Ирыстон – нæ кувæндон, нæ цæрæн зæхх, нæ бæллицты гæнах!
Ирыстон – нæ удлæууæн, не ‘фсарм, нæ мæт æмæ нæ катай. Ныййарæг мадау адджын дæ, фыдау – нæ ныфс, нæ фарн, нæ сæрыстырдзинад. Дæ зæрдæйы нæ зæрдæты рис цæры, нæ зæрдæты дæ сагъæстæ нæ цæуынц.
Ирыстон – фыдыуæзæг, райгуырæн кæвдæс – рифтагау æрцауындзæг дæ Кавказы хæхтыл. Нойы бæлæгъ донæй хъаймæты фæстæ кæуыл æрæнцад, рагон бердзентæ Скифты хæхтæ кæй хуыдтой, Зевс Прометейы – адæмæн зынгæрхæссæджы, Хуыцау Амраны – адæмæн амонд, рухс æмæ зæрдæйы хъарм дæттæджы æфсæн рæхыстæй къæдзæхтыл кæм ныббастой, уыцы Кавказы митсæр хæхтыл. Рифтаджы хызынтæй иу – Цæгатварс, иннæ – Хуссары. Цæджджинæгау сæ фыцы цард, знæт цæугæдонау, размæ ивылы. Дыууæ Ирыстоны дзаг кæнынц адæмы фарн æмæ зæххы бæркæдтæй, адæмы зонд æмæ æрдзы лæвæрттæй, намыс æмæ зæрдæйы хорзæхæй.
Ирыстон иу зæрдæйы дыууæ дзæкъулау – дыууæ дихы. Æмбуар, æмгуыстгæнæг дзæкъултау дзы æмцæлхъ кæнынц царды уылæнтæ. Зæрдæйы дзæкъултæн фæхицæнгæнæн куыд нæй, афтæ уыдонæн дæр кæрæдзийæ атонæн нæй! Уымæн æмæ иу туг, иу стæг сты. Сæ бæллицтæ æмæ сагъæстæ, сæ цинтæ æмæ хъыгтæ иу сты. Сæ зарæг æмæ хъарæг иу æвзагыл кæнынц. Иу мадæл æмæ сын иу фыдæл ис.
Дыууæ Ирæн иу зæрдæ ис, иу æнкъарæнтæ дзы абухынц: цины дæр, масты дæр, фыдохы дæр. Иу æнтыстытæ, иу бæллицтæ сыл садзынц базыртæ, иу сагъæстæ æмæ мæт сæ хæры. Дыууæ Ирæн ис иу истори, иу культурæ, иу хъысмæт æмæ иу фидæн, иу амонд. Ирон адæмæн бирæ хъизæмæрттæ бавзарын кодта йæ историон, мингай азтæй нымайгæйæ даргъ æмæ уæрæх фæндаг. Фæлæ никуы фæтасыдысты, сæ ныфс нæ асаст, размæ, фидæнмæ рухс зæрдæимæ цæуыны тырнындзинад сæ удты никуы бакъуылымпы.
Æвæджиау бирæ цыдæртæ бавзæрстой нæ фыдæлтæ: фыдтымыгътæ, гадзрахатдзинад, хорз ракæндæн фыдæх дзуапп, быныскъуыдæй тас. Фæлæ уæддæр сæ сыхаг адæмтæн уыдысты фатфæдисон. Йæ зын сахаты кæй уæлхъус, кæй æнцой нæ балæууыдысты, кæмæн нæ баххуыс кодтой лæбурæг знагæн ныхкъуырд раттынæн! Сæхи дæр-иу ферох кодтой. Сæ дæлбазыр сæ уазæг кодтой тыхст æмæ ссæст адæмы. Сæ зæхх, сæ къæс, сæ хойраг хæлæг никæмæн кодтой. Æртыкъахыг фынг алкæй дæр хынцта, зæрдæйы хорзæхæй алкæй дæр рæвдыдтой. Нæ тырысайы мидис дæр ахæм у. Адæймагдзинадæй райгуырд. Йæ æртæ хуызы (урс, сырх æмæ бур) дæр урсæй хуымæтæджы нæ райдыдтой. Урс æвдисы хæлар ахаст, сырх – тых, бур – фæрныгад.
Урс зæрдæйы хорздзинады нысан у, æмæ сæ тырысаимæ сæ разæй сæ зæрдæйы хорзæх, хæлардзинады æнкъарæн, фидыдад куы хастой, уæд сын сæ хорз ракæнд чидæртæ фыдæхæй цæмæн фидынц? Кæд, мыййаг, æгæр зæрдæхæлар уæвын дæр хорз нæу, – фыдзонд, æдзæсгом адæм æй лæмæгъдзинадыл нымайынц. Хъæбæр æмæ фыдæх зæрдæ та сын дунейы фарн нæ радта. Туг тугæй æхсгæ нæу – ныффидар нæ зонды, æмæ фыдгæнæгæн фыдгæндæй нæ дæттæм дзуапп. Уыцы миниуæг нæ удыхъæды ис абон дæр. Нæхи абоныл, нæхи фидæныл сагъæс нæм аив нæ кæсы. Афтæмæй та иннæ адæмты ‘хсæн цæргæйæ, нæ хъысмæт уымæй аразгæ у. Нæхи зонын, нæхи æрæмбарынæн нын афон у, цæмæй иу рæдыд дыууæ хатты ма кæнæм, хæлар æмæ знаг кæрæдзийæ хицæн кæнын зонæм. Ууыл нæ ахуыр кæны цард, нæ историон фæндаг. Уымæ нæм сиды нæ фыдæлты хъысмæт.
Дыууæ Ирæн – иу зæрдæ, хæлар æмæ парахат зæрдæ. Æдзух æй иннæ адæмтæн нæ армы дарæм. Иннæ адæмты рис дзы нæхи рисау цæры, сæ амондыл цин кæнæм. Нæхи зын та нын йæхимæ чи айсы?! Стæм… Сыхаджы хорзмæ бæлгæйæ, хуымæтæджы нæ зонды нæ ныффидар: хæдзар æлхæныны размæ сыхаг æрцагур.
Дыууæ Иры маргъы базыртау – дыууæ: иу дзы – Цæгаты, иннæ – Хуссары. Ирыстон – нæ абоны, нæ райсомы сагъæс. Йæ дыууæ базырыл йæ фидæнмæ тæхы, цæуы ныфсимæ. Зоныгыл лæугæйæ, дунейы фарнæй курын: «Рæствæндагыл æй бафтау!»
ЦГЪОЙТЫ Хазби














