Æнæферохгæнгæ сабидуг

0
41

Кæй зæрдыл не ‘рлæууынц скъолайы ахуыры азты рагбонтæ, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæй. Елхоты бирæсывæллонджын хæдзары схъомыл дæн, æмæ-иу нын нæ фыд арæх афтæ дзырдта: «Ахуыр хорз у, ахуыр! Ахуыр кæнут, кæрæдзи уарзут, фæлæ кусын дæр хъæуы. Куыст цардæн – фæрæз! – афтæ-иу дзырдтой нæ фыдæлтæ… Æмæ уыцы æмбисонд уæ зæрдыл дарут, мæ хуртæ!»

Алы каникулты дæр-иу нын колхоз «Кавказ»-ы быдырты нæ фыд райста æнæхъæн гектартæ цæхæрайы уа, къабуска, пъамидор, джитърийы хуымтæ, æмæ-иу сæ рывтам, нæ хæйттыл-иу уыд бæрæг фыст фæйнæджы гæбазыл. Нæ рæнхъыты-иу нын куы бæрæг кодтой, уæд-иу нын дзырдтой, уæ фæстæ хæмпæлгæрдæг ма уадзут, рувгæ-рувын æвзары уидаг ма бахъыгдарут, зæгъгæ.

Алчи дæр-иу архайдта, æмæ-иу сихоры хæрдыл бригадир, науæд, звеновод искæмæй куы раппæлыд, уæд-иу нæхицæй ныббуц стæм. Афтæ, ахуырдзаутæ уæвгæйæ, разæнгардæй цыдыстæм æрвылбон дæр нæ задхор æмæ сойджын быдыртæм.

Уыцы рæстæг, 70-80-æм азты, нæ республикæйы парахат уыдысты ахуырдзауты бригæдтæ дæр. Елхоты 2-æм скъолайы ахуырдзауты бригады сæргълæууæг уыд скъолайы директор Петр Сладков. Бæрæг азтæ нæ хъуыды кæнын, фæлæ иу рæстæг ахуырдзаутæн бригадир уыд 9-æм къласæй – Бызыккаты Симæ.

Скъоладзаутæй сæ иуæй-иутæ нартхормæ дæр не ‘ххæссыдысты, афтæмæй иунæджытæй æнæхъæн рæгъытæ хастой, сæ разæй та сын-иу директор, науæд хистæртæй исчи, æндæр ахуыргæнæг нартхоры хъæд бынмæ æртасын кодта, бынмæ-иу æй æрсаста. Иронау хорз дзырдта Петр æмæ-иу, ахуырдзаутæй алкæй фыды ном дæр кæй зыдта, уый тыххæй-иу нæм дзырдта фыды номæй: «Дашкины чизг!.. Ладойы чизг!..»

Нæ директор уыдис диссаджы рæдау зæрдæйы хицау. Уæд ма æз 6-æм къласы ахуыр кодтон æмæ хъуыды кæнын, диктант нын скодта йæхæдæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй 29 ахуырдзауæй 9 райстой æвзæр бæрæггæнæнтæ. Уый фæстæ нын йæхæдæг скодта рæдыдтытыл бакуыст, алцыдæр нын урокты бæстон бацамыдта, растфыссынады æгъдæуттыл æнцойгæнгæйæ.

Абон дæр ма нæ уарзон, алцымбарæг æмæ зондамонæг хистæр Петр Сладковы ирд  æмæ фæзминаг фæлгонц лæууы нæ зæрдыл…

Бызыккаты Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here