«Æртæ боны зындоны»

0
22

Сывæллоны хъуыдытæ бынтон æндæр уыдысты. «Спортивон залы ныл фыццаг бон куы æризæр ис, уæд нæ уавæр ницæмæ даргæйæ, ме ‘мкъласонимæ тынг зæрдиагæй ныхас кодтам, æрæгмæ кæй æрбацæудзыстæм, уый тыххæй нæхи нæ ныййарджыты цур куыд раст кæндзыстæм, ууыл», – мысы Беслæны фыдбæллæхы маст йæ зæрдæйы арф æвæрд кæмæн ис, уыцы Цæллагты Давид.

Кæд скъоламæ хæстæг нæ цардис, уæддæр 11-аздзыд лæппу йæхæдæг цыд ахуырмæ. Фæлæ уый размæ изæр йæ мадæн балæгъстæ кодта, цæмæй 1 сентябры бæрæгбонмæ йемæ ацæуа, фæндзæм къласы сын ног ахуыргæнджытæ уыдзæн, зæгъгæ.

– Мæ мадæн хæдзары бирæ змæлд уыдис, зымæгмæ цæхджынтæ кодта, мæ гыццыл хойы дæр кæимæ ныууагътаид, уый нæ уыд. Теракты фæстæ-иу арæх хъуыды кодтон, хорз æмæ нæ рацыдысты, зæгъгæ, мысы Давид.

Скъолайы линейкæ

Куыд æрвылаз, афтæ 2004 азы 1 сентябры ахуыры фыццаг бон райдыдта хъæлдзæгæй, кæрæдзиуыл цинтæй, ивгъуыд сæрды мысинæгтæй. Линейкæ раздæр райдыдта, 9 сахатыл, хистæркъласонтæ галиуырдыгæй хицæн рæнхъæй, кæстæртæ та – рахизырдыгæй, иууылдæр хъæлдзæг-хæрзарæзт. Зæлыдысты бирæ арфæтæ сабитæн… Уалынмæ райхъуыстысты гæрæхтæ. Давид йе ‘мбæлттимæ нæ федта, террористтæ куыд æрбахызтысты скъолайы кæртмæ, уый.

– Астæуæй лæуд фестæм, мингай адæмтæ æмгуыппæй, хистæрæй-кæстæрæй спортзалмæ батардтой. О, уыцы тугуарæн æртæ боны, куыд ныддæргъвæтин сты. Кæрты ‘рдæм цы рудзынг уыдис, уый рæбын уыд мæ бадæн бынат, хур та афтæ тынг æндæвта, æмæ дойны кодтам, нал æмбæрстам рæстæг, сахæттæ, бонтæ сæмхæццæ сты æмæ дзы рауад, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм дæргъвæтин хъизæмар, – мысы Давид.

Æнæкæрон æртæ боны

Спортзалы амынæты уæвгæйæ, Давид йæхи равдыста хъæддыхæй. Йе ‘мбалимæ сæм кæронмæ нæ хъардта, цы тæссаг уавæр сæвзæрдис, уый, цалынмæ тыхмитæ, туг æмæ мæрдтæ нæ федтой, уæдмæ. Хъуыды кодтой, цыма киноныв исынц, афтæ.

– Рудзынджы цур бадгæйæ, ме ‘мбал лæппуимæ нæхи цæттæ кодтам, скъола æмæ гаражты ‘хсæн цы нарæг фæндаг уыд, ууылты алидзынмæ. Кæд террористтæ æдзынæгæй хъахъхъæдтой адæмы, уæддæр дыууæ æмкъласонæн бантыстис дон самал кæнын. Пысунæйы кърæнттæ нæ уыд, фæлæ хæтæлтæй цы доны æртæхтæ хъардта, уыдон æмбырд кодтой. Адæм лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодтой, тас сæ бацыд, куыд раирвæзон, ууыл сагъæс кодта алчидæр. Бирæтæн сæ ныфс асаст.

Цæллагты Давидæн йæ зæрдæйы рыст ницæимæ ис абарæн. «Куыд уыдис уымæн гæнæн?» – арæх фæхъуыды кæны ныртæккæ.

– Мæ цæстытыл уадис, ме ‘мбæлттимæ куыд згъордзыстæм дуканимæ, адджын дæттæ æлхæнынмæ æмæ дзы бирæ куыд бануаздзыстæм, уый. Не ‘ппæты дæр уырныдта, æххуысмæ нæм адæм кæй æрбацæудзысты æмæ нæ кæй ауадздзысты, – дзырдта дарддæр Давид.

Спортивон залы минæй уæлæмæ уыдис адæм, рудзгуытæ æмæ дуæрттæ та фидар æмæ æнгом æхгæд. Æнуд æмæ дзы тæвдæй сулæфæнтæ нæ уыд. Тæрсгæ ничиуал кодта, сыгъдæг уæлдæф æмæ доны цъыртт – уыдис алкæй бæллиц дæр.

Æртыккæгæм сентябрь

Æртыккаг бон Давиды æмкъласон залы иннæ фарсмæ ацыд æмæ лæппу иунæгæй аззад. Тых, хъару никæмæуал уыд, бирæтæ-иу бауадзыг сты, фæлæ террористтæм уый нымады нæ уыдис, знæтæй-знæтдæр кодтой.

– Æнæхуыссæгæй цæстытæ риссын райдыдтой, мæ пиджакæй-иу мæхи æрæмбæрзтон, фæлæ, уæд та улæфт нæ фаг кодта æмæ уæд даргъ бандоны бын бамбæхстæн судзгæ хуры тынтæй. Куыдфæндыйæ дæр агæпп кæнон рудзынгæй, зæгъгæ, сфæнд кодтон мæхицæн. Мæ сæр радардтон æмæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд, йæ уылæн мæ иуварс аппæрста, мæ буар ныззыр-зыр кодта, раст мыл, цыма, судзгæ зæгæлтæ суади, афтæ атæвд дæн. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй мыл цъæррæмыхст дæр нæ уыд. Иннæ адæммæ гæсгæ, æз дæр рагæпп кодтон рудзынгæй, уæд райхъуыст дыккаг срæмыгъд. Алцы лæмбынæг нал хъуыды кæнын, нæ размæ адæм тахтысты, дон, хæринаг нын лæвæрттой. Нæхи иууылдæр доныл ныццавтам æмæ йæ нуæзтам æнæрлæугæйæ. Рынчындоны мæ сыхаг сылгоймаг базыдта, адзырдта йæ фыртмæ æмæ мæ уый хæдзармæ аласта.

Æртæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы фæхъуыдис сæ къласæй. Дыууæ æмæ ссæдз азы рацыд, нæ рæзгæ сабитæ, хотæ æмæ æфсымæрты нын дон-донгæнгæ лæгмартæ мæрдтæм куы барвыстой, уыцы тугуарæн фæззæгыл. Фæлæ цард размæ цæуы, адæймаг дæр ныфсæй цæры.

Цард теракты фæстæ

Цæллагты лæппу скъола каст фæци æмæ ацыд Бетъырбухмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ цард сахуыр кодта кæдфæндыдæр къæрцхъус уæвыныл.

– Æмдзæрæны цардыстæм беслæйнаг фæсивæдимæ. Бафиппайдтам, ныхасгæнгæйæ-иу кæронбæттæны æрымысыдыстæм уыцы уæззау æртæ боны, нæ иумæйаг рис. Студент уæвгæйæ, æнкъарын райдыдтон мæхи, æмæ æдзардæй цы æнаххос сывæллæттæ бабын сты, уыдоны тыххæй дæр мæ кæй хъæуы цæрын. Иугæр мын цард ахæм гæнæнтæ ратта, кæд аирвæзтæн, уæд мын бар нæй куыдфæндыйы цæстæй дунемæ кæсын. Алы бонæн дæр æз аргъ кæнын. Ссыдтæн Цæллагты мыггаджы куывдмæ 2018 азы. Федтон, нæ мыггаджы мæсыг куыд аразынц, хиуæттимæ фембæлдтæн, æндæр хуыздæр æмæ рæсугъддæр бынат æз мæхицæн нал агуырдтон. Фæндыдис мæ нæ фыдæлты истори хуыздæр базонын, мæсыгмæ мæн дæр уæддæр иу дур бафтауын. Цы ми кæнын стыр сахары – фарстон-иу мæхи. Арæхæй-арæхдæр-иу ссыдтæн Ирыстонмæ, æхсызгон мын уыд, адæм нæ кувæндæттæм куыд зилынц, уымæ кæсын. Иу бон амбырд кодтон мæ дзаумæттæ æмæ ссыдтæн нæхимæ. Афæдзы бæрц архайдтон мæсыджы арæзтадон куыстыты, ме ‘рвадæлтæй бирæтимæ базонгæ дæн. Уыцы бастдзинад стыр тых дæтты адæймагæн, – фæнысан кодта Давид.

Абон Цæллагты Давид туризмы национ проекты архайгæйæ, уарзы хохы цъуппытæм хизын.

Биазырты Мæдинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here