«Фæлæ»-тæ – бирæ…

0
17

Фæстаг къорд азы Цæгат Ирыстонмæ уазæгуаты цæуынц туристтæ Уæрæсейы алы кæрæттæй. Туристон къабаз рæзы, федералон бюджет нæ ауæрды фæрæзтыл, милуантæ нæ, фæлæ миллиардтæ дихгонд цæуы фæлладуадзæн бынæттæ аразынæн. Афтæ, республикæ 2025 азæй 2027 азмæ райсдзæн 1 миллиард сомы федералон бюджетæй глэмпингтæ саразынæн. Национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы фæлгæты регионы уыцы рæстæг туристтæн арæзт æрцæудзæн 9 ног тæлмы (локация).

Ноджыдæр ма ахæм нымæцтæ. 2026 азы январæй июньмæ Цæгат Ирыстон бабæрæг кодтой 252,9 мин адæймаджы. 2025 азы уыцы рæстæджы уаццаджы туристты нымæц уыд 142,8 мин адæймаджы. Туризм, Хицауады минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй у регионы рæзты сæйраг рахæцæнтæй иу. Æгайтма нæм цæуынц, уынынц æмæ дис кæнынц нæ алæмæты æрдзы рæсугъддзинадыл, традицитæ æмæ æгъдæуттыл, ис нæм, Хуыцауæй разы, сæрыстыр кæмæй æмæ цæмæй стæм, ахæм адæм, бынæттæ. Ам бафтауын хъæуы дзырд «фæлæ».

Фæлæ ма æркæсут, мæнæ нæ къамисæг цы нывтæ федта нæ æрдхæрæны Дæргъæвсы, Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм фæндагыл, уыдонмæ! Уыйбæрц туристтæ цæуы æмæ, куыд фæзæгъынц, къæпдзыхæй кæсынц Дæргъæвсы зæппæдзтæм. Тынг бирæ хæдтулгæтæ рарæнхъ вæййынц некрополы раз, уæлдайдæр – ныртæккæ, фæлладуадзæн афон йæ тæмæны куы бацыд, уæд. «Мæрдты сахары» бакомкоммæ æвæрд ис контейнертæ. Сæумæрайсом дзы туристтæн сæ кой дæр нæма уыдис, фæлæ бырондæтты алыварс – кæритæ æмæ рæдзæгъдтæ, афтæмæй та контейнертæ дзаг кæй не сты, уый зыны. Аххосджынты ссарын, æвæццæгæн, зын хъуыддаг у, фæлæ уыцы бынаты хъуамæ фæткæвæрæг, сыгъдæгдзинады фарстамæ цæстдарæг æнæмæнг уа.

Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæ цъититæй кæлынц, сæ тыхы бацæуынц сæрды, æмæ июнæй сентябры онг ацы зæдбадæн бынæтты туристтæн ныккæнæн нæ вæййы. Уыйбæрц æхсæрдзæнтæ иу ран зын ссарæн у, сæхимæ æлвасынц, æмæ, сæ фенынмæ чи цæуы, уыцы адæмы гуылфæн дæр æхсæрдзæнау æнæкæрон у. Æрдзы хъæбысы улæфынмæ чи ссæуы, уыдонæн бузныг, сæ «куывды» фæстиуджытæ уым нæ ныууадзынц, иу гæххæтты мур дæр не ссардзынæ æнæхъæн маршрутыл, йæ дæргъ та иуырдæм авд километры бæрц у. Фæлæ та ам дæр иу «фæлæ»!

Турист даргъ фæндагыл фæллайгæ дæр куыд нæ бакæны, нæ кæмтты цæугæйæ. Уæдæ адæймаг æфсæйнагæй конд нæу, фæфæнды йæ, афтæ йæ зæгъдзыстæм, йæхимæ кæм базила, йæ къухтæ кæм цæхса, ахæм нырыккон домæнтæн дзуапдæттæг санитарон уатмæ бацæуын. Цард, дам, фæндонæй нæу… Æмæ хæстæгдæр къутæртæм, хъæды къохмæ ныййарц вæййынц, гормæттæ… Æндæр гæнæн сын нал вæййы. Рагæй дзурæм, бæллæм, туристон маршруттыл ахæм санитарон тæлмытæ куы фæзынид, уымæ, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй нæма сæнкъуысыд.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here