Зынгсирвæзт не ‘руадзыны нысантæ

0
17

Цæгат Ирыстон йæхи дарддæр цæттæ кæны æвзарæн кампанимæ. Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон сæйраг управленийы кусджытæ æппынæдзух æвзарæн хæйттæм видеоцæстдарды руаджы сæ хъус дарынц.

Ацы ведомствæ егъау хъуыддæгтæ сарæзта, цæмæй æвзæрстыты рæстæг æвзарæн хæйттæ зынгсирвæзты цаутæй хызт уой. Зынгсирвæзты ныхмæ паддзахадон цæстдарды оргæнтæ рагацау æвзарæн бынæтты скодтой зынгсирвæзт не ‘руадзыны мадзæлттæ. Уæлдай æргом аздæхтой æвзæрстытæн бæрнон уæвæг адæмы сахуыр кæнынмæ, уыдонимæ сты объектты разамонджытæ, æппæт персонал.

Зынгсирвæзты ныхмæ кусджытæ бацамыдтой, цавæрдæр æнæнхъæлæджы цауты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, зæгъæм, зынгсирвæзт æрцыд, уæд кæцæй æмæ цæмæй хъуамæ райдайой сæ бавнæлд. Цы фæрæзты хицæуттæ сты, ома, зынгсирвæзт ахуыссын кæныны фадæттæй куыд спайда кæндзысты. Æвзæрстытæ цы объектты уыдзысты, уым скодтой зынгсирвæзты-тактикон ахуыртæ. Уымæй уæлдай, бæстыхæйтты æдде цы доны бæрцуæттæ ис, уыдоны уавæр дæр сбæрæг кодтой.

Хъæлæс кæныны бонты æппæт æвзарæн хæйтты дæр рады уыдзысты зынгсирвæзты ныхмæ службæты уæнгтæ. Куыддæр сæ радмæ бахизой, афтæ уал сбæрæг кæндзысты бæстыхæйтты уавæр, эвакуацийы фæндæгтæ, зынгсирвæзты ныхмæ фæрæзтæ, фыццаградон фæрæзтæ. Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон сæйраг управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Веретенников куыд зæгъы, афтæмæй æвзарджыты æдасдзинад у æппæты ахсджиагдæр хъуыддаг.

«Мах рагацау стыр куыст бакодтам, æппæт вазыгджын фарстатæ равзæрстам. Хъæлæс кæныны бонты æвзарæн хæйтты рады уыдзысты нæ службæйы уæнгтæ, æмбæлгæ фæрæзтæ. Æмхуызонæй кусдзыстæм сæрмагонд фæткы. Æвзарæн къамисты уæнгтимæ, администрацитимæ иумæ архайдзыстæм æвзæрстытæ æдасæй скæныныл», – фæбæрæг кодта Сергей Веретенников.

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон сæйраг управленийы кусджытæ æвзæрстыты рæстæгмæ æппæт æмбæлгæ мадзæлттæ аразынц, зынгсирвæзт не ‘руадзыны хъуыддæгтæ кæнынц.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here