Бынæттон хиуынаффæйады закъон

0
8

Фарон, сентябры, Майрæмададжы цæрджытæ хъæуы администрацийы сæргълæууæгæй равзæрстой хъæппæрисджын лæппу Битарты Роберты. Афæдзмæ цы фарстатыл бакуыста, уыдонæй фылдæр та ма аразинаг хъуыддæгтæ сты. Хъæубæсты цæрджытæй базыдтам, сæ фылдæр хай дзы разы кæй сты. Майрæмададжыхъæуккæгтæ йыл кæй æууæндынц, уый йæ разæнгард кæны йæ размæ ‘вæрд хæстæ ‘ххæст кæнынмæ. Уый та, бæстæйы экономикон уавæр хынцгæйæ, æнцон хъуыддаг нæу.

– Иу хабар у хъæуы адæмимæ кусын, иннæ та – хицауадимæ кусын. Адæм уый нæ уынынц, стæм бонæй фæстæмæ дзуапп дæттын хъæуы прокуратурæйæн, слестгæнæгæн, иуæн, иннæмæн. Дыууæты ‘хсæн æнцон кæй нæ у архайын, уый мæм раздæр нæ зынд, нæ йæ ‘мбæрстон. Сæ иутæн æххуыс кæнын хъæуы, иннæтæн – дзуапп дæттын, – зæгъы Роберт, бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджыты уæхсчытыл æнæ разынгæйæ цы уæз æвæрд ис, уый тыххæй.

Нырма уал æм йæ хæстæ ‘ххæст кæныны фæдыл дзырд не ‘рхауд, ис æм тых æмæ сæ аразынмæ дæр кæсы бæрнон цæстæй. Тырны йæ хъæуккæгты цардæн хуыздæр уавæртæ скæнынмæ, хъыгагæн, æппæт дæр æхцаимæ баст у. Уыдон та администрацийæн бюджетæй куы нæ радих кæной, уæд хи хъарутæй сæ сæххæст кæнын зын у. Йæ амондæн ын æххуысгæнджытæ ис, сæ фæрцы бакуыстой социалон фарстаты кæцыдæр хайыл. Сæ ахсджиагдæртæй иу  – фосхизæнтæ хъæдæй ссыгъдæг кæнын æмæ сæ къухы дæр бафтыд. Æхцайæ сæм фæкаст сæ хъæуккаг амалхъом Дзеранты Сослан. Зиу ракодтой æмæ фосхизæнтæ сыгъдæггонд æрцыдысты. Æххуысагур кæмæ баулæфы, уыдон йæ фарсмæ æрбалæууынц, сæ фæрцы бакусы лыггæнинаг фарстатыл.

– Мæ сæргъы лæууæг хицауады бафарстон, ивгъуыд аз бынæттон хиуынаффæйады администрацийы фæдыл цы закъон райстой, уый йæ тыхы кæд бацæудзæн æмæ дзы цы ивддзинæдтæ ‘рцæудзæн, куыд фæзындзысты уыцы ивддзинæдтæ адæмы цардыл. Бамбарын кодтой, районы администрацийы ном кæй раивдзысты, район нал хуыйндзæн, фæлæ – зылд. Майрæмадагæй уæлдай йæм хаудзысты иннæ хъæутæ дæр. Аивдзысты хъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ дæр, закъон кæронмæ цæттæ нæу, бакусын ма йыл хъæуы. Хъæуыхицауы бартæй дæр цыдæртæ айсдзысты, гæнæн ис, æмæ администраци ахæсдзысты Алагирмæ, мæ кусæн бынат уыдзæн уыцы ран. Хъæубæстæм цы фарстатæ ‘взæра, уыдоны фæдыл хъæуты цæрджытæ цæудзысты уырдæм. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ сты уыдон, сфидар сæ кæной æмæ се ‘ххæст кæнынмæ рахизой, уый мæ нæ фæнды. Цæрджыты раз куы нæ уай, цæмæй тыхсынц, ууыл дæрддзæгмæ куы архайай, уæд уый куыд раст уыдзæн? – катай кæны Майрæмададжы хъæуы сæргълæууæг.

Нырма ис рæстæг, закъон цы хуызы æххæстгонд цæудзæн, ууыл бакусынмæ. Ныридæгæн уал æхсæнады размæ лæууы, ивддзинæдтæ чи фидар кæндзæн, уыцы депутатты равзарыны фарста. Æвзæрстытæ цæудзысты 18, 19 æмæ 20 сентябры.

 Бекъойты Ларисæ,

авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here