3 сентябрь 2004 азæй фæстæмæ нымад æрцыд Терроризмы ныхмæ тохы боныл. Уæрæсейы мысынц, фыдгæнджыты азарæй нæ бæстæйы бирæ рæтты терактты цы адæмтæ фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.
Бындур та йын æвæрд æрцыд Беслæны фыдбæллæхы фæстæ. Террористты адæймаг схонæн нæй, уый у, адæймаджы цардæй йæхи тугмондаг æмæ æгъатыр сау фæндтæ уæлдæр чи æвæры, ахæм лæгхор. Æндæр, куыд уыдис сабимæ хæцæнгарз сисæн? Фæлæ терроризмæн нæй наци, нæй цæсгом æмæ дин, нæй йын фидæн, уыцы фæндаг чи равзары, уыдон æмæ йæ ахæсты бахауæг цæуынц сæрсæфæнмæ, сæ фæстæ та ныууадзынц зындоны марой.
Номарæн бонтæ… Райсомæй изæрмæ скъолайы кæрты зæлы æнкъард музыкæ. Адæм цæуынц спортивон залмæ дидинджытимæ, ссудзынц мыдадзын цырæгътæ. Къултыл æдзард хъæбулты къамты раз сæ бинонтæ, хиуæттæ æмæ хæлæрттæ сæркъулæй лæууынц, цыма сывæллæтты цæстытæм бакæсын дæр комкоммæ ничи уæнды, афтæ зыны сæ уавæр. Зæрдæ нæ комы залы сыгъд æмæ пырх пъолыл æрлæууын дæр, цавæрдæр уæззау уаргъ æфтауы адæймагыл. Хъавгæ, сындæггай цæуынц нæ республикæйы алы куыстуæтты, организациты минæвæрттæ, Хицауады уæнгтæ бæллæхы агъуыстмæ. Дины кусджытæ дзуар бафтауынц, чи сæм бакъул кæны йæхи, уыдоныл. Æнæ ныхасæй, æдзæмæй цæуынц номарæн мадзæлттæ.
13 сахаты æмæ 5 минутыл райхъуыст саударæн бон амонæджы уæззау хъæлæс. Уый бакаст æмдзæвгæ, æрхæндæг музыкæйы зæлты фæсабыр йæ хъæлæс. Дыууæ хатты дзæнгæрæг ныццагъта, иу минут æдзæмæй алæууыны фæстæ скъоладзаутæ суагътой урс-урсид шартæ. Уыдон уæлæрвтæм фæтахтысты æмæ æврæгъты хъæбысы аныгъуылдысты. Скъолайы кæртæй, теракты фæмардуæвæг сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ спецназы афицерты къамтимæ адæм фистæгæй араст кодтой уæлмæрдмæ – Зæдты сахармæ. Ацы аз «Хъыггæнæг бæлас» реставраци кæнынц. Рæстæг куыд цыд, афтæ йæ æфсæн хæйттæ фæцудыдтой, тæссаг уыд афæлдæхынæй. Беслæны Мадæлты комитеты сæрдар Дудиаты Сусаннæ айразмæ радзырдта, мемориалон цыртдзæвæны рацарæзты куыстытыл тагъд кæнын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй. Фæлæ нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ, организацитæ æмæ æндæр ведомствæты минæвæрттæ, цæрджытæ æмæ æрцæуæг уазджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой монументы раз. Ацы ран се ‘нусон бынат ссардтой, экспертизæйы фæстæ дæр чи нал сбæлвырд, уыцы æбæрæгæй сæфт амынæттæ. Уæззау тых ис уæлмæрды. Сабиты цæсгæмттыл рæстæг æрлæууыд. Абон дзы бирæтæн сæхи хъæбултæ уыдаид, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа. Мæрдты чызг чындзы нæ цæуы, лæппу ус нæ куры. Метрономы зæлтæ азæлыдысты уæлмæрдыл. Алы адæймаджы ном дæр хицæнæй загъта амонæг. Кадджын караулы лæууынц æвзонг кадеттæ æмæ та ам дæр скъоладзаутæ шартæ уæлæрвтæм суагътой.
Фæссихор та скъолайы кæрты аргъуаны уыд сауджыны аргъуыд, терроризмы ныхмæ ног арæзт культурон-патриотон центры дарддæр æвдыст цæуынц документалон кинонывтæ уыцы бонты тыххæй, кусы дзы архивон равдыст дæр.
Саутæты Тамилæ














