Бæрæгбоны кадæн

0
22

Уæрæсейы Паддзахадон Тырысайы боны кадæн Алагиры центрон парчы ацыд æппæтуæрæсеон акци «Райгуырæн бæстæйы хуызтæ».

Дзыллон мадзалы архайджытæй иу уыд Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады Æхсæнадон советы уæнг Ханайты Таймураз.

«Фыццæгты змæлд»-ы бынæттон хайад, Фæсивæды хъуыддæгты комитет æмæ проект «Сабидуджы фæндагамонджытæ»-йы минæвæрттæ фадæттæ кæмæн сарæзтой, уыцы акцийы архайджытæ адæмæн, уæрæсейаг тырысатæ сын ратгæйæ, радзырдтой паддзахадон бæрæгбоны сæвзæрды тыххæй хабæрттæ. Алагирæгтæн кæй бацæттæ кодтой, уыцы викторинæйы архайджытæ Паддзахадон тырысайы хуызты ахадындзинад æмæ бæрæгбоны историйы тыххæй фæрстытæн дзуаппытæ лæвæрдтой.

– Чи нæ иу кæны æмæ нын нæ иумæйаг æнтыстдзинæдты тыххæй хабæрттæ нæ зæрдыл чи ‘рлæууын кæны, Паддзахадон тырыса у ахæм æвдисæндар. Алы адæймаджы хæс у хи бæстæйы æвдисæндартæн кад кæнын, – загъта Ханайы-фырт.

Акцийы хæс у дзыллæты патриотон хъомыладæн ахъаз кæнын.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты  хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here