Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн автомобильтæ уадзæн иунæг пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ы кадджын уавæры байгом кодтой ног объекттæ.
Цы ногдзинæдтæ дзы æрцыд, уымæн аргъ скодтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Хуссар Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат, Уæрæсейы транспортон министрады паддзахадон арæныл ахизыны пункты хæрзвадатдзинады Уæрæсейы паддзахадон политикæйы департаменты директор Кокайты Михал, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управленийы сæргълæууæг Цæгат Ирыстоны Сергей Балакин æмæ Цæгат Ирыстоны таможнæйы сæргълæууæг Цегойты Георги.
Арæныл цы куыстытæ бакодтой, уыдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ арæзт æрцыд транспортон иуæгты цыд, ноджы ма байгом сты æртæ уæлæмхасæн тæлмы транспорты цыдæн. Фæзындысты паспорттæм цæстдарды кабинæтæ æмæ шлаг-баумтæ, 6 ног модулы цæстдарæн оргæнты куыстæн, цалцæггонд æрцыд фæндаджы уæлцъар, æмæ дыууæрдæм дæр фæндаг фæуæрæхдæр кодтой.
Уымæй уæлдай ма объекты бындуронæй рацарæзтой бæлццæтты терминал, радиацимæ цæстдарыны системæ, уæлæмхасæн мæнгагъуыстытæ, банывыл ын кодтой йæ фæзуат.
Хъамболты Марат куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, «Дæллаг Зæрæмæг»-ы пункты егъау рацарæзт бантыст Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг архайд æмæ, се ’хсæн цы бадзырдтæ бафыстой, уый фæрцы.
– Ацы фарста тынг тыхсын кодта Хуссар Ирыстоны цæрджыты, цыдысты нæм хъæстытæ, арæныл хизгæйæ, бирæ рæстæг кæй хардз кодтой, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ мах ныхас кодтам Уæрæсейы Федерацийы разамындимæ фембæлды, æмæ Уæрæсейы Президенты фæдзæхстытæм гæсгæ фарста алыг кæнын бантыст. Нæ уæрæсейаг æмкусджытимæ дарддæр дæр архайдзыстæм уадзæн пункты модернизацийыл. Мæн уырны, раздæр нæ размæ цы цæлхдуртæ лæууыд, уыдон иуварсгонд кæй æрцыдысты æмæ ныр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ арæны сæрты цыбыр рæстæгмæ æмæ хæрзвадат уавæрты кæй хиздзысты, уый, – фæбæрæг кодта Хъамболты Марат.
Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, «Дæллаг Зæрæмæг»-ы уадзæн пункты цы куыстытæ баххæст кодтой, уыдон бæлццæттæн фадат ратдзысты æнцонвадат уавæрты цæуынæн.
– Абон цы проект баххæст кодтам, уый фадат ратдзæн дыууæ субъекты рæзтæн æмæ бæлццæтты удæнцойæн. Уæрæсейы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы модернизацийы фæстæ цы ивддзинæдтæ æрцыд, уый фæахъаз пункты куыстæн. Мах хорз хъуыды кæнæм, бæлццæттæ рады цалдæргай сахæттæ куыд лæууыдысты, уый. Ныр та арæныл ахизыны рæстæг у 15-20 минуты. «Дæллаг Зæрæмæг»-ы пункты цы уавæртæ арæзт æрцыд, уыдон дæр афтæ фæахъаз уыдзысты бæлццæтты æнцойдзинадæн, – загъта Дзанайты Барис.
«Дæллаг Зæрæмæг»-ы модернизацион куыстытæ æххæстгæнгæйæ, специалисттæ уæлдай æргом аздæхтой, фæндæгтыл æхсæвыгон æмæ цавæрфæнды боныхъæды рæстæг дæр хорз чи зындзæн, ахæм бæрæггæнæнтæм фæндагыл æмæ навигацимæ дæр. Рухс дæттынц экрантæ, фæндаггон æмæ фæзилæнтæ амонæн нысантæ. Уыдон фыццаг хатт фæзындысты паддзахадон арæныл.
Ноджы ма уадзæн пункт ифтонггонд æрцыд нырыккон техникæ æмæ ифтонггарзæй. Уый фæрцы бæрæггонд цæудзысты хæдтулгæтæ, цæмæй, цы не ’мбæлы, ахæм дзаума ласт ма ’рцæуа.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къамтæ систа Татьяна ШЕХОДАНОВА














