Кусæг адæймагæн аргъ кæнынц

0
15

Бирæтæй фехъусæн ис, бæгæныфыцæн кампани «Бавари»-йы æнцон кусæн нæу, зæгъгæ. Лæмбынæг æркæсгæйæ, зын бамбарæн нæу – ахæм хъуыдыйыл хæст сты куысты уаг халджытæ, магусатæ, хуыскъастæутæ кæй фæхонынц, ахæмтæ. Дæ размæ ‘вæрд хæстæ, куыд æмбæлы, афтæ куы ‘ххæст кæнай, уæд ахæм кусæгæн аргъ кæнын зоны куыстдæттæг. Уый нæ, фæлæ ма йын бæрнондæр бынат дæр бабар кæнынц. Афтæ рауад Хъайтмазты Вячеславы хъуыддаг дæр.

Хæрзæрыгонæй райдыдта йæ фæллойадон фæндаг «Бавари»-йы 20 азæй раздæр. Лæппу каст фæци физикон-математикон, фæстæдæр та – юридикон факультет. Йæ бинонты нæлгоймæгтæ се ‘ппæт дæр куыстой барадхъахъхъæнæг оргæнты, æмæ Вячеславмæ дæр уымæ æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ хъысмæтмæ, фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыд æндæр фæндтæ. Лæппу рæстæгмæ куыстмæ бацыд «Бавари»-мæ æмæ дзы абоны онг бафæстиат.

Фыццаг уыд операторы æххуысгæнæг, цыбыр рæстæгмæ йæ снысан кодтой операторæй. «Уыцы рæстæг автоматизацигонд нæма уыд, æмæ куыст зын уыди, фæлæ мæ мадæн загътон, ам кусын мæ кæй фæнды. Дарддæр бæгæныфыцæн цехмæ ивд æрцыдтæн. Ам мæ зæрдæмæ тынг цæуы – у цымыдисаг, фæлæ тынг бæрнон куыст. Гыццыл къуылымпы уагъд куы ‘рцæуа, уæд æппæт дæр фесæфдзæн, уымæ гæсгæ дзы хъæуы лæмбынæгдзинад», – зæгъы Хъайтмазы-фырт.

Абон Вячеслав у бæгæныфыцæн цехы технолог, иудадзыг йæ цæст дары ацы продукт рауадзыны æппæт къæпхæнтæм дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, кампанийы кусæг адæймагæн аргъ кæнынц, мыздæй никæй зæрдæхудты цæуынц, æмбæлгæ уагыл æй фидынц, уыимæ дзы ис карьерæйы рæзты гæнæнтæ. Æппæт уыдæттæ Вячеслав йæхиуыл банкъардта, æмæ йæм йæ куысты бынат аивыны хъуыды æмгæрон нæ цæуы.

«Цы хæстæ æвæрд дыл ис, уыдон цæсгомджынæй æххæст кæн, æмæ алцыдæр уыдзæн нывыл. Куысты фæтк карз у, фæзæгъынц иуæй-иутæ. Æмæ уæдæ хъуамæ цавæр уа, кæд æмæ уый æнтыстдзинады сæйраг рахæцæн у? Мæн фæнды, тагъд рæстæджы æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ нæ бæстæйы алы ран дæр, «Бавари» дзырд фехъусгæйæ, адæмæн, фыццаджыдæр, сæ цæстытыл мах кампани æмæ йæ продукци куы уаид, æмæ æрмæст уый фæстæ – немыцаг провинци, – мидбылхудгæ зæгъы Хъайтмазты Вячеслав.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here