Паддзахадон æххуыс

0
26

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд æмбырд. Ныхас цыдис, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Советы уынаффæ «РЦИ-Аанийы социалон-экономикон рæзты паддзахадон æххуыс»-ы тыххæй фарста нæ республикæйы æххæстгонд куыд цæуы, уый фæдыл.

Документ райстой 2024 азы октябры, республикæйы бонтæ Уæлдæр палатæйы куы цыдысты, уæд, уыцы мадзалы кæронбæттæн хатдзæгтæм гæсгæ. Æмбырды, видеоконференцийы бастдзинады фæрцы архайдтой Федерацийы Советы Цæгат Ирыстоны сенатор Виталий Назаренко, РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ, нæ республикæйы министртæ æмæ профилон ведомствæты разамонджытæ.

Архайджытæ æркастысты, нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты нысантæ куыд æххæстгонд цæудзысты дарддæр, уыцы фарстамæ. Ныхас цæуы, æнæниздзинад, социалон къабаз, культурæ, ахуырад æмæ спорты уавæр фæхуыздæр кæнын æмæ ног инфраструктурæ саразыныл. Документы ис 35 нысаны, сæ фылдæр абоны онг лыггонд æрцыдысты. Ныр та куыстытæ цæуынц Æрхонкæ, Хохы Саниба æмæ Хъæрмæдоны иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад, Джызæл-Хъæрмæдон-Дæргъæвс-Дзуарыхъæуы фæндаджы реконструкцийыл. Уымæй уæлдай, Беслæны райдыдта Сывæллæтты аивадон скъолайы арæзтад, цæугæдон Фыййагдоны былтæ фидар кæныны куыстытæ, рацарæзт цæуы Æрæфы районы доны системæйыл, æххæстгонд цæуынц проекттæ туризмы къабазы. Æхцайы радон æххуыс дарддæр лæвæрд цæудзæн коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæ, культурæ æмæ æнæниздзинады объекттæн.

– Федерацийы Советы Уынаффæйы нысантæ æххæст кæныны хъуыддаг нæ республикæйæн вазыгджын хæс у. Уыдон бæлвырд комплексон мадзæлттæ сты социалон-экономикон фарстатæ æххæст кæнынæн. Нæ хæс у, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынд нысанты бындурыл, федералон центры гæнæнтæй спайда кæнгæйæ, æппæт фарстатæ дæр афоныл сæххæст кæнын, – загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар профилон æмæ хицауиуæггæнæг оргæнты разамонджытæн бафæдзæхста сæ куысты бæрæггæнæнты тыххæй æмæ сæвзæрæг фарстаты фæдыл хъусынгæнинæгтæ йæм æрвитын. Дзанайы-фырт ма фæнысан кодта, паддзахадон æххуыс æххæст кæныны архайды, Федерацийы Советы æмæ нæ республикæйы минæвæрттимæ лæмбынæг æмархайд, æнæмæнг хъуыддаг кæй у, уый.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here