Равзæрст дæсныйадмæ – балцæг

0
16

Цæгат Ирыстоны техникумтæ æмæ колледжты 3,5 рауагъдонæй фылдæр раттой демонстрацион фæлварæн. Ныридæгæн уал æй  23 ахуырадон уагдоны æнтыстджынæй сæххæст кодтой 3570 адæймаджы. Уый у хорз бæрæггæнæн, фарон ацафонимæ абаргæйæ – 160 рауагъдоны фылдæр.

Ацы азы хицæндзинад ис уый мидæг, æмæ 2954 адæймаджы, ома, рауагъдонты 80 проценты, равзæрстой профилон æмвæзад. Зæгъæм, ивгъуыд 2025 азы ахæм зын вариант лæвæрдтой 1708 рауагъдоны.

Æдæппæтæй 2026 азы фæлварæн раттынвæнд кæнынц астæуккаг профессионалон ахуырады уагдæтты 3814 рауагъдоны.

Цы нысан кæнынц ацы нымæцтæ? Профилон æмвæзады хай кæй рæзы, уый нысан кæны, куысты бынæттæ чи дæтты æмæ куыстуæтты къабазы интерестæ хъуыдыйаг кæй сты, уый. Рауагъдонтæ арæхдæр равзарынц зындæр фæлварæнты сæрты ахизын, цæмæй республикæйы фæллойадон базарады дæсны специалисттæ суой, сæ бон æцæг зындзинæдты ныхмæ фæлæууын уа, уый тыххæй.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад фæнд кæны тагъд рæстæджы фæлварæны компетенцитæ фæуæрæхдæр кæнын, экспертты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын.

Фæлварæн хуымæтæджы нæу, уый балцæджы хуызы  банымайæн ис равзæрст дæсныйадмæ фæндагыл.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here