæры. Нæхи зондахаст дæр баййæфта ивддзинæдтæ, знон дæр къæхты бынмæ цы не ‘рæппæрстаис, уый абон уайтагъд рапардзынæ уынгмæ, кæдæмфæндыдæр.

Цæгат Ирыстонмæ æфсæнвæндагыл ссæуыс, уæд дæхи бацæттæ кæн, уымæн æмæ фæндæгты алывæрстæ дзаг вæййынц алыхуызон бырæттæй. Фæндæгты фæйнæфæрсты сыгъдæгдзинадæн дзуапп дæттынц æфсæнвæндаджы кусджытæ, фæлæ мах та кæм стæм бæрнон?

Кæддæр Краснодары крайыл цæугæйæ, автобусы бæлццæттæй иу, йæ къухты – йæ бырæтты дзæкъул, афтæмæй автобусæй рацæйхызт. Уый уыдис æмбисæхсæв. Шофыр уый фенгæйæ, нæлгоймагæн загъта: «Ацы ран бырæттæ калæн нæй». Уый уыдис, нартхоры хуымтæн сæ кæрон кæм нæ зынд, ахæм бынат… Уæд цымæ ам та, махмæ, бырæттæ калæн цæмæн ис?

Кæд æмæ туристты уылæнтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, æмæ нын уый æхсызгондзинад хæссы, уæд æрбацæуæг адæймаг хъуамæ уыцы уавæртæ цæмæн уына?

Дзæуджыхъæуы Ушаковæйы уынджы кæрон æвæрд сты быроны контейнертæ. Ног не сты, фæлæ сæ куыст кæнынц. «ЭРА» афойнадыл аласы бырæттæ, фæлæ уайтагъд сæ алфамбылай айдзаг вæййы алыхуызон æппарæццæгтæй, чи нал хъæуы, ахæм рудзгуытæй, кæлæддзаг бæлæсты сæстытæй, æнæхъуаджы къалиутæй. Уыдон дæр дыууæ-æртæ къуырийы иу хатт ныссыгъдæг кæнынц. Бузныг сын.

Æппæт дуне дæр бырæтты хъаймæты бахауд, Неаполь сæ быны фæцис. Фæлæ цымæ раздæр куыд арæзт уыд уыцы куыст, цæуылнæ уыдтам бырон нæ къæхты бын? Уæдæ Ушаковæйы уынджы кæрон фæндаг асфальтмæ кæдæй æнхъæлмæ кæсы, уый йæхæдæг диссаг у.

Мæнæ æркæсут йæ къаммæ, алырдыгæй – дзыхъхъытæ, къуыппытæ, кæмдæр – асфальты гæбæзтæ, кæмдæр чидæр дзыхъхъы цыдæр дуртæ æрæвæрдта, машинæтæн сæ фæндаг бынтон уæззау ма уа, зæгъгæ.

Хицау уæвын алкæй бон нæу, фæлæ цымæ цæуылнæ ис уыцы уынг сфидауц кæнæн, асфальтæй йæ сæхгæнын, уыйас даргъ дæр нæу йе скъуыддзаг. Ау, уыцы асфальт аразынæн цалдæр машинæйы хъуамæ федералон программæ ратта, æппын нæхи бон ницы у? Базил æм, бæлæсты уæлдай къалиутæ æркал, кæмдæр дзы дидинджытæ ныссадз, кæмдæр та – китайаг уардиты бæлæстæ. Уæдæ уынджы кæрон контейнертæн дзæбæх фидауц бынат сараз, ссыгъдæг æй кæн, адæймаджы зæрдæ дзы æнæхъуаджы бырон зæхмæ аппарын куыд нæ кома, афтæ.

О, туристтæ нæм цæуынц, фæлæ нæхæдæг та цы мигæнæг стæм? Кæм балæууæм, кæм райсæм нæ къухтæм уисой, бел, рувæн?

Цæмæй афтæ мачи æнхъæла, æмæ æрмæстдæр фиппаинæгтæ хæссын, уый тыххæй мæ фæнды Стахановы уынджы кой ракæнын. Ирыстойнаг уынг Стахановы уынгимæ кæм баиу вæййы, уым нæ алчидæр фендзæн диссаджы рæсугъд, хæрззылд дидинджыты татхатæ. Райсомæй раджы сæм фæзилы æрыгон сылгоймаг. Æнæхъæн уынг дæр дзаг у дидинджытæй.

Ацы хатт æм бацыдтæн æмæ йæ бафарстон, афтæ куыд æнæзивæгæй зилыс дидинджытæм, зæгъгæ. Куыд базыдтон, афтæмæй Медойты Луизæ йæхæдæг дæр ам цæры, тæккæ тигъыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæ хæдзары раз кæддæриддæр уыд алыхуызон дидинджытæ сагъд. Зылдис сæм, стæй уæд иннæ сыхæгтæн дæр загъта, цæмæй бавналой, скæной сæ хæдзæртты цур рæсугъд бынæттæ. Æмæ æмхуызонæй сарæзтой удыбæстæ. Мæхæдæг æй фенын, Луизæ куыд сæрæнæй зилы дидинджытæм, куыд рæсугъд, куыд зæрдæмæдзæугæ сты, уый.

Кæддæриддæр дидинджыты татхатæ вæййынц сыгъдæг, иунæг дзæгъæл кæрдæг дæр дзы нæ фендзынæ. Ис дзы алыхуызон дидинджытæ, адæймаг сын сæ нæмттæ дæр нæ зоны, фæлæ зæрдæ барухс кæнынц. Афтæ мæм кæсы, æмæ, Стахановы уынджы чи цæры, уыцы кæстæртæй иунæг дæр æнæхъуаджы бырон зæхмæ не ‘рæппардзæн, уымæн æмæ уынынц, сæ алыварс алфамбылайæн цы кад кæнынц, уый.

Медойты Луизæ нырма æрыгон сылгоймаг у, фæлæ йæ, тæхуды, иннæтæ дæр куы бафæзмиккой.  Алчидæр нæ кæд бавналид йæ алфамбылай сыгъдæг кæнынмæ… Горæт адæймаджы уды скондыл хорзырдæм нæ ахады, адæм сæхи айстой æддагон хъуыддæгтæй. Бахызтæ фатеры къæсæрæй, дæ дуар сæхгæдтай æмæ уый адыл фæцис. Фæлæ ма акæсæм нæ уынгтæм, нæ фæндæгтæм, нæ уавæртæм. Ау, кæд æмæ, зæгъæм, Кæсæг-Балхъары республикæйыл цæугæйæ, иунæг бырон дæр цæст не ‘рцахсдзæн, уæд мах афтæ æгуыдзæг цæмæн систæм?

Махæй аразгæ цы у? Цы у сæ бон, хъуыддагæн дзуапп чи дæтты, уыдонæн? Мæнмæ гæсгæ, уый хуымæтæджы фарста нæу…

Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here