Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри кусæг балцы сæмбæлд Кировы районы. Уым æм сæ тыхстаг фарстатимæ æрбацыдысты районы цæрджытæ.
Министр лæмбынæг байхъуыста алы адæймагмæ дæр, фарстатæ куыд æмбæлы, афтæ æвзæрст цыдысты. Министр бафæдзæхста, цæмæй курдиæттæм лæмбынæг æркæсой, иунæг адæймаг дæр æнæ дзуаппæй куыд нæ баззайа, афтæ. Уый фæстæ Абайы-фыртæн ныхас рауад Кировы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæгимæ, «Быть добру» æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайæдты хицæуттæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы сæрдаримæ.
Фæллой æмæ социалон рæзты ведомствæйы разамонæг бабæрæг кодта районы Социалон рæзты æмæ цæрджытæн лæггад кæныны комплексон центр. Уæлдай æргом аздæхта социалон лæггæдтæ кæныны хæрзхъæддзинадмæ. Министры хæдивæг Торчынты Эльвирæ æмæ «Быть добру»-йы сæрдар Хъуысаты Амырхан бацыдысты, комкоммæ сæм йæ курдиатимæ чи фæсидт, уыцы ацæргæ сылгоймаджы хæдзармæ.
Йæ 94 азы йæхи кæмæн фесты, уыцы ацæргæ сылгоймаг у хуысгæ рынчын, ис ын хъæбулы хъæбул. Сты царды уæззау уавæрты. Цæрæнбынат у заууат, рагон, домы бындурон цалцæг. Бынаты райстой æвæстиатæй бинонтæн хойрагæй баххуыс кæныны фæндæттæ, тагъд фæзындзæн рæстæгмæ сæ æндæр цæрæн бынатмæ раивыны уынаффæ.
Фæллой æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ














