Нæ ирон дзыллæты царды тымбыл фынгæн рагæй фæстæмæ дæр ис æнæкæрон кад æмæ аргъ. Нæ цард æнæхъæнæй дæр стырæй цыфæнды гыццылмæ дæр баст у ирон фынгимæ. Стыр хъæугуывдты, нæртон чындзæхсæвты, дыууæ мыггаджы хæстæгдзинады, зианы æгъдæутты, суанг туджджынты фидыды дæр ирон адæм ныхас кодтой æмæ кæнынц, фынджы уæлхъус бадгæйæ, цæхх æмæ кæрдзын сæ разы, афтæмæй. Ирон фынг бахæр, баназыны тыххæй æвæрд нæ цæуы, фæлæ æнцой кæны æгъдауыл, ахуыр кæны адæймаджы æфсармыл, лæгдзинадыл, хæлардзинадыл, æнгом цардыл. Бæрæгбæтты хорз хистæры руаджы фæсивæд ахуыр кодтой фынджы æгъдæуттæ æмæ сæ бирæ алыхуызон фæзилæнтыл. Æнæ уыдон зонгæйæ та адæймаджы кад йæ бынаты нæ уыдис – усгур лæппутæн минæвар ничи куымдта, чызг ын ничи лæвæрдта, чындздзон чызджы та агурæг нæ уыд. Хæдзар нымад уыд æгадыл, уазæг æм хæстæг нæ цыд.
Ирон фынджы æгъдæуттæ фæйнæхуызон сты цин æмæ зианы рæстæг. Уыдон иугай лæгты фæндонмæ гæсгæ арæзт не сты, фæлæ æппæт ирон адæмы тыхджын зонд Ирмæ фарнæй рантыстысты. Æмæ нæм дугтæ æмæ заманты сæрты æрхæццæ сты, рæсугъд нын кæнынц нæ ирон цард, иу нæ кæнынц, нæ хъаруйыл нын хъару æфтауынц, нæ ныфсыл – ныфс. Хъыгагæн, рох кæнын райдыдтам, ирон фынг кæмæй фидыдта, уыцы уырдыглæууæджы æгъдау дæр. Ам кæстæртæ хистæртæн лæггад кодтой, хистæртæ та сæ ирон æгъдæуттыл æфтыдтой. Афтæмæй се ’хсæн уыд фидар иудзинад, æмбарындзинад. Иудзинад кæм уа, уым та адæмы фарн бирæ у, цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр æнцонæй ахизынц. Ныр уыцы иудзинад атад, фесæфт. Раздæр заманты-иу хистæртæн балæггад кæнын, сæ фарсмæ фынджы уæлхъус уырдыг лæууын кæстæртæ сæхицæн кадыл нымадтой, бæлгæ йæм кодтой, рады-иу æм лæууыдысты. Ныры дуджы та ацы æгъдауыл былысчъилтæ кæнынц, нæ йыл æрвæссынц, зынгæй тæрсæгау дзы кæнынц, æмæ фынгæй уымæн дард алидзынц. Æмæ, уыцы кæстæртæ сæ кары куы бацæуой, уæд ирон фынгæн, куыд æмбæлы, афтæ сæ бон кад скæнын нæ бауыдзæн. Ирон фынг хъомыладон скъола у, уымæн æвдисæн сты мæнæ ацы æмбисæндтæ: «Ирон фынг хистæрæй фидауы», «Ирон фынг – зондамонæг», «Ирон фынг æгъдауыл æнцой кæны». Ирон фынджы æгъдæуттæ иу адæмыхатты фынджы æгъдæутты хуызæн дæр не сты. Куывдты æмæ æндæр цины хъуыддæгты дæр ирон адæм алкæддæр, кæд амал æмæ гæнæн уыди, уæд Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой гом арвы бын, кувæджы æргом та здæхт хъуамæ уа хурыскæсæнырдæм. Фынгæвæрд хæдзары куы уа, уæд та хистæрæн йе ’ргом хъуамæ здæхт уа уатмæ æрбацæуæнырдæм. Ахæм бадты фæтк Ирмæ ис незамантæй абонмæ, йæ мидисы та æвæрд ис фарнхæссæг Хурмæ æргомыздæхтæй табу кæнын. Æрбацæуæнырдæм та кувæг йе ’ргом саразы уый тыххæй, цæмæй уына, фынгмæ чи æрбацæуа, уыдоны, æмæ бада къæхты бын нæ, фæлæ рæбынæй. Стæй ма зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, æмæ цины фынгæн хистæрæн йæ рахизфарс хъуамæ уа уæгъд бынат. Зæгъæм, чындзы кæм æрлæууын кæнынц, стæй нуазæнтæ чи ‘рбахæссы, уыдонæн æрлæууæн бынат. Кæнды фынджы та иннæрдыгæй – галиуырдыгæй хъуамæ хистæры галиуварс уа уæгъд бынат. Уый та уымæн, æмæ зианджынтæ сыхагимæ бадт адæммæ арфæмæ куы рацæуынц, уæд, кæм æрлæууой, ахæм ран сын хъуамæ уа. Арæх, уæлдæр цы фиппаинæгты кой кодтам, уыдон, куыд æмбæлы, ахæм уагыл конд нæ вæййынц, сæ фылдæр хай хæлд æрцæуы, æмæ æгъдæуттæ сæмтъеры вæййынц, æддæг-мидæг ауайынц, æмæ тынг зын раиртасæн вæййы, фынг цины, æви зианы фæдыл æвæрд вæййы, уый.
Бæрæгбæтты цины фынгыл цы кувинæгтæ æмбæлы, уыдон иуæй-иу хъæуты раст не ’рæвæрынц. Цины фынгыл кусарты сæр æрæвæрынц галиуырдыгæй, бæрзæй та – рахизырдыгæй. Ахæм фæтк вæййы зианы рæстæг. Æмæ цины фынгæй зианы фынг аразын, куыд фидауы? Иу ирон адæм стæм, иу туг, иу стæгæй конд, æмæ не ’гъдæуттæ дæр хъуамæ уой иу æмæ раст. Нæ зæрдыл ма иу хатт æрлæууын кæнæм, цины фынгыл цы кувинæгтæ æрæвæрынц, уыдон:
– æртæ кæрдзыны (æртæ æртæдзыхоны)
– бæгæны кæнæ къуымæл
– кусарты сæры хай. Æвæрынц æй хистæрты кады, фарны нысанæн, сæ куырыхон зонды тыххæй. Сæр æвæрынц рахизырдыгæй, бæрзæй – галиуырдыгæй.
– Кусарты бæрзæй. Æвæрынц æй, царды сой кæй къухтæй цæуы, галы бæрзæйыл æфсондз æвæрдау, бинонты чи дары, уыдоны номыл. Бæрзæй æвæрдæуы сæры фарсмæ циндзинады – галиуырдыгæй, кæнды – рахизырдыгæй. Куывды фынгыл бæрзæйы зындгонд нысаниуæг ма у Хуыцауæй хъару, тых æмæ ныфс ракурын. Рахиз базыг вæййы фыццаг хистæрмæ, фæрск физонæг рахизфарсæй – вæййы дыккаг хистæрмæ, физонæг раззаг хуылфыдзаумæттæй – вæййы æртыккаг хистæрмæ. Кусарты рахиз уæн, кард æмæ цæхх. Кусарты уæн фынгæвæрды сæ сæйрагдæртæй иу у. Æмæ мæ фæнды уый фæдыл бæстондæр аныхас кæнын. Уæн æвæрынц кæстæрты тыххæй, æхсарджын, хъаруджын æмæ лæгдзинадæй цæмæй æххæст уой. Фыдæлтæ уæны кастысты арвайдæны хуызæн. Уæны руаджы зыдтой, Хуыцау фидæнмæ адæмæн цавæр æрдзон æмæ æхсæнадон цаутæ нысан кодта, уыдон. Мæ ныхæстæ бафидар кæндзынæн ахæм дæнцæгæй. Дзурынц, зæгъгæ, дам, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны хæдразмæ, Куырттаты комы Хæрисджыны хъæуы уыд нæртон хъæугуывд. Æмæ, дам, фынджы хистæр куы ‘ркаст кусарты уæнмæ, уæд сагъдауæй баззад, йæ дзыхæй иу ныхас дæр нал хауд. Куы йæ бафарстой, цы хабар у, зæгъгæ, уæд сын æргом загъта: «Уæн куыд æвдисы, афтæмæй дуне тынг уæззау уавæры ис, цавæрдæр æвирхъау хабар нæм æнхъæлмæ кæсы». Куыд рабæрæг, афтæмæй, дыккаг бон хæст райдыдта. Ам адæймагмæ сæвзæры фарст. Уæды рæстæджы нæм куы нæма уыд нæдæр телеуынынад, нæдæр телефонтæ, уæд, уыцы хистæр, хæст райдайдзæн, уый кæцæй базыдта, уæны йæ куы нæ бакастаид, уæд?
Æз бирæ циндзинæдты фембæлын, кæм хъæугуывдты, кæм та – чызгæрвыстыты, чындзæхсæвты æмæ цардæгас æвдисæн дæн, фынгтыл уæны хай кæй не ‘рывæрынц, уымæн. Вæййы дзы æрмæстдæр сæр æмæ бæрзæйы хай – къæйттæ. Уый стыр рæдыдыл нымад у, ирон лæгæн сæрмæ хæсгæ нæу. Къæйттæ вæййы кæнды фынгыл. Æмæ фынгæвæрдæй фынджыдзаг аразын куыд раст у. Айфыццаг горæты рестораны уыд чындзæхсæв. Хистæры раз уыд сæр æмæ бæрзæй. Æз равдыстон мæ къæйныхдзинад, мæхи нал баурæдтон æмæ загътон хистæрæн, уæ фынгыл уæны хай куы нæ ис, зæгъгæ. Уый мын цæхгæр æдылы дзуапп ратта: «Нæ кусартæн уæн нæ уыдис!» Диссæгтæ æмæ тæмæссæгтæ! Куыд ис уымæн уæвæн, æмæ стурæн уæн ма уа? Стæй иу нæ, фæлæ хъуамæ уой дыууæ – рахиз æмæ галиу, фынгыл æвæрдæуы æрмæстдæр рахиз уæн. Уый уал иу æнæзæрдæмæдзæу-гæ вариант. Иннæ вариант та уый мидæг ис, æмæ фынгыл æрæвæрынц уæн. Фæлæ, хъыгагæн, куыд æй æрæвæрынц, афтæмæй æнæхъæнæй баззайы æд фыдызгъæл. Æмæ хистæры куы бафæрсай, нæ фыдæлтæ уæны кастысты, зæгъгæ, уæд дын зæгъдзæн, о, кастысты. Æмæ йæм дыккаг фарст куы раттай: «Æд фыдызгъæл æм кастысты?», уæд нывыл дзуапп йæ бон раттын нæ вæййы. Уымæн æмæ уæны æгъдау цæй мидæг ис, уый бæлвырд нæ фæзоны.
Фыццаджыдæр, бафиппайын хъæуы уый, æмæ уæнмæ цыргъагæй (кардæй) æвналæн нæй. Уæд, дам, йæ мидис сæфт цæуы, раст нал февдисы. Хъæуы йæ къухæй йæ дзидзайæ фæхицæн кæнын. Уыцы дзидзайы хæйттæй иу раттын фæхъæуы сæйраг хистæрмæ. Уæны стæгдар та æрæвæрын хъæуы бæрзæйы уæлæ. Уæны ма кæд хæхбæсты исчи кæсын зоны, æндæр дзы быдыры кæсын ничиуал зоны. Æртæ хистæры нуазæнтæ уæны хаимæ адæттынц кæстæртæм. Кæстæртæ хистæрты нуазæнтæн арфæ ракæнынц æмæ сын се ’гъдау скæнынц. Хистæртæ кæстæрты тыххæй сæрмагонд гаджидау куы рауадзынц, цæмæй уæнгджын, æхсарджын, хъаруйæ æмæ лæгдзинадæй æххæст уой, æмæ уыцы сидт кæстæртæм куы ‘рхæццæ уа, уæд уый фæстæ уыдон æртæйæ схæссынц нуазæнтæ хистæртæм. Вæййы сæ тæбæгъы æртæ нуазæны, дзидзайы хай æмæ иу уæливыхы карст, æдæппæтæй сæ нымæц хъуамæ цыппар нæ, фæлæ уа фондз. Фæрнæй уæлейæ бадут, зæгъгæ, сын фæзæгъынц æмæ сæм нуазæнтæ раттынц.
Хъусы нуазæн та у æндæр, уый вæййы бæркады сидты хæдразмæ. Хистæр кæстæртæм ратты иу нуазæн, йæ уæлæ хъус æртæ дихæй, æмæ йæ кæстæртæ айуарынц.
Уæны æгъдау нын абон нæ ахсджиагдæр фарстатæй иу ссис. Уымæн æмæ бæтты хистæртæ æмæ фæсивæды, иу фарн сыл æфтауы. Æмæ уыцы иудзинады фарнæй иппæрд кæны. Мах, хистæртæ, нæхи куы ныцъцъынд кæнæм, нæхи æнæуынæг æмæ æнæзонæг куы скæнæм, уæд дзы æцæгæйдæр афтид дæлармæй аззайдзыстæм. Фæсмон ма кæндзыстæм, фæлæ нын уæдмæ байрæджы уыдзæн. Æмæ, цæмæй фæсмонгонд ма фæуæм, уый тыххæй йæм не ’ргом раздахын хъæуы, йæ раздæры гаччы йæ сæвæрын хъæуы. Уый æнæхъæнæй дæр аразгæ у, фынджы сæргъы чи æрбады, уыцы хистæртæй.
Гъемæ, нæ фæндтæ, нæ сагъæстæ куыд фæрæстмæ уой, ахæм арфæтæ нын Дунейы фарн ракæнæд!
ХÆМЫЦАТЫ Раман,
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы Рахизфарсы районы хайады ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг














