Хæлар ахастдзинæдтæ

0
22

РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министрады уыд фембæлд Италийы, Бельгийы æмæ Сан-Маринойы минæвæрттимæ.

Уазджытæн æгасцуай загъта республикæйы национ политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан. Архайдтой ма дзы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Цæгат Ирыстоны Мамиаты Багир æмæ комитет «Матери Беслана»-йы сæрдар Дудиаты Сусаннæ.

Фембæлды рæстæг Бæгъиаты Алан республикæйы разамынды номæй арфæ ракодта  фæсарæйнаг уазджытæн, бирæ азты дæргъы Беслæны теракты бахауæг адæм æмæ сæ хиуæттæн зæрдиаг æххуысы  тыххæй.

Фæсарæйнаг делегацийы уæнгтæ уыдысты италиаг фыссæг-фантаст, публицист æмæ эссеист Роберто Квалья, Ассоциаци «Венето-Россия»-йы сæргълæууæг Палмарино Дзоккателли, бельгиаг политолог æмæ æхсæнадон архайæг, организаци «Euro-Rus» Крис Мари Роман, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Италийы Мауро Мурджиа, Бельгийы Уæрæсейы Федерацийы минæварады Уæрæсейы æмæ фæсарæнты Хъазахъхъаг æфсæдты цæдисы атаман Роман Алиев æмæ æхсæнадон архайæг Стефано Оппо.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here