Æнхъæлмæ кæсæм хорз тыллæгмæ…

0
17

Регионалон хъæууон хæдзарады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2026 аз Цæгат Ирыстоны хоры культуртæй цы бæркад райсдзысты, уымæн йæ бæрц уыдзæн 700 мин тоннæйы, уый у 25 проценты фылдæр, фароны бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.

Цæгат Ирыстоны «Опоры России»-йы регионалон хайады сæрдар, агрохолдинг «ИрАгро»-йы бындурæвæрæг Дзгойты Дмитри куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, ахæм æнтыстдзинæдтæ сæ къухы бафтыд, ацы аз боныхъæды уавæртæ хуыздæр кæй уыдысты, уый фæрцы.

– 2026 аз, иннæ азтимæ абаргæйæ, æндæр уыд: уазал æмæ даргъ уалдзæг, зæххы уæлцъар æрæгмæ схъарм, æмæ къæвдаджын сæрд. Агрономтæ ахæм уазал æмæ хуылыдз рæстæг нæ уарзынц, боныхъæдыл æууæнк кæй нæй, уый тыххæй. Фæлæ дзы æппæрццаг æууæлтæ куыд ис, афтæ – пайдайаг дæр. Иуæрдыгæй, ахæм уавæрты хуыздæр рæзынц фæззыгæнд хортæ (хъæбæрхор, сысджы, мæнæу), картоф, холладжы культуртæ æмæ уазалæн быхсон дыргъбæлæстæ (фæткъуы æмæ кæрдо). Иннæрдыгæй та – тæссаг у нартхорæн, хурмæзилæг, сæнæфсир æмæ пъамидорæн. Уыдонæн хур æмæ хъарм фаг нæ уыд. Уыцы культуртæ адæймагæй домынц фылдæр фыдæбон: низты ныхмæ тох, зæххы уæлцъар фæлмæн кæнын, дон кæнын æмæ афтæ дарддæр, – загъта Дзгойы-фырт.

Гæбуаты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here