Нæ газеты «Рагон къамтæ дзурынц», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын цы хуызистытæ ныммыхуыр кæнæм, уыдоны фæдыл редакцимæ арæх æрбацæуынц, кæнæ та телефонæй æрбадзурынц. Философтæ куыд дзурынц, афтæмæй алы адæймаг дæр æнæхъæн дуне у, алкæй хъысмæт дæр цымыдисаг у, алы адæймаг дæр царды ныууадзы фæд.
Афтæ нæм иу хуызисты фæдыл Беслæныхъæуæй Ханайты чындз Ларисæ æрбадзырдта æмæ нæ ракуырдта, цæмæй сæм уазæгуаты ацæуæм, ме ’фсин Зоя, дам, уæ уындмæ бæллы, бирæ радзуринæгтæ йæм ис.
Махæн дæр лæгъстæ нæ бахъуыд, æмæ балæууыдыстæм Ханайты дуармæ. Зоя æмæ йæ дыууæ чындзы Ларисæ æмæ Марианнæмæ раст цыма зæдтæ æртахт, афтæ ныл бацин кодтой, сæ цæстытæй худтысты. Зояйæн кæд йæ къæхтæ йæ коммæ дзæбæх нал кæсынц, уæддæр ма цæрдæг у. Диссаджы дзыкка нын акодта, йæ ад нæ дзыхы баззад, нæртон фынджы уæлхъус нæ фæбадын кодта, сымах, дам, паддзахады куысты сæргъы лæуут, æмæ уæ хæрынмæ дæр кæм равдæлы.
Куыд рабæрæг, афтæмæй Ханайты бинонтæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц сæ мыггаджы истори. Уыимæ, æрмæст Зоя, стæй йæ фырттæ Михал, Хæсанæ æмæ Зелим нæ, фæлæ ма чындзытæ дæр, куыд фæзæгъынц, сæ тъымы-тъымайы онг дæр зонынц, чи сын куыд хæстæг у, цавæр лæг уыд, цы ныууагъта йæ фæстæ.
Рахастой нæм дуне хуызистытæ, портреттæ, æмæ дзы иуæй цæстытæ атонын нæ куымдтой – диссаджы хæрзконд нæлгоймаг ирон дарæсы сылгоймаг æмæ сывæллонимæ. Уый разындис Ханайты хистæр, Зояйы сæрыхицау Æхсары фыд Гаппо йæ фыццаг ус Кцойон æмæ йæ лæппу Ладемыримæ (кæсут къаммæ). Сæдæ азæй йыл фылдæр цыд, афтæмæй амард 1946 азы. Беслæныхъæуы фыццагæрлидзджытæй уыд, ралыгъд Цъамадæй æд бинонтæ. Коммерцион курдиат æм разынд, ныр «Росхозторг» кæм ис, уыцы бæстыхайы йæм стыр дуканитæ уыд. Ирыстоны нæ, фæлæ ма раст Сыбыры дæр лымæнтæ скодта. Алæмæты рæсугъд сылгоймаджы стыр портретыл фыст: «Табачная и папиросная фабрика Вахтангова, 1869 год». Зоя нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй фабрикæйы хицау уыд Гаппойы хорз хæлар. Зоя ма нын радзырдта ахæм хабар. Цæвиттон, Гаппо мидхæсты рæстæг, фæстæдæр Æппæтцæдисон старостæ чи сси, уыцы Михаил Калинины урсгвардионтæй йæ хæдзары æмбæхстæй æхсæз мæйы фæдардта, стæй тæссаг уавæр сæвзæрд, æмæ йæ, джигулæй фæтæрсгæйæ, иу æхсæв бæхуæрдоны хосы бын ныккодта, афтæмæй йæ фæласта Фарныхъæумæ, йæ хæларыл æй бафæдзæхста. Калинин уыцы хорздзинад нæ ферох кодта, æмæ, коллективизацийы рæстæг куы ралæууыд, коммерсанттæ дæр кулакгонд куы цыдысты, уæд Гаппойæн гæххæттытæ сарæзта, æмæ йæ бинонтæ Сыбыры бинаг нæ фесты.
– Мæ хицауы хорздзинæдтæ куы фæнымайæм, уæд сæхæдæг стыр чиныг сты. Марды лæвар дæр фыццаг хатт Беслæныхъæуы уый раттын кодта. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ, хохæй æрæджы чи ралыгъд, ахæм бинонтæн сæ лæг æваст æрбамард, æмæ сæм цы иунæг гæбæр хъуг уыдис, уый йын хæрнæгæн аргæвстой. Уæд мæ хицау дзырды бар ракуырдта, адæмы размæ рацыд æмæ бахаста фæндон:
– Мах ацы мæгуыр бинонты хъуг хисты бахордтам, фæлæ сæ дарддæр цæрын кæй хъæуы, ууыл ничи ахъуыды кодта. Ныр уæ курын, æмæ уæ йæ дзыппы кæмæн цы ис, уыдон сисут, æрæвæрæм сæ æмæ сын баххуыс кæнæм. Йæ ныхас бынаты уыдис, адæмы ’хсæн – кадджын лæг. Йæ фарн мæрдтæм нæ ахаста, абон дæр немæ ис, – радзырдта нын цымыдисаг цау Зоя.
Ханайты Гаппойы фыццаг ус Кцойон мæлгæ акодта, баззад ын лæппу æмæ дыууæ чызджы Ладемыр, Дзенукка æмæ Женя. Сывæллæтты кой кæнын хъуыд, æмæ Гаппо дыккаг хатт бахæстæг кодта Кадитимæ, фæлæ та йыл йæ амонд гадзрахатæй рацыд – сылгоймаг амард. Уæдмæ йæ цот дæр рæзыдысты. Сæрмагондæй зæгъдзыстæм Ладемыры тыххæй – сахуыр кодта, стыр лæг дзы рауад – æппæт Цæгат Кавказы æфсæдты сæргъы лæу-уыдис. Æрыгонæй амард, бавæрдтой йæ кадимæ фыццæгæм скъолайы кæрты, аргъуаны раз. Фæн-дзайæм азты уым ныгæд мæрдты куы къахтой, уæд Ладемыры цырт дæр сыгом кодтой. Дзенукка загъта, йæ дзыппы, дам, сырхфистонджын хæрынкъа, æмæ йæ уымæй базондзыстут. Æцæгдæр, афтæ рауад. Баныгæдтой йæ йæ фыд Гаппойы фарсмæ. Женяйы чызджытæй иу, профессор, филологон наукæты доктор, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы кафедрæйы раздæры сæргълæууæг Къомайты Риммæйы дæр нæ республикæйы алчидæр зоны (рухсаг уæд). Риммæ дæр йæ мадыфыды дзæбæх миниуджытæй дзæвгар фæхайджын. Йæ къухæй цы æрыгон специалисттæ рацыд, уыдоны нымæц абон зын банымайæн у.
Æртыккаг хатт бахъуыд æрыгон сиахсы митæ кæнын Ханайты Гаппойы – барвыста йæ минæвæрттæ Дзестелтæм. Геза уыдис Гутонаты ус, йæ мой амард, æмæ дыууæ чызгимæ баззад. Гаппо чызджыты дæр йæхимæ æрбангом кодта, хи хъæбултау сыл узæлыд, йæ зæрдæйы хъарм сын лæвæрдта æнæвгъау. Кæд ыл азтæ гыццыл нæ цыд, уæддæр ма сын Гезаимæ сæнтыст фырыхъулы хуызæн фырт Уырызмæг, фæлæ йын Хуыцау æдæппæтæй 17 азы ратта цæрæнбон. Куы амард, уæд, дам, Геза сæ хæдзары къултæ сауæй сцагъта…
Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Гаппо амард 1946 азы, сæдæ азæй уæлæмæ йыл цыд, афтæмæй. «Йæ фæстæ æхсæзаздзыд лæппу цы зæронд лæг ныууагъта, уый æцæг нæртон гуырд уыдис, фæлæ йæ Геза ницыхуызы ныййардтаид, зæронд ус уыдис…», – хъуыды кодтон мæхинымæр. Зоя мын мæ мидхъуырдухæн бамбæрста, йæ къæхтыбынæй ныуулæфыд æмæ мын ракодта ахæм хабар:
– Дæ фарн бирæ, фæлæ нæ лæг Ханайтæн тугхæстæг нæ уыд…
Зоя мын куыд радзырдта, афтæмæй БМК-йы поселочы цардысты Харебаты бинонтæ. Фыд хæстмæ ацыд, мад, Татраты чызг, дыууæ æнахъом лæппуйы, Æхсар æмæ Хасанбегимæ баззад. Сылгоймаг æваст амард, æмæ сидзæрты йæхимæ æрбакодта сæ мадыхо – Ханайты Гаппойы æфсымæры ус. Хъысмæт ног цæф ныккодта сабиты – немыцы бомбæты бын фæмард сæ мадыхо дæр, æхсæвыгон æй баныгæдтой. Лæппутæ хурмæ баззадысты, æмæ Хасанбеджы Татраты Муссæ йæхимæ акодта, уый йæ схъомыл кодта. Æхсары дæр сæ дард хæстæджытæй иу Хуымæллæгмæ фæхаста бындурæн, фæлæ дзы, хæдзары цы дыууæ чызджы хъомыл кодтой, уыдон сæ цæсты сындз федтой, схуыст æмæ рæхуыстæй йæ бонтæ ’рвыста. Уый Гаппойы хъустыл æрцыд, араст кодта Хуымæллæгмæ, гыццыл лæппуйы йæ куырæты фæдджийы батыхта æмæ йæ сæхимæ схаста, ратта йæ Гезамæ æмæ йын загъта:
– Мæнæ дын хъæбул, схæсс æй, æмæ дын дон уæддæр бадæтдзæн, æз куы нал уон, уæд.
Æхсарыл цыд æхсæзæм аз, сæхиуыл æй ныффыс-той, буцæй йæ хъомыл кодтой, æмæ дзы уыцы уарзондзинад, зæрдиаг узæлд йæ амæлæты бонмæ нæ ферох. Тынг сæрыстыр уыд Гаппойæ, Ханайтæй, мыггагæн лæггад кодта, къæм абадын дæр сыл нæ уагъта. Æмæ йæм иу заман йæ фыдыфсымæр, Харебатæй, бæрзонд бынаты кусæг лæг, Хуссар Ирыстонмæ куы фæдзырдта, ам æрцæр, мæнæ дын хæдзар, машинæ, зæгъгæ, уæд ын ратта ахæм дзуапп:
– Мæнæн мæ хæдзар дæр, мæ машинæ дæр Ханайтæ сты, æмæ сæ стыр хорзæхтыл нæ ивын.
Зоя, елхотаг Кокойты чызг, фарны къах æрбавæрдта Ханайты хæдзармæ хæрзæрыгонæй. Йе ’фсин Дзестелонимæ мад æмæ чызджы цард фæкодтой, фæстæдæр Зояйæн йе ’ртæ чындзимæ (хистæр фырт Михал æмæ йæ цардæмбал Дзерæ цæрынц хицæнæй) дæр ахæм рæсугъд хъарм ахастдзинæдтæ уыдис, кæрæдзийæн «цæсты сау» никæд загътой. Æхсар амард 1994 азы февралы. Зоя хæдзары хистæрæн баззад, фæцудын æй нæ бауагъта. Йе ’ртæ фырты йын балæвар кодтой фондз хуры тыны – цыппар лæппуйы æмæ иу цъæх чызг. Гæнæн ис, æмæ ма сыл бафта. Гаппойы фарн, æнæмæнг, цæрдзæн дарддæр дæр, хæсдзысты йæ, Ханайты бындурыл цы бæллиццаг кæстæртæ рантыст, уыдон.
ГАПБАТЫ Алетæ














