Иу къорд азы размæ мыл æрцыд ахæм цау. Мæ дзæбæх зонгæ лæгмæ цалдæр боны фæдзырдтон дзыппыдаргæ телефонæй. Нæ систа хæтæл. Уый фæстæ йыл кæмдæр амбæлдтæн æмæ йын бустæхуызæй бакодтон, кæд мыл, зæгъын, истæуыл фæтæргай дæ, уæд мын æй бамбарын кæн, ма йæ æмбæхс – дæ телефон цæуылнæ систай? Уый фæлмæн бахудти, йæ сæр банкъуыста æмæ мын афтæ: «Мæн аххос нæ уыди – доны къæртайы мын ныххаудта, æмæ йæ горæтмæ цалцæг кæнынмæ ахастон. Нæ дæ бауырндзæн, фæлæ мын æй цалынмæ арæзтой, уæдмæ, цыма, отпусчы уыдтæн, афтæ мæм фæкасти. Иуцасдæр дзы баулæфыдтæн…»
Куыд нæ мæ бауырныдтаид – æнæ уыцы дзаумайæ нын абон хистæрæй-кæстæрæй цыдæр нæ фæфаг кæны, стыхсæм, катай кæнын байдайæм… Фæлæ у æххуыс дæр, дзырд ыл нæй, алыхуызон лæггæдты нын цæуы, уæлдайдæр Интернетимæ баст хабæртты, бастдзинады хъуыддæгты. 80-æм азты та ма, зæгъæм, искуы дунейы цавæрфæнды паддзахадимæ фæндонæй канд дзурæн нæ, фæлæ нывтæ æвдисæн дæр уыдзæн, зæгъгæ, адæймаг куы фехъуыстаид, уæд æй зынтæй бауырныдтаид. Уæд ма уыдысты горæтты, районты телефонты станцæтæ, уым бафыстай цасдæр минутæн æхца, бацыдтæ, телефоны аппарат сæрмагонд гыццыл хатæнты къултыл кæм уыдис, уырдæм, æмæ аныхæстæ кæн. Æцæг, уым дæр хатгай хъуыдис банхъæлмæ кæсын.
Уыцы хатæнты тыххæй мын ме ’рдхорд Хазби иухатт ахæм хабар ракодта. Цæвиттон, æфсады службæ кодта кæмдæр уæрæсейаг горæты. Иухатт æй командировкæйы арвыстой æндæр облæстмæ. «Уырдыгæй фæстæмæ не ‘фсæддон хаймæ куы здæхтæн, уæд, поездмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, вагзалы бафæстиат дæн, – дзырдта Хазби. – Уæгъд рæстæг мын фæци, æмæ, зæгъын, иу цалдæр рæнхъы нæхимæ афыссон. Райдыдтон фыссын. Бадт та фæдæн, вагзалы къуымы телефонæй дзурæн гыццыл хатæнтæ кæм арæнхъ сты, тæккæ уыцы ран. Алкæцæй дæр дзы хъуыстис хъæрæй ныхас, чи кæдæм дзырдта, чи – кæдæм. Раст зæгъгæйæ, уыдтæн тынг фæллад, хуыссæгхъуаг, фæлæ уæддæр фыстон, раст цыма æрдæгфынæй уыдтæн, афтæ. Хæстæгдæр мæм цы хатæн уыди, уым иу къæсхуыр ус кæмæндæр фæдзæхста: «Уазалгæнæны цы хъæрмхуыпп ис, уый бабайæн бахъарм кæн, æцæг ыл цæхх бирæ ма ныккæн». Иннæ хатæнæй хъуысти: «Йæ рæуæд цалынмæ байрæза, уæдмæ хъуг рæгъаумæ ма аскъæрут». «Мæ къæбыла Наполеон мын ног æлвыд уыди, йæ къæдзилыл – бантик, хъуырыл – мæ сыгъзæрин рæхыс, афтæмæй фесæфт. Сæрра уыдзынæн, куы нæ разына, уæд!» – тыхсти чидæр æртыккаг хатæны.
«Анжелæ знон ног къабайы дискотекæмæ ацыд, æмæ йæм лæппутæ кæсынæй не ’фсæстысты. Мой кæнын афон ын у бæргæ, – сагъæсхуызæй дзырдта трубкæмæ чысыл дарддæр æрыгон сылгоймаг. «Цалдæр боны фæстæ цæуын маймулитæм Африкæмæ, мамæ, Иван Иванович та нæ зоопаркæн Астæуккаг Азийæ хъуамæ теуатæ æрбаласа. Хæдæгай, Наташæйæн ног цырыхъхъытæ балхæдтон, постæй йын сæ арвитдзынæн», – хабæрттæ кодта фæндзæм хатæны æрыгон тæнтъихæг лæппулæг. Æппынфæстаг ма мæм кæройнаг хатæнæй æрбайхъуыст нæлгоймаджы тызмæг хъæлæс: «Уыцы къупри æмæ магусайæн зæгъут, уым ма йæ куы баййафон, уæд додой йæ къона!»…
Иуныхасæй, адæмы дзолгъо-молгъо æмæ дыв-дывæй мæ хъуыдытæ сæмхæццæ сты, сæр сдзæгъæл, фæлæ уæддæр тыхамæлттæй писмо кæронмæ ныффыстон æмæ йæ посты асыччы ауагътон. Уыйфæстæ ма цанæбæрæг рацыди, æмæ отпусчы ацыдтæн нæхимæ. Фæцинтæ мыл кодтой, бæгуыдæр, фæлæ мæм нæхиуæттæ, стæй сыхæгтæ дæр цыдæр æнахуыр кæстытæ кодтой, сагъæсы бацыдтæн, цæмæн мæм афтæ гуырысхойаг ракæс-бакæс кæнынц, зæгъгæ. Уалынмæ мæм мæ мад иу гæххæтт æнкъардæй ратта, мæнæ, дам, ай у дæ писмо, æмæ йæ бакæс. Бакастæн æй, уæдæ цы уыдаид, æмæ… мæ сæрыхъуынтæ арц слæууыдысты, хорзау нал фæдæн. Абон дæр ма йæ рæнхъытæ мæ цæстытыл уайынц: «Уæ бонтæ хорз! Куыд стут, мæ дзæбæх хиуæттæ, цы ног хабæрттæ уæм ис? Баба ма рынчынтæ кæны? Уазалгæнæны йæ фæстæмæ бавæрдзыстут, æцæг ыл цæхх бирæ ма ныккæнут. Сых, хъæубæстæ иууылдæр дзæбæх сты? Мæ службæ цæуы хорз, ног командир нын ис, знон рæсугъд æлвыдæй, йæ къæдзилыл – бантик, хъуырыл та – мæ сыгъзæрин рæхыс, афтæмæй дискотекæмæ ацыди, лæппутæ йæм кæсынæй не ’фсæстысты. Мой кæнын афон ын у, бæргæ. Уæ тыллæг бафснайдтат, дыргъ нæм исты ис? Иван Иванович райсом Африкæмæ цæуы маймулитæм, æмæ уын сæ постæй æрвитдзынæн. Ам ныртæккæ фæуазал, нæхимæ та рæстæг куыд у? Мæ дзæбæх фыды хо Хангуассæйы фенынмæ тынг бæллын. Мамæ, дæ курдиат дын сæххæст кодтон – мæ фыццаг ахуыргæнæг Бексолтанмæ арфæйы тел арвыстон йæ гуырæнбоны фæдыл. Цалынмæ рæуæд байрæза, уæдмæ хъуг рæгъаумæ ма аскъæрут. Тагъд цæудзынæн отпусчы, æмæ кæрæдзи фендзыстæм. Абон Наташæ дыууæ теуайы æрбахаста, ног цырыхъхъытæ сын балхæдта. Фæвæййы мæ фыстæг, æз Наполеоны хуызæн къæбыла нал ссардзынæн, сæрра уыдзынæн, цæй, хорзæй баззайут æмæ уал фенынмæ! Уæхи Хазби».
Бæгуыдæр, бахаудтой хиуæттæ сагъæсы. Уæвгæ, дисгæнгæ дæр нæ уыди ме ’рдхордыл, хуыссæгхъуаг, фæллад лæппуйæн уыцы æмтъеры уавæрты йæ сæр сдон и, æмæ йæ фыстæг дæр уымæн афтæ хæццæ-мæццæ рауади, кæйдæр ныхæстæ дæр ма йын дзы бахаудтой.
Абон æндæр рæстæг у, суанг сабитæ дæр архайынц бастдзинады ног гæнæнтæ ахуыр æмæ дзы пайда кæныныл. Мæ сыхаг ацæргæ сылгоймаг бирæ азты фæкуыста райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй, ныр дæр йæ къух нæма систа йæ дæсныйадыл. Æмæ мын айфыццаг радзырдта: фыццæгæм къласы ахуырдзау, къаннæг лæппу, сылгоймаджы телефонмæ æдзынæг кæсгæйæ, бафарста: «Айфон дын у?» Ахуыргæнæг æм кæсгæйæ баззад.
Ахæм дуг æркодта: рæстæг цæуы, цард ивы, уæдæ куыд…
Хæмыцаты Морис














