Туризм – экономикæйы сæйраг рахæцæнтæй иу

0
54

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд, æнæкапиталон модулон бавæрд æмæ паддзахадон æххуысæй арæзт хъæууон туризмы объекттæ куыд кусынц, уый тыххæй. Архайдтой дзы дзуапдæттæг хицаудзинады разамонджытæ æмæ инвестицион проектты минæвæрттæ.

Туризмы къабазы паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй радзырдта РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров. Куыд загъта, афтæмæй, 2023-2024 азты æххуыс лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы аст проекты фæлгæты арæзт æрцыд 230 номыры æмæ 50 кусæн бынатæй фылдæр. Ног туристон объектты ныридæгæн ис уазджытæ.

2025-2027 азты республикæйы хъуамæ æххæстгонд æрцæуа 6 проекты 770 милуан сомы аргъ. Уый руаджы ма фæзындзæн ноджы 500 номырæй фылдæр.

Регионы дарддæр рæзы агротуризм дæр. 2024-2025 азты республикæйы алы районты 25 проекты арæзт æрцыд, сæ аргъ – 230 милуан сомæй фылдæр.

Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бахахх кодта, нæ республикæйы рæзты сæйраг рахæцæнтæй иу туризм кæй у.

– Туристон къабазæн Цæгат Ирыстоны стыр фидæн ис. Нæ республикæйæн ис хъæздыг истори, хæдхуыз культурæ, уазæгуарзон адæм. Уый туристты, æнæмæнг, цымыдис кæны. Къорд азы дæргъы нæ субъекты фæзуаты туризмы къабазы рæзтæн æххæстгонд цæуынц алыхуызон программæтæ, парахат кæны инфраструктурæ, аразæм кемпингтæ æмæ глэмпингтæ. Мах архайæм Уæрæсейы Экономикон рæзт æмæ федералон Хъæууонхæдзарадон министрадты программæты. Афтæмæй алывæрсыг æххуыс кæнæм инвестортæн. Уыимæ, алы проект дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуа бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ амынд æмгъуыдмæ. Алы инвесторы архайд дæр хъуамæ уа æргом – сараза ног кусæн бынæттæ, фида хъалонтæ, архайа Цæгат Ирыстоны экономикæ фидар кæныныл –ахæм нысан нæ размæ æвæры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, – фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.

Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ премьер-министр республикæйы Экономикон рæзты министрад æмæ дзуапдæттæг ведомствæтæн бахæс кодта, дарддæр дæр инвестицион проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ лæмбынæг хъус дарын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here