«Балц»-ы зæрдæагайгæ сфæлдыстады цæхæр

0
7

Нæ республикæйы Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны цы бирæ сфæлдыстадон хихъæппæрисадон къордтæ ис, уыдоны хорз ном зындгонд у нæ республикæ, Цæгат Кавказ æмæ ма суанг нæ бæстæйы горæтты аивадуарзджытæн. Се ‘хсæн йе сфæлдыстадон вокалон хæдбындур бирæвæрсыг æрмдзæфæй бæрæг дары ирон адæмон зарæггæнджыты къорд «Балц». Цалдæр азы йын арæхстджын разамынд дæтты дæсны музыкант, композитор æмæ зарæггæнæг, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Едзиты Барис.

Ирон музыкалон аивад йе ‘взонджы кары бауарзта. Куы фембаргæ æмæ астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæмæ (ныр – Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл Аивæдты колледж) адæмон инструменттæй цæгъдыныл ахуыр кæныны хайадмæ. Ам ын дæсны музыкант æмæ концертмейстер, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Цъоппойты Валодя уæрæх, бæлвырд æмæ мидисджынæй æргом кодта аккордеонæй цæгъдыны дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Зæрдæргъæвд лæппу йæ цæстуарзон хистæры алы дзырд æмæ амындæн аккаг аргъ кодта. Уыцы иу рæстæг йæ зæрдæйы æвзæрд тырнындзинад зарæг кæнын æмæ вокалон уацмыстæ фыссынмæ. Йæ уыцы бæллиц дæр цæмæй Барисы зæрдæйы, уардийау, дидинæг ракала, уымæн дæр ын фæахъаз Цъоппойты Валодя. Куыд зарæггæнæг, афтæ Барис сценæмæ рахызт Дыгуры районы культурæйы хæдзары. Ам музыкалон училищæйы студенттимæ архайдта дзыллон стыр бæрæгбоны. Йе ‘мбæлттимæ бахъырныдта, зындгонд зарæггæнæг, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Гульчеты Епо разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы зарæггæнджыты къордæн.

Аивæдты училищæ Барис каст куы фæци æнтыстджынæй, уæд кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы такситы парчы зарæггæнджыты къорд «Бæлццон»-ы концертмейстерæй. Сæ разамонæг та уыд дæсны хормейстер, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Туаты Валодя. Такситы парчы сфæлдыстадон вокалон артдзæсты архайгæйæ, йæхæдæг фыссын райдыдта лирикон æмæ хъæбатырты зарджытæ. Ныр дæр рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысынц нæ республикæйы радио æмæ телеуынынады каналтæй.

Ивгъуыд æнусы 80-æм азты Едзиты Барис æмæ ма уыйау, ирон адæмон зарæг зæрдæбынæй чи уарзы, Рахизфарсы районы транспортон куыстуаты бæрнон кусæг Азиаты Хетæджы хъæппæрисæй Рахизфарсы районы автотранспортон куыстуаты арæзт æрцыд ирон адæмон вокалон зарæггæнджыты къорд «Балц». Сæ аивад дзы бирæ азты сæдæгай дзыллæтæн уарзын кодтой адæмон зарæджы дæснытæ Хъуыссæты Хъылци, Мыртазты Тамерлан, Æлбегаты Барис, Царахаты Хъазыбег, Гаджиты Алик, Мсойты Барис, Дзусаты Мухтар… Се ‘ппæт дæр алы дæсныйæдтыл хæст уыдысты. Фæлæ сæ уарзон æмæ хæларæй иу кодта фыдæлтыккон хъæбатырты зарæгмæ æрдхæрæны уазт. Сæ репертуары уыд Едзиты Барисæн йæхи æмæ нæ зындгонд ирон композиторты фыст вокалон уацмыстæ. «Балц» йæ аивад æвдыста нæ республикæ æмæ нæ бæстæйы фестивальтæ æмæ конкурсты. Сæ курдиатæн-иу сын скодтой аккаг аргъ.

Царды социалон-экономикон уавæртæм гæсгæ иуцасдæр рæстæг къорды архайд æрмынæг. Фæлæ уыцы рæстæг дæр йæ аивадон разамонæг йæ зарæггæнджытимæ йе сфæлдыстадон бастдзинад нæ фехæлдта. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сын репетицитæ уыд Фарныхъæуы Культурæйы хæдзары. Уымæй уæлдай, Барис дæс азæй фылдæр зарыд Мариинаг театры филиал – Дзæуджыхъæуы концертон залы (раздæры паддзахадон филармонийы ирон хъæбатырты зарæггæнджыты паддзахадон къорды. Йæ аивадон разамонæг уыд РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ, дæсны хормейстер Дзанайты Ольгæ.)

Фæлæ йæ царды бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, Едзиты Барис ацы зындгонд вокалон артдзæсты йæ архайд кæронмæ куы ‘рхæццæ кодта, уæд æй бафæндыд ногæй Рахизфарсы районы ирон адæмон зарæггæнджыты къорд «Балц»-æн дыккаг хатт царды тых раттын. Йæ фæнд цæмæй царды рацæуа, уымæ та йæм хорз фæкаст Азиаты Хетæг, районы транспортон куыстуаты раздæры сæргълæууæг Ходы Валодя, нæ республикæйы раздæры сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Æмæ та «Балц» йæ артдзæст ноджы райдзастдæрæй ссыгъта районы Культурæйы галуаны. Йæ архайджытæ сты алы кары æмæ алы дæсныйæдтыл хæст. Фæллойы ветерантæ, профессионалон музыканттæ, шофыртæ, алыхуызон куыстуæтты раззагдæр специалисттæ æмæ студенттæ Дзодзиаты Цæра, Бæройты Махар, Азиаты Хетæг, Бекъуырты Максим, Дзусаты Мухтар, Дзæхаты Сослан, Цорæты Мухарбег, Гуыбыраты Æхсарбег, Къусраты Тъариел, Четиты Геор, Баситы Юри, Бигъаты Зауырбег… Къорды æппæты хистæр архайæгыл цæуы 86 азы, кæстæрыл та – 32 азы. Репетицитæм разæнгард æмæ æхсызгонæй цæуынц къуыри дыууæ хатты районы алы хъæутæ, Дзæуджыхъæу æмæ Беслæныхъæуæй. Зарæггæнджытæй иуæй-иутæ вокалон аивадæй уæлдай уарзынц ирон адæмон музыкалон инструменттæй цæгъдын. «Балц» иудадзыгдæр фæархайы Беслæн, Дзæуджыхъæу æмæ районы хъæуты сфæлдыстадон изæртæ, концерттæ, фембæлдтытæ æмæ дзыллон бæрæгбæтты. Къорды репертуары ис ирон адæмон рагон, хъæбатырты, нæ композиторты фыст зарджытæ æмæ лирикон вокалон уацмыстæ. Нæ зæрдæ сын зæгъы, царды хорзæхтæй æмæ сфæлдыстадон уæлтæмæнæй кæддæриддæр хайджын куыд уой, уыцы амонд!

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here