Нуазыны донæн фидыны фæдыл «Рæстдзинад»-ы редакцимæ чи æрбадзуры, уыдоны сæйрагдæр тыхсын кæны, сæрды мæйты цæхæрадæтты дон пырх кæнынæн æхца цæмæн исынц, уый. Ацы азы хуызæн къæвдатæ фæстаг рæстæджыты никæдуал уыд, хуымтæ донхъуаг куы нæ сты, уæд цæмæн хъуамæ бафидон, зæгъгæ, вæййы сæ сагъæс.
Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-имæ цæрджытæ цы бадзырд бафыссынц, уым загъд ис, 1 майæ 30 августмæ, боныхъæд нæ хынцгæйæ, цæрджытæ æрвылмæй хъуамæ зæххы иу сæдæйæм хайæн фидой 115 сомы.
– Сарæзт акттæм гæсгæ, цыппар мæйы цæрджытæ хъуамæ фидой цæхæрадæттæ дон пырх кæнынæн, уæлдай нæу, уыцы куыст кæныс, æви нæ. Кадастрон палатæйы раттынц гæххæтт, зæхх сæм цас ис, уый фæдыл бæрæггæнæнтимæ. Уыцы гæххæтмæ гæсгæ фидынц бахардзгонд нуазыны донæн. Цæмæй къаддæр фидой, уый тыххæй цæуæм хæдзæрттæм æмæ бæстыхæйтты, сараты бын цы зæхх ис, асфальтгонд чи у, уыцы фæзуат аппарæм йæ иумæйаг бæрцæй. Цæхæрадæтты фæзуат та ногæй сбарæм æмæ фиддонты бæрц сбæрæг кæнæм, – зæгъы Алагиры районы «Водоканал»-ы контролер-кассир Есенаты Ритæ.
Йæ бæрны сты районы дыууæ хъæуы – Црау æмæ Майрæмадаг. Сылгоймаджы сæйраг хæс у фиддонтæ æмбырд кæнын. Къуыри дыууæ хатты вæййы Майрæмададжы, иннæ рæстæг – Црауы. Зилы хъæуккæгты хæдзæрттыл, адæмимæ дзурын, зæгъы, зын у. Уæлдайдæр, хæс бирæ чи дары, уыдонимæ. Цæрджытæн сæ фылдæры хæдзæртты ис нымайæнтæ, сæ сæвæрын пайдадæр у. Бирæ сывæллæттæ кæмæн ис, æххуысхъуаг бинонтæ, стæй сæрмагонд хæстон операцийы архайджыты бинонтæн районы «Водоканал» лæвар дæтты нуазыны доны нымайæнтæ, æвæргæ та сæ скæнынц сæхæдæг.
– Иутæ мæйæ-мæймæ фидынц. Хæс чи дары, уыдонмæ дзурæм телефонæй, зилæм хæдзæрттыл. Сæ хæс бафидын сын цæмæй æнцондæр уа, уый тыххæй районы доны куыстуат аразы алыхуызон мадзæлттæ. Мæймæ дæм цы хауы, уый бафид, æмæ дæ хæс фæкъаддæр уа. Нырма уал доны кубометры аргъ 23,14 сомы у, – бамбарын нын кодта Ритæ.
Къæвдатæ къуыригæйтты куы нæ ‘нцайынц, уæд адæмæй, цæхæрадæттæ донæй пырх кæныны тыххæй фиддонтæ цæмæн исут фарстæн, уый махæй аразгæ нæу, зæгъгæ, уыд йæ дзуапп. Цымыдисаг у, уæддæр ацы фарстæн дзуапп хъуамæ чи ратта?
ХУЫБИАТЫ Ларисæ













