Сæ рагфыдæлты уæзæгмæ цæуыны бар Турчы цæрæг ирæттæн куы фæци уæдæй фæстæмæ, гæнæн æмæ амалæй ссæуынц Ирыстонмæ. Афтæ, Æлбегты Лейлæ дæр фыццаг хатт куы ‘рлæууыд ирон зæххыл, йæ сыгъдæг уæлдæфæй йын риуыдзаг куы сулæфыд, цъитиджын хæхтыл йæ цæст куы ахаста, уæд ма йæхицæй амондджындæр кæм уыдис.
– Мæ хистæртæй куыд хъуыстон, фæлтæрæй- фæлтæрмæ кæй лæвæрдтой, уыцы раныхасмæ гæсгæ, нæ фыдæлтæ цардысты Уæлладжыры комы, Садоны. Цыдæр аххосæгты тыххæй Æлбегтæ хæхбæстæй рацыдысты быдырмæ æмæ ‘рцардысты Заманхъулы. Дарддæр, историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хуыздæр цард агурæг афтыдысты Туркмæ. Дард фæндагыл цы зындзинæдтæ, цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уый тыххæй та дам-иу никуы дзырдтой нæ фæрнджын хистæртæ. Мæхи цас хъуыды кæнын, уыйбæрц уыдтон, куыд мысыдысты æмæ куыд бæллыдысты Ирыстонмæ ссæуынмæ, уый.
Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Мæ фыдыфыд Æлбегты Хамырзæ, мæ фыдымад Саламты Елдыз нын-иу, æнкъардæй дардмæ кæсгæйæ, арæх дзырдтой Иры зæххы тыххæй, фæндыд сæ, цæмæй уарзæм æмæ зонæм нæ мадæлон æвзаг. Бирæ сывæллæттæй сæ цуры хъомыл кодтам, бахъахъхъæдтам нæ ном, æгъдæуттæ, ирон фарн нын тынг зынаргъ у. Нæ мадымад та Куындыхатæй уыдис. Йæхæдæг хорз арæхст æмæ мах дæр хуыйын, бийыныл ахуыр кодта. Абон дæр цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм, сæ фæлмæн къухтæй кæмæ æвнæлдтой, уыцы рагон дзаумæттæ – арынг, рæхыс, къæрта, гогон, тебæ, суанцъы, гыццыл куырой. Суанг ма мæ фыдыфыдæн йæ фыды хъама дæр æфснайд у. Махæн зынаргъ сты, ног фæлтæртæ дæр сын аргъ кæндзысты.
Мæнæн дæр ме стыр бæллиц сæххæст 2009 азы. Кæдæй уæдæй ссыдтæн Ирыстонмæ. Садонæн фæкодтон мæ уарзон ныхæстæ, салæмттæ йын радтон дард Турчы бæсты ирæттæй. Фембæлдтæн бынæттон цæрджытимæ, уыдысты Битартæй, Икъатæй, Æлбегтæй. Садонæй мæ мæ къах нал хаста. Бæрзæндыл æртыдтон алыхуызон рæсугъд дидинджытæ, чиныджы сыфты сæ бавæрдтон, уый фæстæ сæ ныв сарæзтон æмæ йæ хæдзары къулыл бакодтон. «Уыдон садойнаг дидинджытæ сты» – сæрыстырæй фæзæгъын алкæмæн дæр, – дзуры Лейлæ.
Ацы аз дæр та Лейлæ йæ хо Сухейдæимæ радон хатт ссыд Ирыстонмæ. Архайдтой ирон бæгæныйы стыр фестивалы. Йæ ныхасмæ гæсгæ, туркаг ирæттæй рох уыд ирон бæгæны фыцыны сусæгдзинад. Фыхтой æрмæст къуымæл. Ныр алы аз дæр бæрæгбонмæ сцæттæ кæнынц чъиритæ, сфыцынц нæртон бæгæны. Лейлæ у амалхъом адæймаг, адæмæн уарзон у йæ ресторан «Фыдджын», Национ-культурон æмæ хæрзаудæн фонд «Алан»-ы уæнг кæны стыр æхсæнадон куыст. Уымæй уæлдай, Лейлæйы хъæппæрисæй арæзт цæуы чиныг. Бакæсæн дзы уыдзæн ирон мыггæгты тыххæй, рагон национ хæринæгтæ æмæ культурон царды тыххæй.
Хицæнæй дзы фыст уыдзысты, сæ мæгуыр, се ‘гуыдзæг царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй, Туркмæ куыд афтыдысты не ‘мзæххонтæ, цы фæндæгтыл фæцыдысты, сæ куыстуарзондзинад æмæ ‘гъдауы тыххæй сæхи куыд бауарзын кодтой бынæттон адæмæн. Лейлæ куыд зæгъы, афтæмæй ног чиныг фыццаг рацæудзæн туркаг æвзагыл, стæй та англисаг æвзагыл дæр. Ныртæккæ фидæны чиныгæн æрмæг æмбырд кæнынц, чи сæм фæкæса, уыдонæй бузныг уыдзысты.
Æлбегты Лейлæйæн Ирыстоны ис бирæ хорз æмбæлттæ. Уыдонæй иу у нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Битарты Ларисæ. Ларисæйы фæндонæй нæ хотæ Лейлæ æмæ Сухейдæ бабæрæг кодтой газет «Рæстдзинад»-ы редакци, æмæ сын арфæ кæнæм. Нæ иннæ фембæлдмæ!
Гугкаты Жаннæ














