Амæйразмæ Парламенты Советы æмбырды ныхас цыд Кировы районы социалон-экономикон рæзтыл. Уыцы рæзты уавæрыл, йæ фæхуыздæр кæнынæн районы хъомыс цас у, ууыл, стæй, уымæй размæ хаст чи æрцыд, республикæйы закъонæвæрынадон оргæны уыцы уынаффæтæ куыд сæххæст кодтой, уый фæдыл бæстон ныхас ракодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар ЧЕРЧЕСТЫ Аслан æмæ сæйраг æргом аздæхта, районæн ахсджиагдæр чи у, уыцы фарстатæм.
Бюджет
Районы бюджетыл ныхас кæнгæйæ, депутат куыд загъта, афтæмæй, районæн лæвæрд æрцыд муниципалон финанстæй раст пайда кæнынæй дыккаг къæпхæн. Бюджеты хи æфтиæгтыл фæстаг цыппар азмæ бафтыд 22 проценты, ацы аз та пълан кæнынц 29 проценты йыл бафтауын.
Ивгъуыд азы бюджет сæм рауад 11,5 милуан сомæй æфтиагджын, фæлæ, уыимæ, фæфылдæр, республикон бюджетæй районæн цы æххуыс лæвæрд цæуы, уый дæр. Районы хæс у 15 милуан сомы, уыдонæй ивгъуыд аз бафыстой 158 мин сомы. Бæрæггæнæнтæ дзурæг сты, бюджеты уавæр нывыл кæнынæн район кæй хъуамæ бакуса хи æфтиæгтæ фæфыдæр кæныныл æмæ хъалонты службæимæ иумæ хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг рацаразыныл.
Национ проекттæ æмæ программæтæ
Национ проекттæ, федералон æмæ регионалон программæтæ куыд амонынц, афтæмæй хæрдзтæ фылдæр домынц «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт», «Ахуырады райрæзт» æмæ «Зæрдæмæдзæугæ æргътæм гæсгæ æнцонвадат цæрæнуæттæ дæттын»-ы программæтæ. Уыдоны фæлгæты Елхоты арæзт æрцыд, адæмæн 400 бынаты кæм ис, Культурон райрæзты ахæм центр. Змæйкæйы станицæйы арæзт цæуынц скъола æмæ Культурæйы хæдзар. Базылдысты фæлладуадзæн æхсæнадон бынæттæм, бындурон цæлцæггонд æрцыдысты Ираны хъæуы, Змейкæйы, Даргъ-Къох æмæ Ставд-Дурты скъолатæ, цалцæггонд – бынæттон нысаниуæджы фæндæгтæ æмæ æндæр куыстытæ. Ацы программæты нысантæ æххæст кæнынæн ивгъуыд аз районæн дихгонд æрцыд 161 милуан сомы, ацы аз та – фондз хатты фылдæр, 774 милуан сомы бæрц.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ промышленность
Парламенты комитеты сæрдар йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй ацы къабæзтимæ баст Парламенты уынаффæтæ, æмткæй райсгæйæ, æххæстгонд æрцыдысты. Фæлæ, йæ фиппаинагмæ гæсгæ, ивгъуыд аз фæндæгты цалцæгæн кæд 17 милуан сомы лæвæрд æрцыд, уæддæр нормативон домæнтæн дзуапп дæттынц æрмæстдæр сæ 35 проценты, кæд æмæ, республикон программæмæ гæсгæ, хъуамæ уой 45 проценты.
Экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты уынаффæйæ районы куынæггонд æрцыдысты, Даргъ-Къохы хъæугæрон æнæзакъонæй кæй сарæзтой, дыууæ ахæм бырондоны. Фæлæ сыгъдæгдзинадимæ баст фарста кæронмæ лыггонд нæма у, уымæн æмæ алфæмбылай æрдзæн зианхæссæг ахæм бырондæттæ нырма уал ис Елхот æмæ Змейкæйы.
Хъæууон хæдзарад
Хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххыты фæзуат районы гыццыл нæу, уымæ гæсгæ аграрон къабаз, иннæтимæ абарæгæйæ, у бирæ хъомысджындæр, æмæ йын схонæн ис районы экономикæйы бындур. Фæлæ районы ивгъуыд азы социалон-экономикон бæрæггæнæнтæм æрмæст иу фарсы ‘рдыгæй кæсæн нæй. Зæгъæм, фæззыгæндтæ кæм байтыдтой, уыцы фæзуат, стæй сæм цæхæрадæтты фæзуат кæд фæфылдæр, уæддæр хорæрзад фæкъаддæр 20 процентæй, дыргътæ æмæ халсарты тыллæг та – 42 процентæй. 31 процентæй фæкъаддæр стурвосы нымæц, 26 процентæй – хъуццыты æмæ 10 процентæй – сæгъты нымæц.
Фарон æрдзон уавæрты аххосæй хъыгдард баййæфтой цæхæрадæттæ æмæ тауинæгты 1 100 гектарæй фылдæр. Уымæ гæсгæ парламентаритæ кусын райдыдтой агрофæдзæхстады фæдыл нормативон акт саразыныл. Уый фæрцы уыдзæн амынд фæдзæхстадæн федералон бюджетæй æхца дæттыны программæйы архайыны фадат. Донхорыггæнæн куыстытæ саразынæн фарон паддзахад районæн баххуыс кодта 85,4 милуан сомæй. Уый фæрцы донхорыггонд æрцыд зæххыты 852 гектары. Фæлæ районы хъæууонхæдзæрадон нысаниуæджы æппæт зæххытыл уыцы хъуыддаг нæ аххæссыд. Донхорыгхъуаг ма сты 26 гектары, уымæ гæсгæ фарста алыг кæныныл куыст цæуы дарддæр.
Сагъæссаг у, кæсагдарынады къабазы цы уавæр сæвзæрд, уый. Фарстамæ йе ‘ргом аздæхта канд Парламент нæ, фæлæ республикæйы Сæргълæууæг дæр. Æмбырдæй иуы рæстæг куыд загъта, афтæмæй, кæсагдарынады куыст чи кæны, ахæм хæдзарæдтæ республикæйы ис æртæ сæдæйы бæрц, фæлæ уыдонæй 177 кæнынц сусæг куыст. Ууыл дзурæг у, финансон-хæдзарадон архайды фæдыл æмбæлгæ гæххæттытæ кæй нæ бавдисынц, уый. Стæй, бюджетмæ цы хъалон бафидынц æмæ, сæ архайд сын цы æфтиаг хæссы, уыдон кæрæдзийæ сты тынг дард.
Зæххытæй сæ нысанмæ гæсгæ пайдагонд кæй нæ цæуы, бирæ ахæм халæн цаутæ раргом кодта Цæстдарæн-нымайæн палатæ дæр. Ис ахæм цаутæ дæр, æмæ бизнес йæ хицæуттæ лыстæг дихтæ ныккæнынц, цæмæй хъалон къаддæр фидой, уый тыххæй. Иннæ ахæм, районы ис кæсагдарынады 70 участочы, сæ кусджытæ та, Хъалонты федералон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сты æрмæстдæр 50 адæймаджы. Хæдзарæдтæ афæдзгæйттæ нæ фидынц хъалон, афтæмæй та уыцы хъалонæн йæ 48 проценты цæуынц районы бюджетмæ. Ацы æмæ æндæр фарстатæ алыг кæныны хæс лæууы районы разамынды раз, уæлдайдæр – республикæйы Хъæууон хæдзарады министрады раз. Иннæтæй уæлдай æрмæстдæр «Остров Аквакультуры» æмæ «Форель Алании» цы хъалонтæ бафыстой æмæ цы куысты бынæттæ сарæзтой, уымæй сæххæст кодтой сæ пъланты бæрæггæнæнтæ.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынад
Дохтыртæй район фарон æххæст уыд 92 процентæй, уымæй размæйы аз та – 98 процентæй. Уый дзурæг у, «Хъæууон дохтыр» æмæ нысанмæарæзт ахуырмæ æрвитыны программæтæ, куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусынц, ууыл. Стæй, хъæугæ специалисттæ се ‘ргом районмæ цæмæй здахой, уымæн æмбæлгæ уавæртæ арæзт кæй нæ цæуы, уый дæр бæрæг дары.
Иннæ фарста – телемедицинæйы гæнæнтæ. Фарон æмæ дзы æндæр аз пайдагонд нæ цыд. Ацы аз хъуыддаг рацарæзтой æмæ рынчынты дзæбæх кæныны ахсджиагдæр мадзал – телемедицинæйæ ныр пайда кæнынц.
Ацы азы райдайæнмæ районы центрон рынчындон 9 милуан сомы бæрц хæс дардта. Диспансеризацийы пълан та сæххæст кодтой 65 процентæй. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы чи ис, уыцы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæн се ‘ппæтæн дæр сæ нысан у, адæм фылдæр цæрын цæмæй райдайой, уый. Фæлæ, фарон районы чи амард, уыдон, чи райгуырд, уыдонæй фылдæр кæй уыдысты, уый дзурæг у, бынæттон цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатæ фылдæр æргом кæй домынц, ууыл.
Ахуырад
Районы 11 скъолайæ ахуыргæнджытæй æххæст сты бынæттæ ис æрмæстдæр æртæ. Иннæ скъолаты нæ фаг кæнынц математикæйы, фæсарæйнаг æвзæгты, уырыссаг æвзаг æмæ райдайæн кълæсты ахуыргæнджытæ. Уый амоны, ахуырады къабазы кусджыты кадавардзинад районы фæкъаддæр кæнын къухы кæй нæ бафтыд, ууыл, кæд æмæ уавæр фæхуызæр кæнынæн ис алыхуызон социалон æххуыстæ. Зæгъæм, æрыгон специалисттæн дæттынц цæрæнуат, кæдмæ куса, уæдмæ, науæд та зæххы хай, цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæн фидынц æмбис, транспортыл цæуынæн кæй бафидынц, уыцы æхца сæм фæстæмæ раздæхы æмæ æндæртæ. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ уыцы æххуыстæй пайдагонд нæ цæуы, транспорты лæвар цæуынæй фæстæмæ.
Скъолаты чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæн сæ фылдæр (64 проценты) сты, ссæдз азæй фылдæр чи бакуыста, ахæмтæ. Фондз азæй къаддæр чи бакуыста, уыцы æрыгон ахуыргæнджытæ та сты æрмæстдæр фараст проценты, æмæ сæ нымæц кæны къаддæрæй-къаддæр.
Скъолатæн сæ фылдæры фарон нæ уыд фæллой кæныныл ахуыргæнæн предмет. Æнæ уымæй та куыд ис кæстæр фæлтæр цардмæ бацæттæ кæнын? Уавæр фæхуыздæр кæнын къухы бафтыд, æмæ ныр скъолаты фæзынд ацы предмет ахуыр кæнынæн фæрæзтæ – пецтæ, хуыйæн машинæтæ, æфсæйнаг æмæ хъæдыл нывтæ судзгæйæ кæныны прибор. Фæлæ, хъæддæсны, зырнæйзилæг, хъæдгуыстгæнæг, электрик æмæ æндæр ахæм хъæугæ дæсныйæдтыл сахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн дзы гæнæнтæ æмæ уавæртæ нæй. Æмæ уый у лыггæнинаг фарста. Афтæ – се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм ахуырдзаутæн районы æртæ скъолайы уавæртæ кæй нæма ис, уый дæр.
Культурæ
Æмбырды куыд райхъуыст, афтæмæй культурæйы къабаз рацаразынимæ баст Парламенты уынаффæттæ æххæстгонд æрцыдысты. Æхсызгон у, республикон конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Елхоты Культурæйы хæдзар культурæйы кусæндæтты хуыздæрыл нымад кæй æрцыд, уый.
Иннæ ахсджиаг хъуыддаг – Дзылаты мæсыг (Тæтæртуп) хаст у, федералон нысаниуæджы культурон бынтыл нымад чи æрцыд, уыцы хыгъдмæ. Куыд зонæм, афтæмæй ацы зындгонд историон бынат йæ рæстæджы бабæрæг кодтой æмæ йыл фыстой бирæ хъуыстгонд адæймæгтæ. Фæлæ, 1981 азы реставрацион куыстытæ кæныны рæстæг, æртындæсæм æнусæй ссæдзæм æнусмæ чи фæлæууыд, уыцы мæсыг, стыр хъыгагæн, хæлд æрцыд. Æмбал кæмæн нæй, ахæм историон цыртдзæвæнтæ Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр стæмтæй йеддæмæ нæй. Уымæ гæсгæ районы разамынд Культурон бынты объекттæ хъахъхъæныны комитетимæ иумæ хъуамæ бацархайой, цæмæй мæсыг йæ рацаразыны тыххæй хаст æрцæуа федералон программæмæ. Раздæр та уал хъæуы æрæвæрын мæсыгæн йæ чысыл макет хъусынгæнинагимæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














