Сæ арæхстдзинад равдыстой

0
16

– Мæнæн æхсызгон у, Грознайы цы «Кубок защитников Отечества» ацыд, уым нæ ветеранты къухы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтыд, уый. Йæ телеграм-каналы уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.

Валерий Васильев, Боциты Тотрадз æмæ Цыхуырбаты Зауырбег систы уæлахиздзаутæ, цы спорты хуызы архайынц, уым: Валерий – стъолыл теннис коляскæтыл, Тотрадз – фатæй æхсынæй, Зауырбег та – кæрдтæ садзынæй. Нæ республикæйы иугонд командæ аккаг бæрæггæнæн кæй равдыста, уымæ гæсгæ бацахста иугонд командæйы фыццаг бынат.

– Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæнын, уыдонæн æппæтæй æххæст царды æмæ сæхи равдисыны уавæртæ аразын у нæ сæйрагдæр хæстæй иу. Ахсджиаг у, сабыр цардмæ раздæхгæйæ, не ’фсæддонтæн цæмæй сæ бон уа сæ фæндтæ æмæ сæ арæхстдзинад равдисын, спорты архайын, амалхъомад, ахуырад æмæ æндæр къабæзты, – фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.

– Сæрыстыр дæн нæ лæппутæй. Мæн уырны, разæй сæм ноджы фылдæр уæлахизтæ кæй æнхъæлмæ кæсынц. Арфæ кæнын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн царды сæхи ссарын æмæ ныфсджынæй размæ цæуынæн чи ‘ххуыс кæны, уыдонæн, – ныффыста республикæйы Сæргълæууæг.

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here