2026 азы Социалон фонды республикон хайадæй санаторитæм балцæгтæ райстой Цæгат Ирыстоны 1000 федералон уæлбароны.
Уæрæсейы Социалон фонды Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы хайад регионы федералон уæлбаронтæн санаторон – курортон дзæбæх кæнынæн арвыста 44 милуан сомæй фылдæр. Ацы аз балцæгтæ райстой республикæйы 1000 цæрæджы.
Санаторон – курортон лæвар дзæбæх кæныны бар ис федералон социалон æххуыс кæмæ хауы æмæ социалон лæггæдты къорды ахæм лæггæдтæ чи равзæрста, уыцы граждæнтæн. Балцæгтæ лæвæрд цæуынц медицинон æвдисæнтæ æмæ радмæ гæсгæ.
«Санаторон – курортон дзæбæхгæнæн æххуыс кæны æнæниздзинад сфидар кæнынæн æмæ хъæугæ реабилитацийы ацæуынæн. Уæрæсейы Социалон фонд балцæгтæ дæтты федералон уæлбаронтæн, уыимæ уæлдæй æргом здахы лæггæдты æгъдау нæ халынмæ æмæ медицинон амынддзинæдтæ нымайынмæ», – фæбæрæг кодта Уæрæсейы Социалон фонды Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы хайады разамонæг Милдзыхты Аслан. Балцæгтæй фæстæмæ социалон æххуыс райсджытæн сæ бон у дзæбæх кæнынмæ кæдæм цæуынц, уырдæм æмæ фæстæмæ лæвар фæндаггагæй спайда кæнын. Ахæм æххуысæй сæ бон спайда кæнын у инвалид сывæллæттимæ æмæ 1 къорды инвалидтимæ чи цæуы, уыдонæн.
Цæмæй балцæг райсой, уый тыххæй медицинон организацийæ райсын хъæуы №070 формæйы справкæ æмæ Уæрæсейы Социалон фонды хайадма курдиат бадæттын. Документтæ арвитæн ис паддзахадон лæггæдты портал Уæрæсейы Социалон фонды клиентон службæ кæнæ МФЦ-йы фæрцы.
Социалон лæггæдты къорд натуралон хуызы райсын кæй фæнды, кæнæ сæ ног азæй фæстæмæ лæггæдтæ æндæр хуызы исын кæй фæнды, уыцы граждæнтæ хъуамæ курдиат бадæттой 1 октябры агъоммæ. Документ арвитæн ис паддзахадон лæггæдты портал, Уæрæсейы Социалон фонды клиентон службæ кæнæ МФЦ-йы фæрцы. Уыцы курдиат йæ тыхы уыдзæн, цалынмæ гражданин не сфæнд кæна йæ хъуыды аивын.
Иугонд контакт-центр: 8-800-100-00-01 (центрмæ лæвар фæдзурыны бар: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9 сахатæй 18 сахаты онг, майрæмбоны та 9 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ














