Юрий Лужковы кадæн

0
19

Беслæны скъолайы къулыл фæзынд Мæскуыйы раздæры разамонæг Юрий Лужковы мемориалон фæйнæг. Ацы зæрдылдарæн хъуыддаджы архайдтой хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, Юрий Лужковы бынты рæзты фонды хицау Геннадий Теребков, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ.

Ацы мемориалон фæйнæджы руаджы Юрий Лужковы бавæрæн Беслæны рæзт æмæ горæты цæрджытæн æххуысы хъуыддæгтæ рох нæ уыдзысты. Уый  2004 азы,  1-3 сентябры террористон акты фæстæ Беслæны сарæзта дыууæ скъолайы, уыдонимæ – мæнæ ныртæккæ мемориалон фæйнæг кæй къулыл фæзынд, уыцы скъола дæр.

Юрий Лужков йæхæдæг дæр 2005 азы сæмбæлд Беслæны æмæ архайдта уыцы дыууæ скъолайы байгом кæныны. Уæрæсейы Президент Владимир Путин бафыста, 2026 азы Юрий Лужковы райгуырды 90 азы сбæрæг кæныны тыххæй Указ. Йæ раныхасы Геннадий Теребков куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æнæхъæн бæстæйы цы зæрдылдарæн хъуыддæгтæ арæзт цæуынц, уыдоны ‘хсæн ацы мемориалон фæйнæг у æппæты ахсджиагдæр. Уыцы хъуыддаджы бантыстмæ йæ хъус дардта Юрий Лужковы идæдз Елена Батурина.

Беслæны бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here