РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд уыд, уым ныхас цыдис артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ куыд цæттæ сты, уыцы фарстатыл.
Æмбырды архайдтой профилон министрадтæ, ведомствæтæ æмæ цæстдарæн структурæты æмæ муниципалон скондты разамонджытæ. РЦИ-Аланийы артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Хъараты Тимуры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зымæгмæ хъармгæнæн системæты цæттæдзинады æмвæзад схызт 85 процентмæ. Амынд фæткмæ гæсгæ, ацы куыстæн æхцайы фæрæзтæ дихгонд æрцыд 700 милуан сомы. Æппæт фæрæзтæ дæр æрвыст æрцыдысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты цæттæдзинадæн, стæй фæндæгтæ æмæ къахвæндæгты цалцæгæн. Цæстдарæн ведомствæты специалисттæ сбæрæг кодтой минæй уæлæмæ бирæфатерон хæдзæрттæ æмæ 140 хъармгæнæны.
Нæ республикæйы доны куыстуаты разамынды хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны территорийы социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы объекттæ фæззæджы æмæ зымæджы афонтæм цæттæ сты. Дзанайты Барис уæлдæр амынд хæдзарады архайды куыст банымадта æнтыстджыныл æмæ сын бахæс кодта, графикмæ гæсгæ, дарддæр хъармгæнæн рæстæгмæ хæрзхъæд æмæ æнæкъуылымпы архайд æххæст кæнын .
– Фæззыгон-зымæгон афонтæм хъармгæнæн системæйы куыст нæ республикæйы абон йæ тæккæ цырены ис. Сæйраг хæс у, æппæт нысантæ дæр афойнадыл сæххæст кæнын. Ацы фарстайы вазыгджындзинадмæ йе ‘ргом нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло иу æмæ дыууæ хатты нæ аздæхта. Æхцайы фæрæзтæ та æрвыст цæуынц куыстыты æппæт хъуыддæгтæ сæххæст кæнынæн. Ивгъуыд азы хъармгæнæн афонмæ цæттæдзинадæн æнтыстджын бæрæггæнæнтæ уыд. Ныр дæр куыстытæ хъуамæ æххæст кæнæм иумæ «Ростехнадзор», «Россети», «Газпром» æмæ разамынддæттæг компанитимæ. Профилон службæтæ та рæвдз сты бахъуаджы сахат цырд куыстмæ. Субъекты архайы оперативон штаб, цæмæй, алыхуызон сæвзæрæг фарстатæ лыг кæнынмæ уайтагъд цæттæ уой. Нæ кæронбæттæн хæс – цæрджытæн хæрзхъæд æмæ хæрзвадат уавæртæ аразын, – загъта Дзанайы-фырт.
Саутæты Тамилæ














