Зæрин хуры хæрдгæ тынтæ æрвон тыгъдады куы аивылынц, уæд æй æрвылрайсом тындзгæ фенæн вæййы йæ уарзон, Къорайы дæлфæдтæм æрæнцайæг Урсдоны скъоламæ. Ам æм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц, физикæйы арф зонындзинæдтæй кæй удварн хъæздыг кæны, уыцы ахуырдзаутæ – æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ. Йæ цымыдисаг, мидисджын уроктæм ын разæнгардæй фенхъæлмæ кæсынц. «Кæцы урок тынгдæр цæуы уæ зæрдæмæ» сæ куы бафæрсай, уæд, æнæмæнг, «физикæ» зæгъдзысты. Арæх ын æрымысынц йæ мидисджын уроктæ математикæйæ дæр. Æмæ куыннæ уой ахæм куырыхон зондамонæгæй райгонд!
Ахуыры фæндагыл æрлæууыд йæ райгуырæн Сындзыхъæуы, райдиан кълæс-ты ам ахуыр кодта Саууойты Фиолетæ. Фæзминаг, дæнцæгæн хæссинаг йе ’гъдау, йе ’фсармæй Саууойты чызгыл сæ цæст æрæвæрдтой фæстæдæр, Дзæуджыхъæуы æртын æртыккæгæм скъолайы ахуыргæнгæйæ, йæ зондамонджытæ. Ардæм æй йæ уарзон хистæр æфсымæртæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ Славик, Радик æмæ Валерик сразæнгард кодтой.
Æнтыстджын, иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст æй фæуæвгæйæ йе ’взонджы бонты йæ зæрдæйы сæвзæрд рухс бæллиц – зондамонæджы дæсныйад райсын.
Адæймаг куы райгуыры, уæд йæ ныййарджытæн, йæ бинонтæн, хиуæттæн свæййы ныфс, йемæ фæбæттынц сæ фидæны бæллицтæ. Стыр амонд у ныййарæджы фæндиаг фæуын. Уыцы амондæй хайджын фæци нæ куырыхон Фиолетæ. Æмæ, «туг хæссы», фæзæгъынц. Чи зоны, йæ уарзон фыд, йæ фыццаг зондамонæг, райдайæн кълæсты разагъды ахуыргæнæг Павел (Пълан) уыди йæ разæнгардгæнæг ахуыргæнæджы дæсныйад райсынмæ. Йæ куырыхон фыды зондахастыл-иу дисæй марди. «Никуы йæ федтон хъæрæй дзургæ, хъæргæнгæ нæ, фæлæ, уæзданæй-иу нын бауайдзæф кодтаид бахъуаджы сахат», – мысы Фиолетæ. Хъæздыг удварны хицау Пълан разæнгардæй куыста фæстæдæр райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй Текъатыхъæуы. Сæрыстыр дзы уыдысты, бæргæ, скъолайы разамынд, фæлæ, царды фæзилæнтæн базонæн нæй, фæзæгъынц. Йæ уарзон цыппар хъæбулы дарынæн æй фылдæр фæрæзтæ кæй хъуыди, уымæ гæсгæ йæ йæ дæсныйадæй йæхи фæиппæрд кæнын бахъуыди, Зджыды шахтæйы кусын райдайгæйæ. Йæ хъæбулты хъомыл кæныны сагъæс бакъуылымпы кодта Фиолетæйы ныййарæг мад, педагогон училищæ фæуæг Темыраон Хадизæты йæ дæсныйадыл кусын.
Æмæ, æвæццæгæн, æцæгæйдæр, «туг хæссы». Чи зоны, зондамонæджы дæсны-йадмæ цымыдисдзинад æм йæ уарзон ныййарджытæ Павел æмæ Темыраон Хадизæт, йæ хистæр æфсымæр Валерикæй, ныртæккæ дæр æнтыстджынæй Дзæуджыхъæуы «Алани»-йы гимназы математикæйы разагъды ахуыргæнæгæй чи кусы, уыдонæй фæзынд. Замманайы зондамонæг, математикæйы арф зонындзинæдтæй æрыгон фæлтæры ифтонг кæны Светланæ, йæ зонынджын, хæдæфсарм чызг Æрыдоны фыццæгæм скъолайы.
Фиолетæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты физикон-мактематикон факультеты. Ам дæр ын æнæ бафиппайгæ нæ уыдысты йæ зондамонджытæ йæ тырнындзинад ахуырмæ, æхсæнадон архайдмæ. Йæ бæрны йын кодтой, æнæзивæгæй кæй æххæст кодта, ахæм ахсджиаг мадзæлттæ дæр. Наукон-иртасæн куыстыты секторы разамонæг, фæскомцæдисон комитеты нымæрдар æмæ бирæ æндæр мадзæлттæн лæвæрдта аккаг разамынд.
Æнтыстджынæй, зæрдæрайгæйæ йæ ахуыр кæронмæ куы фæхæццæ, уæд Хъарманы астæуккаг скъолайы директор дзæнæтыбадинаг Бытъæты Павелы фырт Джек ахуырады министрадмæ курдиат ныффыста, цæмæй сын Фиолетæйы се скъоламæ кусынмæ æрæрвыстаиккой, уый тыххæй. Æмæ йын сæххæст кодтой йæ курдиат. Зæрдырай уыди Бытъæйы-фырт, ахæм æвæджиауы зондамонæг кæй æрбафтыд йæ коллективмæ, уымæй. Разы, тынг разы уыди, йæ арф зонындзинæдтæй физикæйæ рæзгæ фæлтæры удварн куыд хъæздыг кодта Саууойты чызг, уымæй. «Ахæм ахуыргæнджытæ нæм фылдæр куы уаид, бæргæ» – арæх-иу хъуыды кодта Хъарманы скъолайы разагъды разамонæг. Зæрдæрухс уыди, бæргæ, йæхæдæг дæр Саууойон, фæлæ, æцæгæйдæр, царды фæзилæнтæн базонæн нæй.
Хъысмæты рæвдыдæй йæ амонд ссардта Къорайы хъæубæсты фидауц, хæрзконд, уæздан Хъайтыхъты Чермены фæрныг хæдзары Фиолетæ. Ам дæр та йæ хъæздыг миддунейæ бауарзын кодта йæхи бинонтæ, сыхбæстæ, хиуæттæ æмæ æгас хъæубæстæн. Нæ вæййы хъæубæсты ахæм цины хъуыддаг, зианы кæнд, уæздан Фиолетæ аккаг лæггад кæм нæ бакæны. Амондджын хуыдтой сæхи Хъайтыхъты æнгом бинонтæ, ахæм замманайы чындз сæм кæй æрбакуывта, уымæй. Сæрыстырæй-иу дзы æппæлыд йæ уарзæгой æфсин Цакъоон Лизæ. «Мæ чындзы хуызæн зын ссарæн у, ахæм, æвæццæгæн, никæмæн ис», – æппæлыди-иу йе ’мцахъхъæн сыхаг сылгоймæгтæн.
Æрыгон адæймагмæ ис хъару, тырнындзинад, ныфс, æмдзу кæны рæстæгимæ, адæмы ’хсæн цæры кадимæ. Ахæмæй зонынц Фиолетæйы, йæ рæз кæм хаста йе ’взонджы бонты, уыцы уарзон Сындзыхъæу, йæ дарддæры цардвæндагыл кæм лæууы, уыцы Къорайы хъæубæстæ. «Аив – йæ бакаст, аив – йе сныхас, аив – йæ рацыд» кæмæй фæзæгъынц, ахæм у Хъайтыхъты уæздан чындз. Æрдз сылгойма-джы удварн цы рæсугъд миниуджытæй сфæлыста, уыдонæй ницæмæй фæиппæрд кодта Саууойты саурæсугъд чызджы: уæздан, хæрзæгъдау, адæмуарзон, Сатанайау бæркадкъух, адæймагдзинадæй йедзаг – ахæмæй зонынц Фиолетæйы æгас Къорайы хъæубæстæ, фæстæдæр æй хъысмæт кæдæм «афæндараст» кодта, уыцы уарзон, Къорайы дæлфæдтæм æрæнцайæг Урсдоны фарастазон скъолайы. Йæ арф зонындзинæдтæй рæзгæ фæлтæры ам дæр ифтонг кæны физикæйы мидисджын дунейæ. Æмæ кæд цыппор азæй фылдæр рацыд скъолайы къæсæрæй йæ фыццаг бакъахдзæфæй, уæддæр йæ зæрдæ нæ ивы йæ дæсныйадыл. «Сабиты рухс цæсгæмттæм цы бон нæ кæсын, уый мын ад дæр нæ кæны», – зæгъы Фиолетæ. Æмæ, дам, цы байтауай, уый æркæрддзынæ. Йæхæдæг сыл куыд æнувыд у, афтæ æгæрон аргъ ын кæнынц йæ уарзон фæдонтæ дæр. Цины, сæрыстырдзинады уылæнтæй куыннæ байдзаг вæййы йæ фæлмæн зæрдæ, йæ кæддæры ахуырдзаутæ, абоны ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæ æмæ æндæр дæсныйæдты аккаг минæвæрттæй арфæйы фыстæджытæ райсгæйæ.
Кад æмæ радимæ хæссы Фиолетæ Павелы чызг куырыхон зондамонæджы кадджын ном йæ уарзон Урсдоны скъолайы. Никуы дзы ничи фехъуыста дæрзæг ныхас, алкæй зæрдæмæ дæр ары фæндаг. Уымæн дзы уыдысты афтæ райгонд, сæрыстыр, фынддæс азæй фылдæр скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæгæй ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæн аккаг разамынд куы лæвæрдта, уæддæр. Æгæр бирæ хæрзиуджытæ – ирд æвдисæн йе ’нувыд фæллойæн. Разы дзы сты скъолайы разагъды директор Дзбойты Аслан, ахуыры хайады ныры сæргълæууæг Кацанты Дианæ дæр.
Æмæ, дам, «зæххыл нæй ахæм хорз бæлас, æмæ æвзæр дыргъ чи дæтты». О, йæхийау æвæджиауы хъæздыг удварны хицæуттæ, адæмуарзон рауадысты, йæ уарзон цардæмбал Черменимæ дунейы рухсмæ кæй рауагътой, царды уæрæх, раст фæндагыл кæй æвæрдтой сæ сабибонты, уыцы æгъдау, æфсармæй дæнцæгæнхæссинаг кæстæртæ, уарзон хъæбултæ. Йæ сабидуджы, йе ’взонджы бонты Саууойты чызгæн йæ уарзон ныййарджытæ йæ дадзинтæ цы рæсугъд миниуджытæй ифтонг кодтой, уыдонæй йæхæдæг та æнæвгъауæй рæвдыдта йæ уарзон хъæбулты.
Зæринæ æмæ Эльвирæ æнтыстджынæй каст фесты Медицинон академи æмæ сæ дæсныйадыл зæрдиагæй кусынц, адæмы æнæниздзинады сæргъы лæууынц. Батрадз – Аграрон университеты аккаг рауагъдон. Æнцойбонты сæ райгуырæн уæзæгыл куы сæмбæлынц, уæд сæ уарзон ныййарджыты зæрдæтæ цины уылæнтæй куыннæ байдзаг вæййынц! Гъемæ Фиолетæ, нæ зынаргъ, афтæ парахатæй ивылæд цин уæ зæрдæты æнусы бонмæ! Фиолетæ, Саууойтæ æмæ Хъайтыхъты сæрыстырдзинад, афтæ æнувыдæй кæмæн лæггад кæныс дæргъвæтин рæстæг, уыцы адæмы фарнæй къæдзæхау нæрæд кадджынæй дæ ном дæ сæдæ азы бонмæ!
БАГАТЫ Сафирæт,
Хъарман-Сындзыхъæу














