Беслæны теракты 22 азы номарæн цауы размæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы кусджытæ, сæ сæргъы – Гобеты Ибрагим, афтæмæй архайдтой зиуы. Уыдон бафснайдтой Беслæны мемориалон комплекс «Зæдты горæт».
Æфснайæн куыстыты æдæппæтæй уыдис 300 адæймаджы æххæстгæнæг хицауады оргæнтæй æмæ нæ республикæйы ахуырад æмæ спорты фæсивæдон организацитæй. Уыдысты дзы районы администрацийы, Артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады, Республикон бындурон цалцæджы æмæ Доны хæдзарады управленийы кусджытæ. Мадзалы архайджытæ æрæмбырд кодтой арæзтадон бырон, ссыгъдæг кодтой хус къалиутæ æмæ сыфтæртæй къахвæндæгтæ, ныхсадтой фæндæгты дур æмæ бырутæ, цыртытæ та – рыг æмæ чъизийæ.
– 22 азы размæ Беслæны æрцыдысты трагикон цаутæ. Уæдæй фæстæмæ алы аз дæр Уæрæсе æмæ æнæхъæн дунейы дæр мысынц, æнафоны мæрдты дуар чи байгом кодта, фыдгæнджыты азарæй йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты. Иумæйаг хъарутæй абон бацархайдтам комплекс æртæ боны номарæн мадзæлтты райдайæнмæ бацæттæ кæныныл, – загъта Гобеты Ибрагим.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














