Хæрзиуджытæ раттой

0
52

УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы бардзырдмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстонæй сенатортæ Мамсыраты Таймураз æмæ Виталий Назаренко нæ республикæйы минæвæрттæн кадджын уагæй хæрзиуджытæ раттой.

Цæгат Ирыстоны закъон-æвæрынад нывыл кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахæссыны æмæ бирæ азты дæргъы æнæлазæй бакусыны тыххæй Федерацийы Советы Арфæйы фыстæджытæй хорзæхджын æрцыдысты регионы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Тхостаты Мурат æмæ депутат Гуытъиаты Вячеслав.

Уымæй уæлдай, паддзахадон социалон-экономикон политикæ Цæгат Ирыстоны бæстон æххæст кæныны тыххæй Федерацийы Советы Кады грамотæ раттой сенаторы æххуысгæнæг Виктор Бочмановæн.

– Нæ хæлæрттæ республикæйы кæй æххæст кæнынц, уыцы ахсджиаг куыст хæрзхъæд закъонæвæрынадон фæндæттæ бахæссынæн ахъаз кæны. Депутаттæ Цæгат Ирыстоны райрæзтмæ арæзт хæслæвæрдтæ бæрнонæй кæй æххæст кæнынц, ацы хæрзиуджытæ ууыл дзурæг сты, – ныхас кæнгæйæ, загъта Мамсыры-фырт.

– Ахадгæ закъонæвæрынадон архайд адæймагæй домы канд биноныг зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма куыстыл æнæхин æнувыддзинад дæр. Абон хæрзиуджытæ кæмæн радтам, уыцы адæймæгтæй алчи дæр регионы барадон фæтк фидар кæныны хъуыддагмæ аккаг æвæрæн хæссы. Бæстон куыст ахсджиаг социалон-экономикон проекттæ æххæст кæнынæн кæй ахъаз кæны, æмæ афтæмæй адæмы царды хæрзхъæддзинад кæй рæзы, уый уынæм, – загъта Виталий Назаренко.

Тхосты-фырт депутатты архайдæн стыр аргъгæнæг Федерацийы Советы разамындæн бузныг загъта.

– Кæй мын раттой, уыцы кадджын хæрзиуæг мæ дарддæры æнтыстджын куыстмæ разæнгард кæны. Æхсæнады ахсджиаг хъуыдытæ нымайгæйæ æмæ нæ сенатортимæ æнгомæй æмгуыст кæнгæйæ, республикæйы закъонæвæрынад нывыл кæнынмæ арæзт куыст дарддæр æххæст кæндзыстæм, æппæт хаст уынаффæтæ Цæгат Ирыстонæн куыд фæпайда уой, афтæ, – загъта Тхостаты Мурат.

Цæгат Ирстоны минæвæрттæ регионы райрæзтмæ арæзт хъуыддæгтæ биноныг кæй æххæст кæнынц, хæрзиуджытæ сын раттыны æууæл ууыл дзурæг у.

Æлборты Зæлинæ, УФ-йы сенаторы æххуысгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here