Гуыцмæзты Алешы райгуырдыл сæххæст 75 азы
Ацы аз ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 75 азы, 35 азы ма куы рацардаид, уæд, фæлæ цæргæбонтæм цыппораздзыдæй баззади. Æвæдза, мах хуызæн чысылнымæц адæмæн Алешы хуызæн фысджытæ стыр хæзна сты. Йæ мæлæтæй канд нæ литературæйыл не ‘рцыди стыр зиан, фæлæ æппæт адæмыл дæр. Ахæм курдиатджын прозаикæн нæ бантыст рацæрын. Цыбыр рæстæгмæ йе сфæлдыстадæй кады мæсыг самадта йæхицæн æмæ Уæлахизы сæрвæлтау ратта йæ цард.
Ахæм стыр фыссæгæн йæ цыбыр царды цас бантысти, цы бынтæ нын ныууагъта, ууыл уыд сæ ныхас, æрæджы йын горæты сæйраг библиотекæйы цы мысæн изæр уыди, уым. Архайдтой дзы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, скъоладзаутæ… Юбилейон изæр байгом кодта æмæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл цыбырæй æрдзырдта библиотекæйы хайады хицау Дзугаты-Мурасты Риммæ: «Гуыцмæзты Алеш райгуырди 1951 азы Цхинвалы районы Гуыцмæзты хъæуы. Скъолайы фæстæ каст фæци Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институт. Куыста журнал «Фидиуæг»-ы хайады редакторæй, фæстæдæр — бæрнон нымæрдарæй. Курдиатджын фыссæг 1992 азы цыппораздзыдæй фæмард знаджы нæмыгæй, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта, ирон прозæ абон хъæздыг кæмæй у, ахæм диссаджы сфæлдыстадон бынтæ».
Фыссæджы тыххæй сæ хъуыдытæ радзырдтой зынгæ поэт, прозаик Дзасохты Музафер, Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбег, ирон литературæйы музейы наукон кусæг Цыхуырбаты Сергей. Сергей йæ мысинæгты куыд дзырдта, афтæмæй кæддæр Алешы бафарста, цæуылнæуал исты фыссыс, зæгъгæ. Уый фæстаг æртæ азы ницыуал фыста. Уый йын дзуапп куыд ратта, афтæмæй та фыссын райдайдзæн, знагæй куы фервæзой æмæ сабырдзинад куы ралæууа, уæд. Фæлæ уый йæ къухы нал бафтыд. Цыхуырбайы-фырт ма бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ Алешыл. Йæхи фыст æмдзæвгæтæ ма бакаст поэт Хадыхъаты Фатимæ дæр. Йæ хæлæрттæй иу, поэт Къадзаты Станиславæн æрбацæуын йæ къухы нæ бафтыд, фæлæ æрбарвыста аудиохъусынгæнинаг. Уым бæлвырдæй радзырдта Алешимæ сæ хæлардзинады тыххæй, куы фæмард æмæ йын Цхинвалмæ йæ зианмæ вертолетыл куы атахтысты, уæд æм цы æнкъарæнтæ равзæрд, уыцы зæрдæрыстæй йæ зындгонд æмдзæвгæйы рæнхъытæ «Цы ма ис Чъребайæ Цхинвалы» куыд равзæрдысты æмæ афтæ дарддæр.
Журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ ранымадта, Алешы юбилейы бонмæ журналмæ цавæр æрмæджытæ бацæттæ кодтой, куыд сыл куыстой, уыдæттæ æмæ йын бæлвырддæр æрлæууыд йæ радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йыл. Стæй Оксанæ радзырдта Ходы Камалы мысинæгтæ Алешы тыххæй: «Иухатт редакцийы тыргъмæ рахызтæн тамако дымынмæ. Уæд ма редакци Сабырдзинады проспекты уыди. Кæсын æмæ къæвдамæ иу лæппу лæууы, йæ къухы цавæрдæр тыхтон. Æнæзонгæмæ цы хъуамæ сдзырдтаин. Сахаты фæстæ та рахызтæн, æмæ та уыцы лæппу уым лæууы. Уæд нал фæлæууыдтæн æмæ йæ афарстон, зæгъын, искæмæ æнхъæлмæ кæсыс? Уый ноджы ныфсæрмытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыди Гуыцмæзты Алеш. Кæд ын уæдмæ йе сфæлдыстадимæ зонгæ уыдтæн, уæддæр æй лæгæй-лæгмæ нæ зыдтон. Ныртæккæ иу рæнхъ чи ныффыссы, уый дæр йæхи стыр фыссæг фенхъæлы, уый та, ахæм курдиатджын уæвгæйæ, æфсæрмы кодта йæ къухфыст редакцимæ æрбахæссынæй. Ахæм уæздан æмæ фырнымд уыди».
Алешы цард æмæ сфæлдыстадыл диссаджы равдыст сарæзта библиотекæйы хайады хицау Сохъуырты Индирæ. Библиотекæйы æвæрд экраныл æм зæрдиагæй бакастысты изæры архайджытæ.
Бирæ сфæлдисын йæ къухы нæ бафтыд Алешæн, гуырдзиаг фыдгæнджытæ йын йæ уд аскъуыдтой, фæлæ кæй ныффыста, уыдонæн æмбал нæй. Чиныгкæсæг сын уайтагъд рахаты сæ арф хъуыды, сæ фарн. Æз ын абон мæ цыбыр уацы йе сфæлдыстад не ‘взардзынæн, фæлæ æрмæст йæ роман «Дæ уды фарн» æмæ йæ радзырд «Урс фынтæ» æз ницавæр уацмыстимæ абарин. Æркæсæм-ма йын йæ «Урс фынтæй» цы скъуыддзаг æрхæссон, уыцы базырджын ныхæстæм:
«Е, Местъа, æцæгæлон лæджы дæ зæхмæ куы ‘рбауадзай, уæд ын фæстагмæ йæхи хицау скæны. Дæлæ Къæдзхуымты Гуыбылæйттæй дарддæр чи царди? Уый фæстæ дзы сæ хæрæфырт Чакианиты æрцæрын бауагътой. Æмæ ма дзы ныр Гуыбылæйтты мыггагæн исты ис? Чакианиты баци.
— Уый раст зæгъыс. Æцæгæлоны дæ зæххы тæфтыл ма хъуамæ ауадзай. Цард зæххæй у, æмæ дын дæ зæххы гæппæлæн исчи куы схицау уа, уæд æм дæ фырттæ та æххуырсты цæудзысты».
Хуыздæр зæгъæн нæй.
Уыдонæй дарддæр ма фыссæджы сисы бынæй бирæ хорз уацмыстæ рацыди, зыны сыл стыр курдиаты æрмдзæф: «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу», «Райстбавæрд зæгъинæгтæ», «Азарут иронау, лæппутæ», «Кæстæр лæппуйы аргъау», «Царды зыд» æмæ æндæртæ. Ахæм уацмыстæн нæй мæлæт, семæ цæрдзæн сæ авторы ном дæр.
Алешæн дæр Хуссар Ирыстоны нæуæдзæм азты хъаймæты бирæтау уыд йæхи æдасдæр ранмæ айсæн, фæлæ йæ йæ сæрмæ нæ бахаста. «Мæ риуы æмбæрц уæддæр бахъахъхъæндзынæн Ирыстоны», — уыд-иу йæ ныхас, æмæ йын йæ зæрдæ милмæ систой, горæт хъахъхъæнгæйæ, фæмард.
Стыр бузныг зæгъын хъæуы Мурасты Риммæ æмæ библиотекæйы коллективæн, фыссæджы ном сæнусон кæныныл зæрдиагæй кæй бацархайдтой, уый тыххæй. Фæлæ стыр хъыгаг у, хæрзчысыл адæм кæй æрбацыд, уый. Алешы хуызæн фыссæг цы адæммæ уа, уыдон ын йæ номæн дæр хъуамæ табу кæной. Нæхæдæг нæ хуыздæртæн аргъ куы нæ кæнæм, уæд æндæр искæй цæмæн хъæуæм? Кæм уыдысты, йæ номæй йын ард чи хордта, йæ уыцы хæлæрттæй ма чи ис, уыдон? Кæм уыдысты йæ бинонтæ, хæстæг, къабæзтæ? Фæрстытæ бирæ, дзуапп — нæй. Афтид залмæ кæсгæйæ, зæрдæ скъуыдтæ кодта…
ДЖУСОЙТЫ Нинæ














