Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг цæгатирыстойнаг управленийы специалисттæ фæндаггон æмæ æрдзхъахъхъæнæг ведомствæты минæвæрттимæ иумæ Ручъы æфцæджы фæндаджы уавæр сбæлвырд кодтой.
Бынаты иртасынады фæрцы уыд Уæрæсе Фæскавказимæ бæттæг ахсджиаг фæндаджы геологион уавæр рабæрæг кæныны фадат. Къамисы æмбырды архайдтой федералон кусæндон «Федералон автомобилон фæндæгтæ «Кавказ»-ы цæгатирыстойнаг управлени»-йы, нæ регионы Æрдзон авналæнтæ æмæ экологийы министрады, бæстæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг цæгатирыстойнаг управленийы кусджытæ, стæй æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Севосгеомониторинг»-ы специалисттæ.
Зæйты рацыдæй æмæ ивылд донæй уæлдай тæссагдæр кæмæн у, бынаты иртасынады фæрцы фæндаджы ахæм хæйттæ бæлвырдгонд æрцыдысты. Тæссагдзинады æппæт иртæстгонд бынæттæ оперативон картæтæм бахæсдзысты, æвæстиатон службæты специалисттæ ацы картæтæй куыд пайда кæной, афтæ (амынд хъуыддаджы фæрцы уыдзæн тæссагдзинæдты тыххæй хабæрттæ адæмæн рагацау хъусын кæныны фадат).
Ручъы æфцæджы фæндаг раздæрау нымад у уæлдай тæссагдæр фæндагыл. Зæйты рацыды аххосæй фæндаг арæх æхгæд æрцæуы. Специалистты ныхасмæ гæсгæ, фыдбылызтæй хæдтулгæскъæрджыты бахизыны фадат цæмæй уа, уый тыххæй фæндаг рæстæгмæ сæхгæныны фæдыл уынаффæ рагацау рахæссынц. Уавæр куы банывыл вæййы, уæд фæндаджы уæлцъар расыгъдæг кæнын æмæ фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл куыстытæ æххæстгонд æрцæуынц.
Цæстдарæн куысты бæрæггæнæнты тыххæй дзургæйæ, амынд сæйраг цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Веретенников зæгъы:
– Ручъы æфцæджы фæндаджы æдасдзинад нымад у нæ иумæйаг хæсыл. Рæстæгæй-рæстæгмæ цæстдарæн куыст æххæст кæнгæйæ, фыдбылызтæй адæмы бахизыны фадат вæййы. Нæ оперативон службæтæ фæндаджы тæссаг хæйтты картæйæ арæхстджынæй пайда кæнынц. Хæдтулгæскъæрджытæ тæссаг уавæртæй сæхи цæмæй бахизой, уый тыххæй сын фæдзæхсæм боныхъæды рагагъоммæ бæрæггæнæнтимæ рагацау базонгæ уæвын. Фыдбылызы амынæт суæвыны бæсты адæймаг цауд боныхъæды фæудмæ банхъæлмæ кæсæд.
УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ














